Профессионалон тохтӕ — Дзӕуджыхъӕуы

0
498

 

Хуыцаубоны, 11 ноябры Хъуылаты Бадзийы номыл спортивон галуан «Манеж» йӕ тӕккӕ дзаг уыди спортуарзджытӕй. Уыцы изӕр спортивон галуаны астӕу цы ӕфсӕйнаг хызӕй ӕхгӕд ринг (октагон) уыди, уым ӕмхӕццӕ лӕгӕй-лӕгмӕ тохты хуызӕй (ММА) цыдысты цымыдисаг ерыстӕ.

Ерыстӕ фыццаг хатт арӕзт ӕрцыдысты лӕгӕйлӕгмӕ тохтӕй профессионалон промаутерон компани «Ирон легион Трофи»- йы хъӕппӕрисӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй ахӕм ерыстӕ саразай, уый тыххӕй хъуыди ӕмбӕлгӕ фӕрӕзтӕ ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ерыстӕ аразджыты фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты: базарадон базӕ «Чибо», ӕхсӕнадон змӕлд «Иудзинады тых», кондитерон фабрикӕ «Анечка» ӕмӕ хицӕн амалхъом адӕймӕгтӕ. ӕдӕппӕтӕй уыцы изӕр спортуарзджытӕ ӕвдисӕн уыдысты дӕс тохӕн. Ирыстойнаг спортсментӕ тохты архайдтой дӕсӕй. Сӕ ныхмӕлӕуджытӕ уыдысты: Хъыргъызстанӕй, Донецкӕй, Мӕскуыйӕ, Таджикистанӕй, Узбекистанӕй, Камерунӕй. Ерыстӕ гом кӕныны мадзалы изӕр сӕ зардӕй срӕсугъд кодтой нӕ зындгонд артисттӕ Тайсауты Олег ӕмӕ Хъӕбӕлоты Руслан. Тохты изӕр амонӕг Роланд Курбанов октагонмӕ рацӕуынмӕ куы фӕсидти 66 кг онг уӕзон богӕлттӕ хъыргъызстайнаг Белек Алиев ӕмӕ Тедеты Эльбрусмӕ, уӕд трибунӕйы бадӕг спортуарзджытӕ сарӕзтой тыхджын къухӕмдзӕгъд. Ацы дыууӕ богалы тох уыди ерысты райдайӕны ӕмӕ рауад ӕцӕг хъазуатон. Тедейы-фырт профессионалон тохты хӕцыд фыццаг хатт, йӕ ныхмӕлӕууӕг Белек Алиев (йӕ фӕсномыг «Спартанец») та амӕй размӕ акодта фондз профессионалон тохы ӕмӕ уыдоны фӕуӕлахиз цыппар хатты. Ацы тохы дӕр хъыргъызаг богал йӕхи равдыста сӕрӕн хӕцӕгӕй, фӕлӕ ӕппынфӕстаг Тедейы-фырт фӕбынӕй кодта йӕ ныхмӕлӕууӕджы ӕмӕ йыл цы уӕззау цӕфтӕ ӕруагъта, уыдонӕн уый нал бафӕрӕзта. Тедеты Эльбрус фӕуӕлахиз ацы тохы, ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты кубок ӕмӕ ӕхцайы преми. Афтӕмӕй нӕ 19-аздзыд богал рамбылдта йӕ фыццаг профессионалон тохы. Дыккаг тохы фембӕлдысты Тайчибек Уулу Шадыбек (Хъыргъызстан) ӕмӕ Махъоты Уырызмӕг. Ацы тох цыди 70 кг онг уӕзы ӕмӕ рауад тынг цымыдисаг. Фыццаг раунды дыууӕ ныхмӕлӕууӕджы дӕр равдыстой стыр