Хуссар Ирыстонæй

0
568

Гуфтайæ — Къуайсамæ

Подрядон организациты бригадтæ ацы бонты дарддæр æххæст кæнынц Гуфтайæ Къуайсамæ автомобилон фæндаджы рацарæзты дыккаг къæпхæн.

Уый тыххæй информацион агентад «Рес»-ы уацхæссæгæн фехъусын кодтой республикæйы Фæндæгты арæзтады комитеты. Комитеты минæвар куыд радзырдта, афтæмæй дыккаг къæпхæныл цалцæггонд æрцæудзæн фæндаджы 10-километрон уаццаг. «Фæндагаразджытæ куыстытæ райдыдтой Къуайсайы ‘рдыгæй», — радзырдта комитеты минæвар.

Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй фæндаджы рацарæзты дыккаг къæпхæн ахицæн уыдзæн ацы азы октябры кæронмæ.

 

Æппæтадæмон съездмæ

Зындгонд куыд у, афтæмæй ирон адæмы 10-æм съезд уыдзæн 2018 азы 24 августы Цхинвалы.

«Иры Стыр Ныхас»-ы Хуссар Ирыстоны хайады сæрдар Гаглойты Роберт информацион портал «Ossetia News»-æн куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы ныридæгæн рапарахат съездмæ цæттæгæнæн куыст.

Гаглойы-фырты ныхасмæ гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг Цхинвал æмæ республикæйы районты арæзт æрцæудзысты съезды делегатты æвзарæн конференцитæ. Съезды кадджын уазджытæ суыдзысты ирон æвзаг æмæ литературæйы 25 ахуыргæнæджы дæр.

Съездмæ цæттæгæнæг комитеты куыд фехъусын кодтой, афтæмæй уыцы егъау æппæтнацион форумы архайдзысты 500 делегаты бæрц. Съезды архайджытæ æрдзурдзысты Ирыстоны удварн æмæ традицитæ, мадæлон æвзаг æмæ нæ культурæйы хæзнатæ бахъахъхъæныны фарстатыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, фарстаты сæйрагдæр уыдзæн Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны иудзинад.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here