Цӕцӕны сӕйраг горӕт Грознайы байгом Уӕрӕсейы ӕппӕты стырдӕр Сывӕллӕтты хиирхӕфсӕн-дзӕбӕхгӕнӕн комплекс. Республикӕйы сӕргълӕууӕг Рамзан Кадыров Интернеты тыгъдады «Вконтакте» сайты йӕ сӕрмагонд фарсыл куыд зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ ацы комплексы сӕйраг хӕзна у йӕ дельфинарий.
«Дельфинари ӕрбынат кодта «Грознайы денджызмӕ» хӕстӕг, зӕгъӕн ис, баиу сты. Ацы инвестицион проект байгом кӕнынмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты айдагъ Грозна ӕмӕ Уӕрӕсейы нӕ, фӕлӕ фӕсарӕнты дӕр. Ацы объект сараздзыстӕм зӕгъгӕ, куы фехъусын кодтам, уӕд мӕм Иртернеты социалон хызты ӕрбацыд тынг бирӕ фыстӕджытӕ, иууылдӕр фарстой, кӕд байгом уыдзӕн, уый тыххӕй» — загъта Рамзан Кадыров.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ йӕ адӕм ӕмбарынц, ацы бӕстыхай айдагъ хи ирхӕфсынмӕ кӕй нӕу, фӕлӕ хи дзӕбӕх кӕнынмӕ дӕр. Йӕ фӕлгӕты сарӕзтой дон ӕмӕ дельфинты фӕрцы дзӕбӕх гӕнӕн клиникӕ. Нервыты низтӕй рынчын сывӕллӕттӕн та — хицӕнбассейн.
Бӕстыхай арӕзт у сӕтӕлӕджы хъузджы ӕнгӕс. Йӕ мидӕг ис цӕрӕгойтӕн улӕфынӕн ӕмӕ дрессировкӕ кӕнынӕн аст бассейны. Доны хъӕзтытӕм уыцы иу рӕстӕг сӕ бон кӕсын уыдзӕн 700 адӕймаджы бӕрцӕн. Дельфинарийӕ уӕлдай ма дзы ис динозаврты парк ӕмӕ тематикон аттракционтӕ. Уый хыгъд ма ног арӕзт бӕстыхайы комплексы ис автодром, фысымуат, сывӕллӕтты театр, арттракционты хицӕн парк, воркауты хицӕн фӕз, рагон хъӕуы хуызӕг, сырддон ӕмӕ чысыл ипподром. Йӕ зӕрдӕ кӕмӕн зӕгъа, уыдоны бон суыдзӕн национ хӕринӕгтӕй ацаходын доны астӕу цы хӕрӕндон ис, уым.
Сывӕллӕттӕн дзы хицӕнӕй ис хъазӕн фӕз, музыкалон уат, цӕлхдуртимӕ лабиринт конд сырдоны хӕдзӕрттӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр зӕрдӕмӕдзӕугӕ бынӕттӕ. Комплексы фӕлгӕты ма ис алыхуызон бӕхтӕ кӕм ис, уыдонимӕ шотландиаг пони дӕр, ахӕм парк.
«Ацы дельфинарийы кусдзысты 300 сӕдӕ адӕймаджы. Стыр бузныг зӕгъын Ахмад-Хаджи Кадыровы номыл Регионалон ӕхсӕнадон фонды президент Аймани Кадыровайӕн. Йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ ацы фондӕй дихгонд ӕрцыдысты ӕхцайы фӕрӕзтӕ. Ноджыдӕр ма мӕ арфӕ ракӕнын фӕнды Цӕцӕны республикӕйы Хицауады сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Ибрагим Закриев ӕмӕ Цӕцӕны республикӕйы Сӕргълӕууӕджы ӕххуысгӕнӕг, Ачхой-Мартаны районы сӕргълӕууӕг Тамерлан Хучиевӕн, ацы проект ӕххӕст кӕныныл зӕрдиагӕй кӕй архайдтой, уый тыххӕй, — загъта Рамзан Кадыров.
Касаты Аслӕнбег














