Ерысты рӕзынц фидӕны гроссмейстертӕ

0
578

Шахмӕттӕй хъазыны спортӕн ӕгас дунейы дӕр ис стыр ахадындзинад. Шахмӕттӕ ахъаз сты ӕрхъуыдыджын уӕвынӕн. Цӕмӕй дӕ ныхмӕлӕууӕгыл фӕуӕлахиз уай, уый тыххӕй равдисын хъӕуы, тохы быдыры ӕфсады разамонӕгмӕ цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, ахӕмтӕ. Ома, хъуамӕ уай дардмӕуынаг, хиуылхӕцгӕ ӕмӕ бирӕзонаг.

Ӕхсызгон у, нӕ республикӕйы ацы интеллектуалон спортуарзӕг фӕсивӕд гыццыл кӕй нӕй, уый.

20 майы Хъӕбӕлоты Билары номыл Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны цы цымыдисаг шахмӕтты турнир ацыд, уый та ногӕй барухс кодта спортуарзджыты зӕрдӕтӕ.

Ӕдӕппӕт цыппор ӕрыгон шахматисты (14 азӕй кӕстӕртӕ) уыцы бон ерыс кодтой Владимир Жириновскийы номыл Кубок рамбулыныл. Ӕрыгон шахматистты ахӕм ерыстӕ тынг кӕй хъӕуынц, уый тыххӕй турниры сӕйраг тӕрхонгӕнӕг, нӕ республикӕйы зындгонд тренер Игорь Хрипков зӕгъы: «Нӕ хъомылгӕнинӕгтӕ цӕмӕй сӕ дӕсныдзинад бӕрзонддӕр кӕной, уый тыххӕй сын ерыстӕ, куыд гӕнӕн ис, афтӕ арӕхдӕр аразын хъӕуы. Хъыгагӕн, махӕн алы хатт нӕ уавӕртӕ нӕ амонынц нӕ хъомылгӕнинӕгты ӕндӕр рӕттӕм аласынӕн. Бузныг сӕ ныййарджытӕн, фылдӕр уыдоны хардзӕй аласӕм нӕ сывӕллӕтты ерысты архайынмӕ.

Мӕнӕ ацы турнир арӕзт ӕрцыд либералон-демократон партийы цӕгатирыстойнаг хайады фӕрцы, ӕмӕ сын мах стыр бузныг зӕгъӕм. Уыдон нын ерыстӕ саразынмӕ зӕрдӕ бавӕрдтой Уӕрӕсейы Президенты ӕвзӕрстыты размӕ ӕмӕ сӕ дзырд нӕ фӕсайдтой. Цыдӕриддӕр хъуыди турнирӕн, уыцы хӕрдзтӕ сӕхимӕ райстой. Уӕлдай бузныг — ЛДПР-ы цӕгатирыстойнаг хайады сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Саламты Уӕсмӕн ӕмӕ ацы партийы фӕсивӕдон змӕлды разамонӕг Цхуырбаты Михалӕн. Уыдон тынг зӕрдиагӕй бацархайдтой турнирӕн хорз уавӕртӕ саразыныл, ӕмӕ уый сӕ къухы бафтыд».

Ӕвзонг шахматисттӕ сӕ зӕрдӕзӕгъгӕ хъазтӕй дзуапп радтой сӕ хӕрзаудӕнгӕнджытӕн. Ерыстӕ цыдысты, «швейцариаг уагӕвӕрд»-мӕ гӕсгӕ. Алы шахматист дӕр акодта авд хъазты, ӕмӕ уый фӕстӕ сбӕрӕг сты уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ раззаг бынӕттӕ бацахсджытӕ.

Ерысты архайджытӕн сӕ кӕстӕртыл кӕд 9 азы дӕр нӕма сӕххӕст, уӕддӕр равдыстой хорз цӕттӕдзинад. Уый нӕ, фӕлӕ ма, 8 азы ӕмӕ 11 мӕйы кӕуыл цӕуы, уыцы лӕппу ӕгкацаты Альберт ӕнӕдызӕрдыгӕй ссис турниры уӕлахиздзау.

