«Хъуыддæгтæ аразæг Уæрæсе»-йы съезд

0
21

Уæрæсейы Президент Владимир Путин видеобастдзинады руаджы скодта «Хъуыддæгтæ аразæг Уæрæсе»-йы Æппæтуæрæсеон æхсæнадон организацийы XXI форум-съезд. Нæ республикæйæ ныхасы архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей
Меняйло.

Бæстæйы разамонæг рæгъмæ рахаста, амалхъомады тынгдæр цы тыхсын кæны, Уæрæсейы экономикæ цавæр ивддзинæдтæ æвзары, федералон Хицауады æргом цæмæ аздахын хъæуы, уыдæттæ. Раздæр уал Владимир Путин амалхъомадон æмæхсæнадæн арфæ ракодта йæ равзæрды 25 азы тыххæй.

«Бирæ азты дæргъы амалхъомадон организаци архайдта сæрæн, размæ цæуæг амалхъомты алы къабæзты æрбаиу кæныныл. Фæндаджы райда-йæн «Хъуыддæгтæ аразæг Уæрæсе»-йы уæнгтæ уыдысты, нырма ныртæккæ чи бавнæлдта йæ архайдмæ, ахæм организацитæ. Рæстæг аивта, æмæ ныр систы нæ экономикæ размæхонджытæ, уыдонимæ – бæрзонд технологиты къабазы дæр. Уæдæ хомаджы экспорты сæхи æвдисынц дунеон кооперацион цæгтæ æмæ проектты. Кæцыдæр компанитæ промышленносты ног къабæзтæ сарæзтой, зæгъæм, æнæтæхæг авиацион системæты, робототехникæйы, æндæр ахæм вазыгджын хъуыддæгты», – загъта Владимир Путин.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, абон «Хъуыддæгтæ аразæг Уæрæсе» хъахъхъæны амалхъомады интерестæ, кусынц нæ бæстæйы алы регионы дæр, æвзарынц нырыккон бизнесы домæнтæ, паддзахадимæ сын аразынц æргом ныхасы фадæттæ. Организаци сæрæнæй архайы, амалхъомады рæзтæн нысанмæ арæзт национ хуызтæ аразыны, хъуыддæгты равг фидар кæны, регионты инвестициты стандарттæ размæ кæны. Президент фæбæрæг кодта амалхъомады хъæппæристæ рухстауыны, экологийы, культурæйы, бархионты, хæрзаудæн къабæзты.

Уæдæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, сæ бинонтæн, чи дзы фæмард, уыдоны бинонтæн æххуыс рохуаты нæ баззад. Амалхъомадон æмæхсæнад алы хъуыддаджы дæр йæхи æвдисы. Президент куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй амалхъомад дарддæр  дæр афтæ сæрæнæй архайдзæн бæстæйы æппæт хъуыддæгты. Нæ бæстæйы экономикæ размæ хондзæн, рæздзысты йæ къабæзтæ. Паддзахад кæддæриддæр уыдзæн хъуыддæгтæ аразыны фарс, йæ хъæппæристæм къæрцхъус. Амалхъомад фыдыбæстаг экономикæйыл кæй ахаддзæн, уый дарддæр дæр бæрæг дардзæн.

Амалхъомтæ Президентмæ раттой сæ риссагдæр, ахъаззагдæр фарстатæ, райстой дзуаппытæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here