Боны фæткы — зымæгмæ цæттæ кæныны фарстатæ

0
682

Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ зымæгмæ бацæттæ кæнынæн дихгонд æрцæудзæн 268,5 милуан сомы бæрц. Зымæгмæ бацæттæ кæныны сæрмагонд мадзæлтты пълан куыд æххæстгонд цæуы, ууыл знон ныхас цыд республикон штабы радон æмбырды.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ.

Министрадтæ æмæ ведомствоты разамонджытæ кæм архайдтой, уыцы æмбырды сæрдариуæг кодта республикæйы премьер-министр Тускъаты Таймураз.

Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Сохъуырты Альберт йæ раныхасы бæстон æрлæууыд цæттæгæнæн мадзæлтты пъланы уагæвæрдтыл. Министры ныхасмæ гæсгæ, фæззæгмæ хъуамæ цалцæггонд æрцæуой 243 хъармгæнæны, хъармдæттæн хæтæлты 249 километры, донуадзæн хæтæлты 1784 километры, канализацион хæтæлты 1000 километры æмæ электрон тыхдæттæг хызæджы 173 километры.

«Муниципалитеттæ, æмткæй райсгæйæ, цæттæгæнæн куыстытæ кæнынц пъланы бындурыл», — фæнысан кодта министр.

Дарддæр районты минæвæрттæ бæстон радзырдтой, ныридæгæн цы куыстытæ бакодтой, стæй хæстæгдæр рæстæг цы хъуыддæгтæм бавналдзысты, уыдæтты тыххæй. Муниципалитетты бæрнон кусджыты раныхæстæ баххæст кодтой энергетикон компаниты минæвæрттæ дæр.

Штабы æмбырдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз куыд фæнысан кодта, афтæмæй æппæт фадæттæй дæр бацархайын хъæуы, цæмæй республикæйы коммуналон хæдзарад зымæгыл сæмбæла хæрзцæттæйæ, адæм хъуамæ разы уой коммуналон лæггæдты хæрзхъæддзинадæй.

«Финансон фæрæзтæ кадавар кæй сты, уыцы æууæл хынцгæйæ, ногæй бæстон æркæсын хъæуы зымæгмæ цæттæгæнæн пълантæм. Уыцы куысты ахсджиаг у муниципалитетты, разамонæг æмæ энергетикон компаниты, коммуналон куыстуæттæ æмæ хæдзæртты хицæутты æмгуыстад», — бафиппайдта республикæйы Хицауады Сæрдар.

Æмбырды рæстæг разамонæг компанитæ æмæ хæдзæртты хицæутты æмбаладтæн бæлвырд амынддзинæдтæ лæвæрд æрцыд зымæгмæ цæттæгæнæн куыстытæ фæрæвдздæр кæныны нысанимæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here