Кæмæй у сæрыстыр Ирыстон?

0
613

 

 Кæцыфæнды адæймаг дæр сæрыстыр у йе ‘рвады, йæ хъæуккаджы æмæ суанг цы адæмыхаттæй у, уый минæвары æнтыстдзинæдтæй. Кæд искæмæй сæрыстыр вæййæм, уæд уый та у царды æгæрон циндзинад. Уымæн æмæ нын ис, кæй бафæзмæм, зæххыл арфæйаг фæд ныууадзыныл нæ кæстæрты кæуыл хъуамæ ахуыр кæнæм, ахæм адæймаг. Махæн, зилгæйæгтæн, нæ бирæ зындгонд æмхъæуккæгты æхсæн уыцы сæрыстырдзинад та у ахуыргонд геолог, Ленины премийы лауреат БОРЫХЪУАТЫ Аслæнбеджы фырт Рамазан. Хистæрты æхсæн ныхас куы рауайы, уæд алы хатт дæр æрымысæм йæ рухс ном.

Цæвиттон, Борыхъуаты Аслæнбеджы бинонтæ Зилгæйы иннæ мæгуыр æмхъæуккæгты æхсæн ницæмæй хицæн кодтой. Фæлæ дæсæм чызджы райгуырды фæстæ хæдзары хицау йæхимæ ныхъхъуыста. Рагæй æнхъæлмæ каст, Борыхъуаты мыггаг дарддæр чи ахæццæ кодтаид, уыцы бындармæ. Фæлæ дын Хуыцау хорз ракæна, Аслæнбеджы бинонтыл ма бафтыд иуæндæсæм сывæллон дæр, ацы хатт — лæппу. Ноггуырды фыд æмæ мад куыннæ цин кодтаиккой! Æмхъæуккæгтæ, хæстæджытæ æмæ къабæзтæ гаджидæуттæ уагътой номæвæрды куывды, сæ арфæты хуыздæр та уыдис, стыр лæг куыд суа, уый тыххæй.

Чысыл Рамазан хуымæтæджы уарзон фæцис Зилгæйы сывæллæттæн. Иумæ згъордтой хъæуы рыгæйдзаг уынгты. Сæхи надтой, уæды рæстæджы ма кæсаджы цæсты хуызæн ирд чи уыдис, уыцы Камбилеевкæйы цæугæдоны. Уæдæ ахæм кары дæр хæдзары куыстытæй цух нæ уыд. Кæм-иу ныййарджытæм хæдзарон фосмæ зилгæйæ фæкаст, кæм та цæхæрадоны куыстытæй æфсис нæ зыдта.

Уæды рæстæджы ахуыргонддзинад райсыны тыххæй бирæ æхца фидын хъуыд. Уæддæр Аслæнбег сфæнд кодта йæ иунæг фырты рухсмæ ракæнын. Фыццаг къахдзæфтæ ахуыргонддзинадмæ Рамазан акодта бынæттон иуазон скъолайы. Фæлæ ам цы зонындзинæдтæ райста, уыдон ыл базыртæ басагътой æмæ ныййарджытæй куырдта, цæмæй йæ дарддæр ахуыр кæнынмæ арвитой Дзæуджыхъæумæ. Ам XX æнусы райдайæны уыдис цалдæр ахуыргæнæндоны, ахуыр сæ кодтой æрмæстдæр хъæздгуыты сывæллæттæ.

Дæргъвæтин радзурбадзуры фæстæ чысыл Рамазаны ахуыр кæнынмæ райстой реалон училищемæ. Дзырд та афтæ уыдысты æмæ, хъуамæ уый ахуыр кæныны тыххæй æхца фыст цыдаид æхсæнады фæрæзтæй. Цæрæн бынатæй та йын баххуыс кодтой Борыхъуаты дард æрвадæлтæ. Хæдзарадон кæрты йын иу къуым радтой æмæ ууыл дæр Рамазан хуымæтæджы цин кодта!

