БИТАРТЫ Вячеслав: “Хицæнтæй нæ, фæлæ иумæ, нæ хъарутæ баиу кæнгæйæ, æмзиууонæй бакусæм”

0
458

 

Нæ республикæйы Сæргълæууæджы цур ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ райрæзын кæныны фæдыл цы къамис кусы, уый уæнгтæ знон цæлхæмбырдæй æрныхас кодтой, амæй размæ цы программæ бацæттæ кодтой, уый æххæстгонд куыд цæуы, ууыл, рахастой ног уынаффæтæ æмæ сæ сфидар кодтой. Амыдта йæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав. Ацы фарстайыл иудадзыгдæр цæуы куыст республикæйы, куыд Хицауады уæнгтæ, афтæ йыл активонæй кусынц æхсæнадон змæлдтæ дæр. Битары-фырты фæндон та уыд, цæмæй хицæнтæй нæ, фæлæ йыл иумæ, сæ хъарутæ баиу кæнгæйæ, æмзиууонæй бакусой, уый.

Сæрмагонд программæ «Ирон адæмы национ культурон райрæзт» æххæстгонд цæудзæн 2018 азæй 2020 азмæ. Афæдзы райда- йæнæй программæмæ гæсгæ къухы саразын цы бафтыд, уый тыххæй докладтæ скодтой Национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр, ацы программæйы координатор Цуциты Аслан, ахуырад æмæ наукæйы министр Иринæ Азимова, Культурæйы министр Милдзыхты Руслан, мыхуыры фæрæзты æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæг Фидараты Юри, республикæйы культурон бынты хъахъхъæныны æмæ сæ раст пайда кæныны фæдыл комитеты сæрдар Сæлбиты Валери, республикæйы туризмы фæдыл комитеты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Гæбуты Ольгæ, республикæйы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джусойты Руслан. Æмбырды архайджытæ сæ докладтæ æмæ æрдзуринæгтæ скодтой ирон æвзагыл.

Иринæ Азимова куыд радзырда, афтæмæй сентябрмæ республикæйы скъолаты æмæ рæвдауæндæтты полилингвалон иронуырыссаг ахуыртимæ цы ирон къордтæ æмæ кълæстæ байгом уыдзæн, уыдоны номхыгъд. Сентябры мæймæ арæзт æрцæудзæн нациокультурон хъомыладимæ баст концепци æмæ программæ рæвдауæндæтты, скъолаты æмæ уæлæмхасæн ахуырадон уагдæттæн. Арæзт æрцыд ирон æвзагыл ахуырадон- методикон æрмæг рæвдауæндæтты кæстæр, астæуккаг, хистæр æмæ цæттæгæнæн къордтæн. Сарæзтой ирон æвзагыл ахуырадон методикон комплекстæ. Дарддæр куыст цæудзæн полилингвалон рæвдауæндæтты хъомылгæнджыты æмæ скъолаты ахуыргæнджыты цæттæдзинад фæхуыздæр кæныныл. Сæ зæрды ис ныййарджытимæ информацион куыст кæнын дæр. Алайнаг гимназмæ ацы аз балæвæрдтой фæндзай курдиаты, гæнæн ис, æмæ æртыккаг кълас дæр байгом кæндзысты, уымæн æмæ кæй фæнды уым ахуыр кæнын, уыдоны нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны. 11 майы Ирон æвзаг æмæ литературæйы бонмæ республикæйы цæрджытæй 100 адæймагæй фылдæр ныффыстой глобалон диктант ирон æвзагыл. Уыдонæй 56 сæ куыстытæ радтой бæрæг кæнынмæ, 28 райстой иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Арæзт æрцыд ирон æвзаг æмæ литературæйы конкурстæ æмæ олимпиадатæ скъоладзауты, ахуыргæнджыты æмæ хъомылгæнджыты ‘хсæн.

— Ирон æвзаг æмæ культурæ бахъахъхъæныны фæдыл тынг хорз мадзал бацæттæ кæны æхсæнадон змæлд «Иудзинад», конкурс-æркаст «Ирон дæн æз» хистæркъласонты ‘хсæн. Сæ куыст афтæ хорз уагыл сæвæрдтой, æмæ уыцы конкурс апарахат кодтой Хуссар Ирыстоны, æмæ ма суанг Лабæйы ирон фæсивæды ‘хсæн дæр, æмæ дзы уыдон дæр ерысы бацæуынц. Цалдæр хатты дзы мæхæдæг дæр æвдисæн уыдтæн æмæ дзы, хъыгагæн, нæдæр Хицауадæй, нæдæр æндæр æхсæнадтæй, змæлдтæй искæй федтон, фаг хъусдард сæм нæй. Уыдон дарддæр дæр сæ куыст æххæст кæндзысты, фæлæ афтæ куы зæгъой, нæ куыст никæй хъæуы, зæгъгæ, — дзырдта æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан.

