Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауадæн уыд радон æмбырд. Амыдта йæ РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Æмбырды архайджытæ æркастысты æмæ сфидар кодтой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон фарстатимæ баст къорд закъоны проекты.
«2017 азы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон бюджет куыд æххæстгонд æрцыд», уый фæдыл доклад скодта республикæйы финансты министры фыццаг хæдивæг Дзæгъойты Алан. Куыд загъта, афтæмæй, 2016- 2017 азты республикон бюджетмæ цы хъалонтæ цыд, уыдон кодтой фылдæр. Паддзахадон закъонæвæрынадмæ раздæр цы ивддзинæдтæ хаст æрцыд, уымæ гæсгæ, карз нозт æмæ нефты продуктты акцизтæ къаддæргонд кæд фесты, уæддæр хъалонтæ бюджетмæ цыд фылдæр. Фыццаджыдæр, 24 процентæй фæфылдæр æфтиæгты хъалон, дыууæ хатты фылдæр сты сæны акцизтæ, бæгæныйы акцизтæ фæфылдæр сты 30 процентæй. Ацы азы фыццаг кварталы бæрæггæнæнтæ дæр сты зæрдæмæ- дзæугæ. Уымæ гæсгæ, Дзæгъойы-фырт куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы хъалонты службæ йæ куысты ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ ахсы фыццаг бынат Цæгат Кавказы федералон зылды æппæт регионты ‘хсæн. Бюджет, фыццаджыдæр, арæзт цæуы, алы кусæг адæймæг дæр цы хъалон фиды, уымæй. Æмæ ацы хъуыддаджы дæр ис æнтыстдзиндтæ. Хъалонтæ рæзынц, уымæн æмæ бюджетон кусджытæн сæ мызд фыст цæуы æнæкъуылымпытæй, стæй азæй-азмæ кæны фылдæр. Фæлæ ацы ран уавæрæн ис ноджы фæхуыздæр кæнæн, уымæн ис æппæт гæнæнтæ дæр. Уымæй уæлдай, 8,5 проценты фæфылдæр сты, алы организаци дæр йæ исбонадыл цы хъалон фиды, уыдон, 22 процентæй фæфылдæр сты транспорты хъалонтæ æмæ ма æндæртæ. Уыдоны хыгъд зæрдæмæдзæугæ нæу, республикон исбонадæй, зæххытæй пайда кæнынæй бюджетмæ цы хъалонтæ хъуамæ цæуа, уый.
Дзæгъойты Аланы ныхасмæ гæсгæ, ивгъуыд аз фæфылдæр сты социалон нысаниуæджы хæрдзтæ. Бюджеты хæрдзтæ 2017 азы æдæппæт уыдысты 24 миллиард сомы, уыдонæн сæ фылдæр — 18 миллиарды уыдысты социалон нысаниуæджы хæрдзтæ. 2016 ази- мæ абаргæйæ, социалон хæрдзтæ фæфылдæр сты 1,5 процентæй. Хъæууон хæдзарады хæрдзтæ рауадысты 469 милуан сомы, фæндæгтæ аразыны хæрдзтæ — 1 миллиард æмæ 296 милуан сомы, цæрæнуæтты- коммуналон хæдзарады хæрдзтæ — 839 милуан сомы. Бюджетон организациты кусджытæн сæ мызд афæдзы дæргъы фыст цыд æнæкъуылымпытæй. Уæрæсейы Федерацийы Президенты Майы указтæ сæххæст кæныныл хардзгонд æрцыд 300 милуан сомæй фылдæр. Алыхуызон социалон бафыстыты хæрдзтæ рауадысты 3 миллиарды æмæ 300 милуан сомы. 2017 азы республикон бюджеты кадавардзинад рауад хæрзчысыл — 1 процентæй къаддæр. Фидæны нысантыл дзургæйæ, финансты министры фыццаг хæдивæг куыд загъта, афтæмæй сæ размæ æвæрынц хæс хъалонтæ æмбырд кæныны хъуыддаг ноджы фæнывылдæр кæнын, цæмæй кредитты хуызы республикæ ма цы хæстæ дары, уыцы паддзахадон хæс ноджы фæкъаддæр уа. Раныхасгæнæджы докладæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Хицауады Сæрдар загъта, финансты министрад афæдзы дæргъы ахадгæ куыст кæй кодта, уый, фæлæ ма бафиппайдта, хъалонтæ æмбырд кæныны хъуыддагæн ноджы фæхуыздæр кæнынæн гæнæнтæ кæй ис, уый. «Уый тыххæй финансты министрады æнгомдæр кусын хъæуы финансты муниципалон управленитимæ, хъалонты æппæт хуызтæ æмбырд кæныны хъуыддаг цæмæй уа нывылдæр», — загъта Тускъаты Таймураз.
