Ацы азы 15 октябры — ома, Хетæгкаты Къостайы райгуырды бон — кæй ратдзысты, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы цур Литературæ æмæ аивады къабазы Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы къамис уыцы премимæ бавдисыны фæдыл уацмыстæ дарддæр исы.
Документтæ исынц ацы азы 1 июны æмгъуыдмæ мæнæ ахæм адрисмæ гæсгæ: Дзæуджыхъæу, Сæрибары фæзы 1-æм бæстыхай (Хицауады хæдзар), 337-æм кусæнуат.
2016 азы январæй 2017 азы декабры онг кæй рауагътой, скодтой, равдыстой æмæ сарæзтой, Ирыстоны аивадон культурæмæ стыр æвæрæн чи бахаста æмæ дзыллæтæ райгондæй кæмæй баззадысты, ахæм авторон уацмыстæ æрныхас сыл кæнынмæ исынц.
Кандидатты бавдисынц æххæстгæнæг хицаудзинады æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ, æхсæнадон иугæндтæ, кусæндæттæ, ахуыргæнæндæттæ æмæ сфæлдыстадон коллективтæ. Хабæрттæ бæлвырд- дæр базонæн ис 53-08-22, кæнæ 53-33-94 телефонтæй.