Хъæууон лæппуйæн реалон училищейы ахуыр кæнын æнцон нæ уыд, фæлæ зонындзинæдтæ райсынмæ йæ зæрдæйы цы арт сыгъдис, уый йæ æнцой нæ уагъта æмæ ахуыр кæнынæй фæллад дæр нæ зыдта. Борыхъуаты Рамазан училищейы нымад уыдис тæккæ хуыздæр ахуырдзауыл.

Фыццаг къæпхæны фондзазон æмгъуыд каст куы фæцис, уæд æрыгон лæппуйы размæ айтынг дыууæ фæндаджы. Иу æй хуыдта дарддæр ахуыр кæнынмæ, иннæ та фæллой кæнын райдайынмæ, цæмæй сæ бирæсывæллонджын бинонтæ æмæ кардзыд ныййарджыты цард фæрогдæр кæна. Кæд æй ахуыры бæрзæндтæм схизын фæндыд, уæддæр йæ сæрæй аппæрста ацы хъуыды æмæ хъуамæ кусын райдыдтаид. Фæлæ мæнæ диссаг. Борыхъуаты бинонтæ, кæд сын материалон æгъдауæй зын цæрæн уыд, уæддæр æмвæндæй бауынаффæ кодтой: Рамазан хъуамæ дарддæр ахуыр кæна.

Ахуыры азтæ Борыхъуайы-фыртæн уыдысты канд зонындзинæдтæй хъæздыг кæныны рæстæг нæ, фæлæ ма ссис, йæ адæмы хъысмæтыл хъуыды кæнын чи зыдта, ахæм адæймаг дæр. Ахуыргæнæн чингуытæй уæлдай бирæ каст аивадон æмæ æхсæнадон-политикон литературæ, æмæ йын уыдон чысыл æххуыс нæ кодтой йæ фидæны дæсныйад хуыздæр базонынæн.

Училище каст фæуыны фæстæ Рамазан æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ. Кусын райдыдта фæллойгæнджыты хицауад кæй сфидар кодта, уыцы зæххы къамисы секретарæй. Фæстæдæр барвæндонæй бацыдис ирон бæхджын æфсадмæ. Фæлæ уæды рæстæджы нæ бæстæйы хъуыдысты, ног цард чи арæзтаид, ахæм ахуыргонд æмæ дæсны специалисттæ.

Кæддæриддæр арф теоретикон зонындзинæдтæ райсынмæ тырнæг Рамазан сфæнд кодта дарддæр ахуыр кæнын. Уæды рæстæджы зындгонд профессор Гатуйы-фырты фæдзæхстмæ гæсгæ ссис Дзæуджыхъæуы политехникон институты геологон факультеты студент. Фæлæ дарддæр хъуыддаг афтæ рауад, æмæ 1921 азы Борыхъуайы-фырт хохæгты къордимæ ахуыр кæнынмæ цæуын бахъуыд Петрограды хæххон институтмæ.

Æрмæстдæр ацы уæлдæр ахуыргæнæндоны бамбæрста, йæ фидæны цард пайдайаг къахинæгтимæ баст кæй уыдзæн, уый. Хъуамæ уыдон адæмæн æххуыс кæной сæ цард фæхъæздыгдæр кæнынæн, зæгъгæ, йæ размæ ахæм нысан сæвæрдта æмæ уый тыххæй лæмбынæгдæр ахуыр кæнын райдыдта пайдайаг къахинæгтæ сгарыны наукæ. Иу ныхасæй, йæхи зæрдиагæй цæттæ кæнын райдыдта геологион куыстмæ. Фæлæ æххормаг æмæ уазал цæгатаг горæты ахуыр кæнын æнцон нæ уыд. Уымæ гæсгæ Рамазан — студент иннæ æмкурсонты хуызæн æхсæвыгæтты æвгæнæн æмæ æвдæлон кæныны куыстытæ кæнын райдыдта денджызон наулæууæны, цæмæй иучысыл æхца амал кодтаид къæбæр æмæ уæлæдарæсæн.