уӕлахизмӕ тырнындзинад, фӕлӕ чысыл фылдӕр бантыст Махъойы-фыртӕн. Дыккаг раунды райдайӕны Уырызмӕг сарӕзта тынг цырд ныббырст, йӕ быны акодта йӕ ныхмӕлӕууӕджы ӕмӕ йын йӕ улӕфӕнтӕ куы ацахста, уӕд тӕрхонгӕнджытӕ тох баурӕдтой ӕмӕ уӕлахиз радтой ирыстойнаг богалӕн. ӕртыккаг тохы дӕр ирыстойнаг богал Баллаты Феликсимӕ ерыс кодта хъыргъызстайнаг Адылбек Эркинбаев. Ацы тох дӕр цыди 70 кг онг уӕзы. Хъыргъызаг богал амӕй размӕ уыд Азийы чемпион панкратионӕй, фӕлӕ Баллайыфыртимӕ тохы 47 секунды фӕстӕ састы бынаты баззад. Изӕры 4-ӕм тохы архайджытӕ уыдысты 93 кг уӕзон богӕлттӕ Алексей Журавлев (Донецк) ӕмӕ ирыстойнаг Дзабиты Сослан. Ацы тохы Дзабиты Сослан фӕуӕлахиз 40-ӕм секунды. Йӕ цырд ныббырсты фӕстӕ Сослан йӕ ныхмӕлӕууӕджы хурх дӕсны ахст акодта, ӕмӕ уый адыл тӕрхонгӕнджытӕ тох баурӕдтой. Цыбыр рауад 84 кг уӕзы хӕцӕг Бестауты Родион ӕмӕ таджикистайнаг богал Кишвар Юсуфбековы тох дӕр. Бестауы-фырт йӕ ныхмӕлӕууӕгыл йӕхи стайау ныццавта, йӕ быны йӕ акодта, ацахста йын йӕ къух сӕттын ӕввонг ӕмӕ ууыл тох фӕци 33-ӕм секундмӕ. 7-ӕм тохы ныхмӕлӕуджытӕ уыдысты 77 кг уӕзы богӕлттӕ Тотраты Ричард ӕмӕ Владимир Баев (Донецк). Тох райдыдта дыууӕрдыгӕй ныббырстытӕй. Бӕрӕг уыд, дыууӕ богалы дӕр тохмӕ хорз цӕттӕ кӕй сты ӕмӕ уӕлахизмӕ хъазуатонӕй кӕй тырнынц, уый, фӕлӕ Тотры-фырты радон ныббырсты йӕ ныхмӕлӕууӕг йӕ цӕсгомы фарс ринджы ӕфсӕн хызыл ныццавта ӕмӕ йӕ туг фемӕхст. Ахӕм уавӕры дохтырты фӕндмӕ гӕсгӕ тох урӕд ӕрцыд ӕмӕ уӕлахиздзауыл нымад ӕрцыд Тотраты Ричард. Тынг хъазуатон рауад 66 кг уӕзы Къӕбулты Тамерлан ӕмӕ узбекистайнаг богал Мухамад Шукур Хужаевы тох дӕр, фӕлӕ та ам дӕр ирон богал фӕцырд ӕмӕ йӕ ныхмӕлӕууӕджы хурх дӕсны ахст куы акодта, уӕд тох ууыл ахицӕн Къӕбулыфырты пайдайӕн. Фӕстаг ӕртӕ тохы уыдысты рейтингон, ома, ам чи фӕуӕлахиз уа, уыдон профессионалон лӕгӕйлӕгмӕ тохты лигӕ ММАйы иу къӕпхӕн уӕлдӕр хъуамӕ схызтаиккой. Ацы ӕртӕ тохӕй сӕ иуы архайӕг уыди паралимпаг спорты рог атлетикӕйӕ Европӕ ӕмӕ дунейы чемпионатты фесгуыхӕг, Уӕрӕсейы спорты сгуыхт мастер Кобесты Чермен. Амӕй размӕ ма Чермен архайдта дыууӕ профессионалон лӕгӕй-лӕгмӕ тохы ӕмӕ сӕ иуы уӕлахиз фӕци, иннӕйы та хӕрд. Ныр та Чермен ацы рейтингон тохы кӕй архайдта, уый дзурӕг у йӕ лӕгдзинадыл. Йӕ ныхмӕлӕууӕг уыди мӕскуыйаг богал Вадим Сулейманов. Чермен ӕмӕ Вадим тох кодтой 84 кг онг уӕзы. