Боны фӕткы — хӕххон- рекреацион комплекс «Мамысон»-ы арӕзтады фарстатӕ

0
509

 

Знон Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг БИТАРТЫ Вячеславӕн кусӕг фембӕлд уыд Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл федералон министры фыццаг хӕдивӕг Одес БАЙСУЛТАНОВИМӕ. Фембӕлды архайджытӕ ӕрдзырдтой хӕххон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы дарддӕры арӕзтады фарстатыл. Ныхасы архайдта РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.ъ

Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ республикӕйы Хицауады пресс-службӕ Фембӕлды райдайӕны Битары-фырт Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министры хӕдивӕгӕн арфӕ ракодта, республикӕмӕ зӕрдиаг ахаст кӕй дары ӕмӕ регионы социалон-экономикон райрӕзты мадзӕлтты зӕрдиагӕй кӕй архайы, уый тыххӕй. Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, курорт «Мамысон»-ы объекттӕ кусын куы райдайой, уӕд уый хорзӕрдӕм фӕзындзӕн республикӕйы экономикӕйы уавӕрыл, инвестицион архайды рӕзтӕн фӕзындзӕн фылдӕр фадӕттӕ. Уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахъаз уыдзӕн республикӕйы бюджеты ӕфтиӕгты рӕзтӕн дӕр. — Цӕгат Ирыстоны разамынд йӕ размӕ хӕс ӕвӕры, цӕмӕй республикӕйы туризмы къабаз ногӕй раздӕрау хъомысджын суа. Уыцы нысан къухы бафтдзӕн, туризмы къабазы инфраструктурӕйы объекттӕ нывыл куы уой, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уыцы хъуыддаджы нӕ зӕрдӕ дарӕм федералон центры ӕххуысыл, — бафиппайдта Битарты Вячеслав. Одес Байсултанов хорзыл банымадта комплекс «Мамысон»-ы проект. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, 2019 азы бюджеты проекты ацы комплексы арӕзтадӕн нысангонд цӕуы 100 милуан сомы бӕрц. Уыцы фӕрӕзтӕ дихгонд ӕрцӕудзысты «Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы социалон- экономикон рӕзты» сӕрмагонд программӕйы фӕлгӕты. «Уыцы фӕрӕзтӕ фаг уыдзысты комплексы объектты арӕзтады фыццаг къӕпхӕн сӕххӕст кӕнынӕн. Фӕстӕдӕр куыст цӕудзӕн, цӕмӕй федералон бюджет уӕлӕмхасӕн фӕрӕзтӕ дих кӕна курорты арӕзтадӕн», — фӕнысан кодта федералон министры хӕдивӕг. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй хӕххон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы объекттӕ ӕрбынӕттон уыдзысты 7 мин гектары фӕзуатыл. Проектмӕ гӕсгӕ комплексы уыдзӕн 3,5 мин фӕлладуадзӕн бынаты.

 

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here