Цыппар азы фæстæ институт каст куы фæци, уæд Борыхъуайы-фырт уæды рæстæджы зындгонд геолог Н.Г.Кассины разамындæй кусын райдыдта Казахстаны. Фыццаг уыдис хуымæтæг геолог, афæдзы фæстæ — прораб. Иу аз ма куы бакуыста, уæд та ссис стыр æрзæтгуырæны къамисæн куыстыты хицау. Фæстæдæр та йæ снысан кодтой Эскиюрты згъæртæ сгарæн партийы хицауæй.

Борыхъуаты Рамазан 1930 азæй фæстæмæ иудадзыг уыдис геологионагурæн организацийы разамонæг. Фыццагдæр ахæм бынат ахста Джагабулы геологион-агурæн партийы. Йæ разамындæй бæрæггонд æрцыдысты, сæ гуырахст дзæвгар кæмæн уыд, ахæм хуызджын æрзæтты хъæздыг æвæрæнтæ, æмæ сæ амал кæнын райдыдтой æрыгон советон республикæйы пайдайæн.

Фæстæдæр Бощекулы районы сгарæн-агурæн куыстытæ райдыдта æрхуымолибдены гуырæнтæ ссарыны тыххæй æмæ йæ архайд нæ фæмæнг. Кæй агуырдта, уыцы згъæртæй уæлдай æрзæты бирæгæйттæй разынд сыгъзæрин, æвзист æмæ кобальт дæр. Уымæ гæсгæ Бощекулы хъæздыг æрдзон æвæрæнты арæзт æрцыд хицæн геологион-сгарæн парти. Йæ директор æмæ техникон разамонæгæй та Борыхъуаты Рамазан нысангонд æрцыд.

Дарддæр геологион организаци фæндæгтæ ссардта Чидертинскы къорды хъæздыг æрдзон æвæрæнтæм. Дурæвзалы разынд СарыАдыры æмæ Экубастузы, æрхуыйы æрзæттæ — Джагамбулы. Не ‘мзæххон кæмфæнды ма куыстаид, уæддæр зынгæ æнтыстдзинæдтæ æфтыд йæ къухы. Алы ран дæр ын кад æмæ намыс уыл фæллойадон коллективты. Куыд загътам, афтæмæй йæ руаджы ног пайдайаг къахинæгты æвидигæ æвæрæнтæй хъæздыгдæр кодта нæ бæстæ.

Зындгонд академик-геолог И.М.Губкин уыцы азты разамынд лæвæрдта бæстæйы геологион службæйæн. Æнæ бафиппайгæ нæ фæцис Борыхъуаты Рамазаны фæллойадон архайд æмæ стыр æнтыстдзинæдтæ. Фæндон бахаста, цæмæй уый нысангонд æрцæуа Казахстаны æппæт геологион управленийы сæйраг инженерæй, фæстæдæр та ссис йæ разамонæг дæр.

Ахæм стыр бынат бацахсын уæды рæстæджы хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыд. Уымæн æмæ специалистты хъуыдымæ гæсгæ, Казахстан уыдис, пайдайаг къахинæгты æппæт хуызтæ дæр кæм разындаиккой, ахæм бындурон район. Фæлæ Борыхъуайы-фырт æнкъаргæ дæр нæ бакодта, йæ фидар уæхсчытыл цы стыр уæз æрæнцад, уый. Бæрзонд бынаты алкæй размæ дæр фылдæр хæстæ вæййы, зæгъгæ, алывæрсыг сфæлдыстадон куыст райдыдта республикæйы территорийыл фылдæр пайдайаг къахинæгты æвæрæнтæ ссарыныл.

