Ныхас – ахсджиаг фарстатыл

0
23

Уыд РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Амыдта йæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО. Ныхас дзы цыд, республикон æмæ паддзахадон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Архайдтой дзы министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, муниципалон районты сæргълæуджытæ.

Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Томайты Ирбег фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр.

– Цæгат Ирыстоны ивгъуыд къуырийы дæргъы æвирхъау цаутæ бæрæггонд не ’рцыд. Регионы сæрмагонд службæтæ архайынц æрвылбоны цæттæдзинады уавæрты. 9 ноябрæй 15 ноябрмæ ахуыссын кæнын бантыст 23 зынгсирвæзты, уыимæ – хус кæрдæг дæр. Цæгат Ирыстоны автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы фæндæгтыл æрцыд 110 фæндаггон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 22 адæймаджы. Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтæ гом сты æппæт автотранспорты хуызтæн дæр. Республикæйы фæндæгтыл электронон рады æнхъæлмæ кæсынц 938 автотранспортон иуæджы. Уæрæсейы Федераци æмæ Гуырдзыстоны арæныл къуырийы дæргъы дыууæрдæм ахызтысты 22535 автотранспортон иуæджы æмæ 44410 адæймаджы, – загъта Томайы-фырт.

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон управленийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы ахуыссын кæнын бантыст 23 зынгсирвæзты, уыдонимæ – хус кæрдæджы сыгъд дæр.

9 ноябрæй 15 ноябрмæ республикæйы 158 фыдракæнды кæй æрцыд, уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад. Раргом кæнын дзы бантыст 103. Дзæуджыхъæуы цалдæр ахуыргæнæндонмæ æмæ базарадон центр «Алания-Молл»-мæ ивгъуыд къуыри æбæрæг фыдгæнджытæ барвыстой хъусынгæнинæгтæ террористон акты тыххæй. Хъусынгæнинæгтæ мæнг кæй уыдысты, уый барадхъахъхъæнæг оргæнтæ сбæрæг кодтой. Дарддæр æххæстгонд цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ.

«Роспотребнадзор»-ы регионалон хайады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы эпидемиологон уавæр у нывыл. ОРВИ-йæ рынчынты нымæц рæвдауæндæтты у 13,7 проценты, скъолаты та – 10,4 проценты. Дзæуджыхъæуы карантины æхгæд æрцыд иу къорд, Æрхонкæйы станицæ æмæ Советскоейы хъæуы та рæвдауæндæттæ æхгæд æрцыдысты æнæхъæнæй дæр. Ахуыргæнæндæттæ æмæ рæвдауæндæтты алы райсом дæр бæрæггонд цæуы сывæллæтты æнæниздзинад. Ног коронавирусон инфекци разынд авд адæймагмæ.

Сергей Меняйло аппаратон æмбырды æрдзон газдæттæг организацийы минæварæн бафæдзæхста карздæр цæстæй кæсын, æнæзакъонæй газы хæтæлтæ чи баиу кæны, уыдонмæ.

– Уыцы куыст хъуамæ кæнат æрвылбон дæр барадхъахъхъæнæг оргæнтимæ иумæ, – загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Ноджы ма Сергей Меняйло бахæс кодта, Елхоты Терчы доны сæрты хиды аварион уавæр сбæрæг кæнын.

Дарддæр ма республикæйы разамонæг бафæдзæхста, æхгæд ахуыргæнæн æмæ æндæр бюджетон бæстыхæйтты инвентаризаци саразын, кæй сты, уый сбæрæг кæнын.

Регионы разамонæг бæрнон ведомствæтæн бабар кодта, Хетæгкаты Къостайы номыл Центрон парчы æрæджы цы фонтан байгом, уым видеокамерæтæ сæвæрын. Улæфæн бонты цы информаци фæзынд, уымæ гæсгæ фонтаны алыварс быронæй байдзаг. Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийæн дæр бахæс кодта, улæфæн бынат æхсæвыгон патрультæ куыд хъахъхъæной, ууыл ахъуыды кæнын.

РЦИ-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хъараты Тимуры  ныхасмæ гæсгæ, бензин республикæйы ис фаг. Ивгъуыд суткæйы дæргъы республикæмæ æрбаластой 1584 тоннæйы бензин æмæ 1368 тоннæйы – дизелы артаг.

Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here