Уӕрӕсейы ӕппӕт регионты ӕмӕ фӕсарӕйнаг бӕстӕты ацыд Географион диктант. Уӕрӕсейы Президент Владимир Путины фӕндонӕй Уырыссаг географион ӕхсӕнад парахат дунеон ахуырадон акцийӕн фадӕттӕ сарӕзта цыппӕрӕм хатт.
Ацы аз Цӕгат Ирыстоны диктант ныффыстой 2500 адӕймаджы. Фаронимӕ абаргӕйӕ, диктантфысджытӕ уыдысты ӕртӕ хатты фылдӕр. Нӕ республикӕйы иумӕйаг рӕстӕмбис баллты нымӕц у 54,7, Уӕрӕсейы та — рӕстӕмбис нымадӕй 43,9 баллы. Диктант фыссынӕн Цӕгат Ирыстоны уыд 35 бынаты, ома, фаронимӕ абаргӕйӕ, 21 бынаты фылдӕр. Уымӕй уӕлдай, адӕм диктанты парахатӕй архайдтой онлайн уагӕй дӕр. Диктант 58-ӕм ӕфсады территорийыл кӕм фыстой, амынд ӕхсӕнады регионалон хайады сӕрдар, Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан ахӕм бынат бабӕрӕг кодта. Огъуайы-фырт Уырыссаг географион ӕхсӕнады номӕй ӕфсады командӕгӕнӕг Евгений Никифоровӕн балӕвар кодта чиныг «Памир, Хунза и Кашгария в экспедиционных фотографиях генерала Б.Л. Громбчевского». Огъуаты Алан йӕ зонындзинӕдтӕ географийӕ бафӕлвӕрдта амынд университеты. Ардӕм диктант фыссынмӕ ӕрбацыд ӕппӕтӕй фылдӕр адӕм. Огъуайы-фыртӕй фӕстӕмӕ ахуыргӕнӕндонмӕ диктант фыссынмӕ ӕрбацыдысты Цӕгат Ирыстоны Альпинизмы федерацийы сӕрдар Хӕмыцаты Хъазыбег, республикӕйы сӕйраг федералон инспектор Андрей Бессонов, ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты регионалон штабы ӕмсӕрдар Туаты Теминӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Диктанты кӕрон университеты ректор Уырыссаг географион ӕхсӕнады ног уӕнгтӕн радта сӕ билете












