Кæддæр Нары сæрмæ зæрин хур скаст. Йæ тынтæ бахъарм кодтой Иры зæхх, ирон адæмы зæрдæтæ. Стыр Хуыцау нын балæвар кодта Къостайы æмæ уымæй хонæм амондджын нæхи. Йæ райгуырæн бон 15 октябры традицион ссис нæ республикæйы Ирон аргъуаны кæртмæ цæуын æмæ уым цытджын поэты рухс ном ссарын.
Къостайы ингæнмæ фæндагыл кæрдæг нæ зайы канд йæ райгуырæн æмæ мæлæн бонты нæ, уымæн æмæ ардæм æдзухдæр цæуджытæ ис. Акæсæн нæ уыд знон дæр Пантеоны фæзмæ. Поэтæн кад скæнынмæ дидинджыты бæстытимæ æрбацыдыс-ты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз, Дзæуджыхъæуы мэр Милдзыхты Вячеслав, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Алыбегты Эллæ, УФ-йы Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг, фыссæг Валерий Латынин, РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис, нæ бæстæ æмæ нæ республикæйы алы рæттæй фысджытæ, æхсæнады минæвæрттæ, нывгæнджытæ, скъоладзаутæ, ахуыргæнджытæ.
Кадджын бæрæгбон байгом кодта æмæ Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй радзырдта Хозиты Барис:
– Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста райгуырд Нары. Дзырд «Нар» рагон адæм – Хур хуыдтой. Æмæ абон дæр хур хуымæтæджы нæ ракаст. Ацы бон, кæддæр, 167 азы размæ Нары сæрмæ ссыгъд стъалы, уый нын абон дæр рухс кæны нæ фæндаг. Уыцы стъалыйæн та ис ном – Къоста. Хуыцау зæгъæд, æмæ Къоста, куыд адæмты иугæнæг, афтæ нæ æдзух æмбырд кæна алы рæстмæйы хъуыддæгты. Къоста æнæхъæн дуне йæ кувæн хуыдта, мах дæр абон лæууæм кувæндон бынаты кæрты. Ацы ран се ‘нусон æнцой ссардтой Ирыстоны раззагдæр æмæ кадджындæр хъæбултæ. Æмæ кæд Къостайы райгуырæн бон ардæм æрбацыдыстæм, уæд сæ арæм алкæй ном дæр. Зындгонд Шекспир йæ рæстæджы афтæ загъта: «Весь мир театр, а люди в нем – актеры». Къостайы ныхæстæ та æндæрхуызон уыдысты: «Весь мир мой храм, любовь моя святыня, Вселенная — Отечество мое». Нæ зæрдæ дардзыстæм, хæстæгдæр азты Къостайы ном кæй зæлдзæн бирæ æндæр æвзæгтыл. Мах, Фысджыты цæдисы уæнгтæ фæстаг азты бацархайдтам, цæмæй поэты «Ирон фæндыр» сдзура Иугонд Нациты Организацийы сæйраг æвзæгтыл. Ныридæгæн уал æхсæз æвзагæй Къостайы ном зæлы: англисаг, францаг, персайнагыл, архайæм китайаг æмæ араббаг æвзæгтыл дæр поэты «Ирон фæндыр» мыхуыры рауа-дзыны фарстайыл. Уымæй уæлдай, сарæзтам поэзийы Æппæтадæмон фестиваль «Осетинская лира». Ацы бонты фестивалы архайынц бирæ фысджытæ æмæ тæлмацгæнджытæ нæ бæстæ æмæ æндæр паддзахæдтæй. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ фестивалы арæнтæ уæрæхæй-уæрæхдæр кæнынц. Æрæджы рухс федта Ирон поэзийы антологи дæр. Уæрæсейы хуыздæр тæлмацгæнджытæ бакуыс-той ацы хъуыддагыл, æмæ сын стыр бузныг зæгъын.
Къостайы райгуырæн боны раныхас кодта нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уый загъта:
– Алы адæмтæм дæр ис сæхи классиктæ. Махæн та у Къоста, нæ ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг. Тынг бирæ азтæ рацыд, æмæ, Къостайы цы фарстатæ тыхсын кодтой, йæ зæрдæ цæуыл рыстис, уыцы темæтæ абон дæр ахсджиаг сты. Фæлæ йæ сæйрагдæр хæсыл нымадта адæмты æнгом æмæ иудзинад, бацархайын нæ адæмы ном æмæ æвзаг дунейы бæрзонддæр культурæйы æмвæзадмæ ракæнын. Æмæ йын бантыст, афтæмæй йæ ном сыгъзæрин дамгъæтæй бафыста Ирыстоны историйы. Цы адæммæ нæ уа классик, æвзаджы литературæ, уым нæй культурæ æмæ истори дæр. Къоста нæ хистæр у, æмæ ирон адæммæ та рагæй дæр хистæрты хъуыды кæнын нæ традициты ис. Нæхи дæр нын фæстæдæр кæстæртæ афтæ мысдзысты. Куы сæ ферох кæнæм, уæд райсом мах ном дæр рохуаты баззайдзæн, – загъта нæ республикæйы Сæргълæууæг.
Рæсугъд ныхæстæ загъта уырыссаг фыссæг Валерий Латынин дæр:
– Зынаргъ æмбæлттæ, абоны райдзаст боны фæдыл уын нæ бæстæйы Фысджыты цæдисы секретарь Владимир Мединский, УФ-йы Фысджыты цæдисы сæрдар Николай Иванов æмæ минæй фылдæр нæ минæвæртты номæй арфæ кæнын. Тынг æхсызгон нын у абон æртыккаг фестиваль «Осетинская лира»-йы Ирыстоны архайын. Фестиваль ссис Æппæтадæмон, æмæ рухс хæссы канд Ирыстон æмæ Уæрæсейæн нæ, фæлæ хæстæгдæр фæсарæйнаг бæстæтæн дæр. Къостайы сфæлдыстад хуымæтæджы нæ ахызт нæхи арæнтæй æмæ æрцард дунейы бирæ бæстæты. Кæддæр ирон адæмы рагфыдæлтæ – алантæ сæ фæд цы паддзахады нæ ныууагътой, ахæм нæ уыд. Къарол Артур æмæ тымбыл фынджы рыцарьтæ дæр алантæ уыдысты. Уыцы культ дарддæр цæуы Къостайы поэзийы хуызы, æмæ йын арæнтæ нæй. Фæнды мæ, цæмæй æнустæм цæра Къостайы ном æмæ йæ «Ирон фæндыры» фестиваль дæр, – загъта Валерий Латынин.
Дзæуджыхъæуы 30-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ аив бакастысты поэты алы азты фыст æмдзæвгæтæ, кæронбæттæны та Къостайы ингæныл иууылдæр дидинджытæ сæвæрдтой.
Саутæты Тамилæ,
къамтæ систа Татьяна Шеходанова