— Уыдон сты арфæйы аккаг. Фехъуыстон Мæрзойты Тамерлан æмæ йемæ чи кусы, уыдоны хъæппæристы тыххæй. Гæнæн ис, æмæ сæ нæ къамисы куыстмæ дæр фæхонæм, цæмæй дарддæр дæр иумæ архайæм ирон æвзаг æмæ культурæ бахъахъхъæныны фарстатыл, — загъта Битарты Вячеслав.

— Нæ комитæт бацæттæ кодта концепци телепроект «Тропами Алании» царды рауадзынмæ. Сисдзысты дæс программæйы. 3 милуаны та радих кодтам бюджетæй, цæмæй телерадиокомпани «Алания» сиса тематикон равдыстытæ ирон æвзагыл, уымæн æмæ федералон бюджет уымæн æхца нал фиды, — загъта Фидараты Юри. — Æмæ ма бафтыдта йæ ныхасмæ, кæй хъæуы, æнæмæнг, саразын æхсæнадон консультативон совет телеуынынады куысты фарстаты фæдыл.

Сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ уыцы консультативон совет хъуамæ арæзт æрцæуа мыхуыры фæрæзты æмæ дзыллон коммуникациты комитеты бындурыл æмæ æххæсса дзыллон хабархæссæг фæрæзты куыстыл, æмткæй райсгæйæ.

Республикæйы Сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хорз уаид, ирон æвзаджы курсытæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæн саразын. Æнæмæнг хъуыддаг у, журналистикæйы факультеты 2008 аз цы национ хайад æрцыд æхгæд, уый фæстæмæ байгом кæнын.

Ирон филологийы факультеты декан Хозиты Барис бахаста фæндон, цæмæй иронау цы журналисттæ кусынц, уыдон сæ хъазуатондæртæ кæддæрау хорзæхджынгонд цæуой Гæдиаты Цомахъы премийæ. Уыцы хъуыдыйыл сразы сты республикæйы Сæргълæууæг æмæ къамисы уæнгтæ дæр.

— Кучиты Русланы курдиат уыд, цæмæй цалдæр азы размæ «Иудзинад»-ы уæнгтæ цы фæндон рахастой, нæ республикæйы цы кувæндæттæ ис, уыдонæн номхыгъд скæнын æмæ закъон «О сакральных территориях» сфидар кæнын, цæмæй сæм хибарæй мачи æвнала, сæ арæзтады æмæ æндæр фарстаты тыххæй дæр. Кæннауæд бирæтæ, сæхицæй хæрзгæнæджытæ аразгæйæ, арæхдæр фехалынц кувæндæттæ, нæ сын бахъахъхъæнынц сæ раздæры хуыз æмæ уымæй знаггад хæссынц культурон цыртдзæвæнтæ æмæ кувæндæттæн.

Битарты Вячеслав ахуырады æмæ наукæйы министрæн бафæдзæхста, цæмæй фидæны республикæйы байгом кæной ноджы фылдæр ирон къордтæ, рæвдауæндæттæ æмæ скъолаты.

Сæрды фæлладуадзæн рæстæг республикæйы сывæллæттæн уыдзæн этнолагерьтæ дæр. Национ-культурон информацийы хæрзхъæддзинады тыххæй доклад скодта историиртасæг, профессор, Бзарты Руслан. Паддзахадон æвзæгтыл РЦИ-Аланийы географион объектты каталогты тыххæй доклад скодта Цгъойты Тамерлан.

Ирон æвзаджы ахуыргæнæг Къораты Жаннæ бахаста фæндон, цæмæй Интернеты тыгъдады ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн, рæвдауæндæтты хъомылгæнджытæн арæзт æрцæуа иумæйаг информацион-методикон платформæ æмæ дзы алы ахуыргæнæг æмæ хъомылгæнæг дæр пайда кæна, уроктæм æй цы æрмæджытæ бахъæудзæн, уыдонæй, цæмæй уроктæ уой мидисджындæр æмæ хъæздыгдæр. Иринæ Азимова бавæрдта ныфс, уыцы хъуыддаг, æнæмæнг, кæй сараздзысты, уымæй.

Кæронбæттæн Куыдзойты Анжелæ скодта доклад къамисы уæнгты куысты тыххæй.

ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here