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Вадим Сулейманов у панкратион ӕмӕ къахкъухӕй хӕцынӕй Мӕскуыйы чемпион. Ахӕм тыхджын богалимӕ тохы ацы хатт Кобесты Черменӕн фӕуӕлахизуӕвын нӕ бантыст, фӕлӕ уӕддӕр нӕ хъӕбатыр лӕппу у арфӕйы аккаг. Йӕ ныхмӕлӕууӕг Сулейманов тохы фӕстӕ йӕ арфӕйы ныхасы Черменӕн скодта стыр аргъ. Иннӕ дыууӕ рейтингон тохы ирон лӕппуты ныхмӕлӕуджытӕ уыдысты камерунаг богӕлттӕ. 66 кг онг уӕзы Хъӕрджынты Махарбеджы ныхмӕ рацыд Камеруны чемпион Ибеу Кибеса. Хъӕрджыны-фырт амӕй размӕ профессионалон спорты цы 10 тохы акодта, уыдоны фӕуӕлахиз фараст хатты. Уыимӕ у дунейы Кубок рамбулӕг ММА-ы иу хайы. Махарбег ацы тохы равдыста йӕ хуыздӕр миниуджытӕ ӕмӕ йӕ ныхмӕлӕууӕджы нокаутмӕ арвыста 20-ӕм секундыл. Фӕстаг тохы архайдтой Нигери ӕмӕ Африкӕйы чемпион боксӕй Камур Муканг (йӕ фӕсномыг «Тайсон») ӕмӕ самбойӕ дунеон къласы спорты мастер, дунеон чемпионаты 2-аг бынат бацахсӕг Тыбылты Ибрагим. Нӕ богал хорз зыдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы гӕнӕнтӕ ӕмӕ тактикон ӕгъдауӕй йӕ архайд сарӕзта раст. Йӕхи бахъахъхъӕдта Камур Мугангы уӕззау цӕфтӕй, афтӕмӕй йӕ тохы 2-ӕм минутыл йӕ быны акодта ӕмӕ йыл ихуарӕгау ныккалдта йӕ уӕззау цӕфтӕ. Тох баурӕдтой 1 минут ӕмӕ 20-ӕм секундыл. Афтӕмӕй Тыбылты Ибрагим ссис «Ирон легион»-ы арӕзт фыццаг турниры уӕлахиздзау 77 кг онг уӕзы. Уӕлахиздзаутӕн лӕвӕрд ӕрцыдысты Кубоктӕ, рӕттӕ ӕмӕ ӕхцайы премитӕ. Промоутерон компани «Ирон легион Трофи»-йы генералон директор Хӕдзарӕгаты Артур зӕрдиаг арфӕ ракодта ерысты архайджытӕ, спортуарзджытӕ ӕмӕ ацы спорты стыр изӕр афтӕ ӕнтыстджынӕй цӕмӕй ацӕуа, уым сӕ фарсмӕ чи ӕрбалӕууыд, уыцы ӕххуысгӕнджытӕн. «Уыдон уыдысты: Базарадон базӕ «Чибо», фирмӕ «Папа Джонс», кафе «Маракана» ӕмӕ хицӕн амалхъом адӕймӕгтӕ. Уыдон иууылдӕр сты арфӕйы аккаг ӕмӕ сӕ хорздзинадӕй ӕвӕсмон куыд никуы уой, уый сын Хуыцауы цӕст бауарзӕд», — загъта Хӕдзарӕгаты Артур.

БАСКАТЫ Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here