Рагагъоммæйы хъæлæскæнынады рæстæг æппæтæй фылдæр хъæлæстæ чи æрæмбырд кодта, политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг регионалон хайады политикон советы æмбырды рæстæг уыцы кандидатты номхыгъдтæ арæзт æрцыдысты
— Бынæттон хайæдтæ кæй бавдыстой, уыцы кандидатурæтыл æрныхас кæнгæйæ, «Иугонд Уæрæсе»-йы номæй æвзæрстыты чи архайдзæн, политсоветы уæнгтæ уыцы адæмы номхыгъдтыл бафидыдтой. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнын: сентябры цæгатирыстойнæгтæ æвзардзысты Алагиры, Æрæфы, Горæтгæрон æмæ Кировы районты муниципалон арæзтыты Минæвæртты æмбырдты депутатты æмæ хъæуты сæргълæуджыты, — загъта партийы регионалон хайады секретарь Ортабайты Тимур.
Фыццаградон партион проекттæ, зæгъæм, «Старшее поколение», «Городская среда» куыд æххæстгонд цæуынц, æмбырды архайджытæ ууыл дæр æрныхас кодтой. Ивгъуыд æмæ ацы азты Дзæуджыхъæуы æфснайд æрцæудзысты бирæфатерон хæдзæртты 36 кæрты, къорд æхсæнадон бынаты, стæй хъæлæскæнынады фæрцы горæтæгтæ кæй равзæрстой, уый — Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы хай. Ныридæгæн базарад баххæст кодтой, стæй арæзтадон кусæндæттæ бæлвырдгонд æрцыдысты. Рæхджы рацарæзтмæ бавналдзысты. Афæдзы æрдæгмæ партийы фракци республикæйы Парламенты кæй баххæст кодта, Ортабайы-фырт уыцы куысты тыххæй дæр радзырдта.
— Афæдзы райдайæнæй нырмæ фракцийы закъонæвæрынадон архайд сæйрагдæр арæзт уыд республикæйы адæмы социалон хъахъхъæнынады къæпхæн фæуæлдæр кæныны, стæй экономикон, промышленнон æмæ хъæууонхæдзарадон къабæзты рæзты фарстатæм. Республикæйы Парламент кæуыл бакуыста, фракцийы уæнгтæ стæмтæй фæстæмæ æппæт уыцы закъонты проекттыл бакуыстой, уыимæ, депутаттæ 17 закъоны проектыл æрныхас кодтой фракци «Иугонд Уæрæсе»-йы фæндонæй. Парахатæй кусæм æвзарджытимæ, арæх семæ алыхуызон фарстаты фæдыл фембæлæм. Адæм нæм цы фарстатимæ бахатынц, уыдонæн сæ фылдæр баст вæййынц бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæгкæнынадимæ, цæрæнуæтты- коммуналон хæдзарады лæггæдтимæ, стæй æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ адæмæн куыст дæттыны фарстатимæ. Афæдзы æрдæгмæ фракцийы депутаттæ кæуыл æрныхас кодтой, уыцы 2075 курдиаты фылдæр хай лыггонд æрцыдысты, — загъта Ортабайы-фырт.
Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой партийы архайдмæ бардарæг æндæр фарстатыл дæр.
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг регионалон хайады пресс-службæ