Альберт акодта авд хъазты ӕмӕ фӕуӕлахиз йӕ авд ныхмӕлӕууӕгыл дӕр. Йӕ ӕппӕты тыхджындӕр ныхмӕлӕууӕг уыди, Цӕгат Кавказы федералон зылды йӕ карӕнты ‘хсӕн (11 азы онг) дыууӕ хатты уӕлахиздзау чи ссис, уыцы курдиатджын лӕппу Танделаты Арсен. Сӕ хъазуатон тохы фӕуӕлахиз сты ӕгкацаты Альберты ӕфсӕдтӕ (шахмӕттӕ). Афтӕмӕй Арсен ацы хатт бацахста дыккаг бынат.

Къаддӕр хъазуатон тох нӕ цыд ӕртыккаг бынат бацахсыныл. Ам Дзесты Батрадз ӕмӕ Лианӕ Цамалаидзейӕн се ‘ппӕт бӕрӕггӕнӕнтӕ дӕр ӕмхуызон кӕй уыдысты (ӕрӕмбырд кодтой фӕйнӕ 5 очкойы), уымӕ гӕсгӕ сын тӕрхонгӕнджытӕ радтой уӕлӕмхасӕн фембӕлд. Сӕ ацы фембӕлды Лианӕйӕн бантыст рамбулын ӕмӕ бацахста ӕртыккаг бынат.

Уӕлахиздзау ӕмӕ раззаг бынӕттӕ бацахсджытӕн лӕвӕрд ӕрцыд майдантӕ, кубоктӕ, грамотӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр лӕвӕрттӕ. Уыдонӕй уӕлдай ма ӕппӕт еры- сты архайджытӕн дӕр Саламты Уӕсмӕн ӕмӕ Цхуырбаты Михал радтой зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ. Сӕрмагонд лӕвар ракодтой ерысты ӕппӕты кӕстӕр архайӕг Данӕ Куколӕн дӕр.

Ерысты уӕлахиздзау ӕгкацаты Альберты куы бафарстам, шахмӕттӕй хъазын кӕд ӕмӕ куыд райдыдтай, зӕгъгӕ, уӕд нын радзырдта: «Ӕхсӕз азы дӕр мыл нӕма цыди, афтӕ мӕ мӕ фыды ‘фсымӕр шахмӕттӕй хъазыныл фӕцалх кодта. Чысыл фӕстӕдӕр мӕ ӕрбакодта тренер Сергей Мкртчянмӕ, ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ уымӕ цӕуын ахуыртӕм Национ библиотекӕмӕ. Мӕ зӕрды ис, ӕнӕмӕнг, гроссмейстер суӕвын. Зонын, уый тыххӕй бирӕ кусын хъӕудзӕн, фӕлӕ ӕз уымӕ цӕттӕ дӕн. Ӕппынӕдзух мӕм йӕ цӕст дары мӕ фыды ‘фсымӕр ӕгкацаты Мурат».

Ерысты ацыдӕй разыйӕ баззадысты Саламты Уӕсмӕн ӕмӕ Цхуырбаты Михал дӕр. Уӕсмӕн загъта: «Мах нӕ партийы номӕй зӕрдӕ бавӕрдтам Игорь Хрипковӕн ӕмӕ сывӕллӕтты куыд хъуамӕ фӕсайдтаиккам. Нӕ фӕнд у ахӕм турниртӕ ӕрвылазон скӕнын. Сывӕллӕттӕ куыд разӕнгардӕй хъазыдысты, уый уӕхӕдӕг федтат. Уый бирӕйы аргъ у, ӕмӕ мах нӕхицӕн хӕсыл нымайӕм, куыд шахмӕттӕй, афтӕ футбол ӕмӕ ма спорты ӕндӕр хуызтӕй дӕр ерыстӕ кӕнын фӕсивӕдӕн. Уый ЛДПР-ы сӕргълӕууӕг Владимир Жириновский йӕ ӕвзӕрстыты размӕйы программӕмӕ бахаста, ӕмӕ йӕ ивынмӕ нӕ хъавӕм”.

Куыд хъуамӕ ма цин кӕнӕм, нӕ кӕстӕртӕ спорты алы хуызмӕ дӕр зӕрдӕргъӕвд кӕй сты, ууыл. Ноджы ма сын ахӕм ӕххуысгӕнджытӕ куы уа, уӕд сӕ уый та разӕнгард кӕндзӕн.

БАСКАТЫ Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here