Ахуырадон къабазимæ баст цалдæр ног закъоны проекты Хицауады уæнгтæн æркæсынмæ бавдыста ахуырад æмæ наукæйы министр Иринæ Азимова. Закъонæвæрынадмæ хаст ивддзинæдты ныхас цæуы, ахуыргæнæн чингуытæ æмæ ахуыргæнæн пособитæ аразыны хъуыддаг республикæйы этнокультурон хицæндзинæдтимæ баст куыд уа, ууыл. Хицауады уæнгтæ ивддзинæдтæ бахæссыныл сразы сты.
«Рæстæгмæ кусæг базаргæнæн бынæтты схемæ бацæттæ кæныны æмæ уыцы уагæвæрд сфидар кæныны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы раздæры уынаффæмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй раныхас кодта экономикон рæзты министр Томайты Хъазыбег. Рæстæгмæ кусæг ахæм базаргæнæн бынæттæ саразын у республикæйы бынæттон хиуынаффæйады администрацитæн сæ хæс. Бахæссинаг ивддзинæдты нысан у базаргæнæн архайд рапарахат кæнын. Æрмæст дзы хъæуы бæлвырд фæтк- æвæрд æмæ хорз уавæртæ саразын. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй ахæм бынæттæ аразгæйæ рохгæнинаг нæу Дзæуджыхъæуы архитектурон бакаст, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм бынæттæ горæты цæрджытæн æнцонвадатджын куыд уой, афтæ.
Уымæй уæлдай, Томайты Хъазыбег æркæсынмæ бавдыста «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийыл хæдзариуæггæнæг субъектты архайд фæахадгæдæр кæныны фæдыл къамисы тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы раздæры уынаффæмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæндон. Хицауады уæнгты иумæйаг уынаффæйæ уыцы къамисы скондмæ хаст æрцыд экономикон рæзты министры хæдивæг Цориты Алетæ.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Фæллойы Хъæбатыры» ном лæвæрд кæмæн цæудзæн, уыцы адæмæн иухаттон æхцайы бафыст, стæй æрвылмæйон бафыстыты уагæвæрд сфидар кæныны тыххæй æмбырды раныхас кодта фæллой æмæ социалон рæзты министры хæстæ æххæстгæнæг Хъесаты Игорь. Куыд загъта, афтæмæй «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Фæллойы Хъæбатыры» кадджын ном лæвæрд цæудзæн, йæ куысты стыр æнтыстытæ кæмæн бафтыд æмæ йæ архайдæй республикæйы рæзтмæ стыр бавæрæн чи бахæсса, уыцы адæмæн. Ном раттынæй уæлдай уыдонæн фыст цæудзæн 100 мин сомы, стæй ма æрвылмæй дæр сын фиддзысты 5 мин сомы сæ пенсийы уæлæмхасæн. Хъесаты Игорь куыд загъта, афтæмæй, чи бахъæуа, уыцы хæрдзтæ æвæрд сты республикон бюджеты.
Адæмæн куыстдæттыны республикон комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Платы Альбинæйы раныхас уыд, сусæг куыст чи кæны, уыцы адæмы, стæй, йе ‘фтиæгтæ чи æмбæхсы, сæ уыцы хицæутты аууонæй ракæнын, цæмæй æргом куыст кæной æмæ, куыд æмбæлы, афтæ хъалонтæ фидой республикон бюджетмæ. Ацы фарста нырма сагъæссаг кæй у, стæй йæ алыг кæнынмæ лæмбынæг цæстдард кæй нæй, уый бафиппайдта Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз. «Ацы фарстайы ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæ хорз нæ уыдысты. Ныртæккæ дæр дзы зæрдæ ницæмæй рухс кæны. Хъуыддаг иуцасдæр банывыл кодтой Кировы, Æрыдон, Мæздæджы, Горæтгæрон æмæ Æрæфы районты, Иннæ æртæ районы, уæлдайдæр та Дзæуджыхъæу уавæр домы ноджы хуыздæр бакусын, цæмæй адæм кæной æргом куыст æмæ, цы хъалонтæ фидой, уыдон хæццæ кæной муниципалон бюджеттæм», — загъта Хицауады Сæрдар.
Хицауады уæнгтæ ма æркастысты æмæ сфидар кодтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарадимæ, адæмæн социалон лæггадтæ кæнынимæ æмæ куысты бынæттæ аразынимæ баст къорд закъоны проектмæ ивддзинæдтæ бахæссыны уынаффæтæ.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














