Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг ГОБЕТЫ Ибрагим схорзæхджын кодта, 2026 азы æвзæрстытæ цæттæ кæнын æмæ сæ се скæныны хъуыддагыл уæлдай æхсызгондæрæй чи бакуыста, нæ республикæйы уыцы цæрджыты. Кадджын цауы архайдта РЦИ-Аланийы Æвзарæн къамисы сæрдар МОРГУАТЫ Жаннæ дæр.
Гобеты Ибрагим арфæ ракодта æвзарæн кампанийы архайджытæн æмæ загъта:
– Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй уын зæрдиаг арфæ кæнын, æвзæрстыты рæстæг бæрнондзинад кæй равдыстат æмæ зæрдиагæй кæй бакуыстат, уый фæдыл. Фарæстæм æрсидты Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ скодтам бæрзонд æмвæзадыл æмæ равдыстой, æмуд æмæ æмзонд кæй стæм. Уый у æппæт адæмы æнтыст. Не ‘ддаг знæгтæ нæм æртхъирæнтæ кодтой, фæлæ уæддæр техникон æгъдауæй æвзæрстытæ рауадысты æнæкъуылымпытæй. Хицæнæй арфæ кæнын дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæн, æвзæрстыты цыд раст æмæ æргомæй кæй æвдыстой, уый тыххæй. Фидæны æвзарæн кампанитæ цæттæ кæнын æмæ сæ аразыны хъуыддаджы дæр уæ куыст арфæйаг уæд.
Æвзæрстытæ æнтыстджынæй арвитыны тыххæй РЦИ-Аланийы Арфæйы фыстæджытæ лæвæрд æрцыд хицаудзинады паддзахадон æмæ муниципалон оргæнты разамонджытæн, ахуырадон æмæ æхсæнадон организациты хицæуттæн, стæй дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæн.
Дедегкаты Зæлинæ














