Кæд æрыгон æмæ хъæппæрисджын дæ, уæд аразæджы дæсныйад равзар! Дзæуджыхъæуы Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты ацы дыууæ боны цæудзæн фæсивæдон форум «Æрыгон специалист – фидæн аразæг». Уый арæзт цæуы Архитектурæйы азы фæлгæты.
Форумы сæйраг нысан фæсивæды ’ргом арæзтады къабазмæ æрбаздахын, арæзтады чи кусы, уыцы дæсныйæдты кад бæрзонддæр сисын, стæй ахуырадон уагдæтты æмæ куыстдæтджыты æмгуыстад фæпарахатдæр кæнын.
Ахæм форум ныр Уæрæсейы алы горæтты цæуы 47-æм хатт. Йæ саразджытæ — Уæрæсейы Арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, «РосКапСтрой» Цæгат Ирыстоны Хицауады æххуысæй.
Экономикæйы фыццаградон къабаз – арæзтадимæ йæ цард, йæ дæсныйад бабæттын кæй фæнды, уыцы скъоладзаутæ, студенттæ, æрыгон специалисттæ, ахуыргæнджытæ, нæ бæстæйы æмæ регионы арæзтадон компаниты минæвæрттæ – сæмбырд сты иу фæзы. Æнхъæлмæ сæм кæсынц цымыдисаг мастер-класстæ, цæлхæмбырдтæ, куыстдæттыны армукъа, хъæлдзæг викторинæтæ æмæ квесттæ, уыимæ, æхсызгонæй абалц кæндзысты арæзтадон фæзтæм. Хи цæстæй фенынæй хуыздæр ма цы вæййы, фæлтæрдджын специалисттимæ аныхас кæнын, ног технологитимæ базонгæ уæвын. Гæнæн ис, æмæ бирæтæ сæхицæн практикæ, кæнæ куысты бынæттæ дæр ссарой.
Форумы архайджытимæ фембæлгæйæ æмæ сын зæрдиаг арфæ ракæнгæйæ, нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло загъта: «Аразæджы дæсныйад абон тынг æхсызгон хъæуы. Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институт кадджын уыд кæддæриддæр, алкæйы къухы не ’фты ардæм ахуырмæ æрбацæуын. Æмæ йын йæ кад бæрзонд хæссут. Æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ, ныфсджын къахдзæфтæ кæнут, ахуырмæ тырнут. Абон куыд архайат, уымæй аразгæ у уæ фидæн, уæ хъуыдытæ, уæ фиппаинæгтæ æргом дзурут. Сымах стут уæхи рæстæджы сывæллæттæ, æмæ æмдзу кæнут рæстæгимæ. Куыд аивдзæн цард, уый ничи зоны, кæд æнхъæл уыдысты мах фæлтæр, фидар Советон Цæдис, Коммунистон парти нал уыдзысты, уый?
Æрыгон азтæ куыд атæхынц, уый æмбаргæ дæр нæ бакæны адæймаг, уымæ гæсгæ аргъ æмæ пайда кæнут рæстæгæй. Ныртæккæ уæ сæйраг хæс у нысанмæ тырнын, раст фæндагæй иуварс ма ахизын. Уæхæдæг стут уæ цардаразджытæ. Мах, хистæртæ та уыдзыстæм уæ фарсмæ.
Цы кæнут, уый хуызæнæн, аив æмæ рæсугъд кæнут. Къахдзæф къахдзæфы фæстæ, зындзинæдты сæрты хизгæйæ, æнтыстджын уыдзыстут!
«РЦИ-Аланийы арæзтады министрмæ 25 фарстайы» — ахæм цæлхæмбырд дæр сарæзтой форумы архайджытæ. Студенттæ ныфсджындæр, уæндондæр, æнæфсармдæр цæмæй уыдаиккой, уый тыххæй министр Бетанты Марат йæ галстук дæр раласта.
Æмбырд амыдта «РосКапСтрой»-йы ахуырадон центры разамонæг Ирина Минина æмæ фехъусын кодта, æппæты цымыдисагдæр фарстатæ чи ратта, уыдонæн кæй уыдзæн зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Кæстæртæ активонæй архайдтой, фæндыд сæ базонын, мызд куы нæ фылдæр кæны, уæд фатерты квадратон метры аргъ цæмæн афтæ рæзы? Арæзтадон объектты хæрзхъæддзинадæй цæрджытæ хатгай разы нæ вæййынц. Чи сын дæтты дзуапп? Фæлтæрдджын кусджытæ хуыздæр мызды фæдыл цæуынц Мæскуы æмæ æндæр рæттæм. Уавæрмæ цы цæстæй кæсыс? Дæ студентон цардæй æхсызгондæр цы æрымысыс? – Ацы æмæ æндæр фарстатыл министр ратта бæстон дзуаппытæ æмæ фæсивæдæн бафæдзæхста, алчидæр уæ уарзæд йæ равзæрст дæсныйад, уæд уæ рауайдзæн хорз специалисттæ, зæгъгæ.
Гугкаты Жаннæ