Цы къабазы сæргъы лæууыд, уый нæ паддзахадæн стыр пайда кæй хаста æмæ йæ куысты арæхстдзинады тыххæй 1935 азы Борыхъуаты Рамазан æвзæрст æрцыд Казахты ССР-йы Центрон Æххæстгæнæн Комитеты уæнгæй. Фæлæ уæззау климатон уавæртæ, æдзухдæр куысты фæдыл хæхтæ æмæ быдырты уæвгæйæ, стæй сывæллоны тыхст рæстæг чысылгай æмхуызонæй æртыхстысты Рамазаны æнæниздзинадыл. Кæд рæуджыты низæй сади, уæддæр йæ куысты фæзминаг фæлтæрддзинад хъуыд бæстæйы æмæ кусынмæ æрвыст æрцыд ССР Цæдисы Наукæты академийы Казахстайнаг филиалмæ. 1940 азы уый ссис геологийы институты директоры хæдивæг, фæстæдæр та уыдис ацы институты директор.

Куыд зонæм, афтæмæй Фыдыбæстæйы Стыр хæст домдта бирæ материалон фæрæзтæ, уæлдайдæр алыхуызон згъæртæ, дурæвзалы, химион хомаг. Æмæ ацы æппæт хæзнатæ лæвæрдта, Борыхъуайыфырт æмæ йæ коллектив бындур цы наукон-техникон куыстадæн æрæвæрдтой, уый. Хуымæтæджы хорзæхджынгонд не ‘рцыд Сырх Стъалыйы орденæй æмæ майдан «За доблестный труд в Великой Отечественной войне»-йæ.

1945 азы Борыхъуаты Рамазан ссис Казахты ССР-йы Наукæты академийы уæнгуацхæссæг. Уæды рæстæджы стыр монографион куыстытæ фыссы Казахстаны геологийы тыххæй. Мыхуыргонд цыдысты канд бынæттон рауагъдæдты нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр, бирæтæ та дзы систы ахуыргæнæн чингуытæ. Фæлæ йæ низ нæ уадзы æппæт хъарутæй кусын. Цалдæр наукон фæллойы йæ фыссын бахъуыд, куы ‘руатон, уæд дæр.

Хæсты фæстæйы азты цы наукон фæллæйттæ ныффыста, уыдоны тæккæ ахсджиагдæр та у «Допалеозой и нижний палеозой северо-востока Центрального Казахстана». Геологийы бирæ фарстаты фæдыл дзы ног хъуыдытæ кæй загъта, уый тыххæй Борыхъуаты Рамазанæн лæвæрд æрцыд геологион-минералогон наукæты докторы ахуыргонд къæпхæны ном. 1954 азы та æвзæрст æрцыд Казахстаны Наукæты академийы æцæг уæнгæй. Уымæй уæлдай зындгонд геолог-академик К.И.Сатраевы разамындæй уый дæргъвæтин рæстæг ахуыргæндты къордимæ архайдта згъæрты æрмæджыты равзæрд сбæрæг кæныныл. Наукон фæллойæн практикон ахадындзинад кæй уыдис, уый тыххæй йын стыр аргъ скодта Советон Цæдисы хицауад. Иннæ ахуыргæндты хуызæн Борыхъуаты Аслæнбеджы фырт Рамазанæн дæр лæвæрд æрцыд Ленины преми.

Ацы стыр хорзæхæй Борыхъуайы-фырт кад скодта канд йæхицæн нæ, фæлæ ма йæ райгуырæн Ирыстонæн дæр. Бирæ хæттыты геологийы наукæйы алыхуызон фарстаты фæдыл уыдис æппæтдунеон æмбырдтæ æмæ симпозиумты, куыд Советон Цæдисы стыр ахуыргонд, афтæ. Разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы институтæн та 1967 азы лæвæрд æрцыд Фæллойадон Сырх Тырысайы орден. Уыцы аз йæ кусынæй банцад Борыхъуаты Аслæнбеджы фырт Рамазаны æнæнцой зæрдæ дæр. Фæлæ абон йæ ном рох нæу йæ раздæры æмкусджытæй, Казахстаны æмæ æппæт Уæрæсейы инженерон интеллигенцийæ, уæлдайдæр Зилгæйы цæрджытæй.

 БЕРУАТЫ Барис, географион наукæты доктор, Уæрæсейы Федерацийы наукæйы сгуыхт архайæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here