Плиты Грисы «Чермен» — Ирон театры сценӕйыл

0
707

Цӕгат Ирыстоны Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры 2018-2019 азты театралон сезоны 15, 16 ноябры театрдзаутӕ бацин кӕндзысты зындгонд ирон поэт, драматург Плиты Грисы уацмыс «Чермен»-мӕ гӕсгӕ ӕвӕрд спектаклы премьерӕйыл. Ацы аз ПЛИТЫ Грисы райгуырдыл 115 азы кӕй ӕххӕст кӕны, йӕ уацмысы сӕйраг хъайтар, Чермены фӕлгонц ирдӕй саразӕг, УФ-йы адӕмон артист УАТАТЫ Бибойы райгуырдыл та 80 азы, уымӕ гӕсгӕ сын Ирон театры аивадон разамонӕг КОЛЫТЫ Владислав ӕмӕ театры артисттӕ спектаклы премьерӕйӕ арынц сӕ рухс нӕмттӕ.

Трагеди «Чермен» фыццаг хатт ирон театры сценӕйы ӕвӕрд ӕрцыд 1949 азы. Фыст у ирон адӕмы историйы патриархалонфеодалон ахастдзинӕдты рӕстӕджы цауты бындурыл. Таурӕгътӕм гӕсгӕ ирон адӕмы национ хъайтар Чермен цард Цӕгат Ирыстоны XVIII-XIX ӕнусты Хъобаны. Уацмысы конфликт у социалон — адӕм ӕмӕ ӕлдӕртты быцӕу. Таурӕгъты дзуринаг, уӕздан, ныфсхаст, тыхджын, цыргъзонд, рӕстдзинад ӕмӕ адӕмы бартыл тохгӕнӕг Чермен ӕмӕ мӕгуыр зӕхкусджытӕн Тлаттатӕ зӕххытӕ уаргӕйӕ хай нӕ радтой. Чермены кӕвдӕсардӕй тонынц. Уый фӕдыл ӕлдӕрттимӕ бацӕуы мӕлӕтдзаг тохы. Ам баиу вӕййынц фыды уарзтмӕ бӕллиц ӕмӕ кӕвдӕсарды фыдӕх. Фӕлӕ Чермен йӕ размӕ цы нысан сӕвӕрдта, уый у ноджы ахсджиагдӕр — агуры адӕймаджы бынат а зӕххыл.

Спектаклы режиссерӕвӕрӕг у УФ-йы сгуыхт артист, Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Сӕбанты Тамерлан.

Нывгӕнӕгӕвӕрӕг — РЦИ-Аланийы аивӕдты сгуыхт архайӕг Эммӕ Вергелес.

Композитор — УФ-йы аивӕдты сгуыхт архайӕг Махъоты Ацӕмӕз.

Кӕфтытӕ ӕвӕрӕг — РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг Суанты Валери.

Хӕстон сценӕтӕ ӕвӕрӕг — Хъӕцмӕзты Ацӕмӕз.

Режиссеры ӕххуысгӕнӕг — РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг Хъесаты Светланӕ.

Даккойы фӕлгонц сарӕзта УФ-йы сгуыхт артист Бекмӕрзты ӕхсар,

Хъасай — РЦИ-Аланийы адӕмон артист Æлбегаты Алан,

Бестол — РЦИ-Аланийы адӕмон артист Хъӕцмӕзты Лазыр ӕмӕ УФ-йы сгуыхт артист Гуыбиаты Хъазыбег,

Нана — РЦИ-Аланийы адӕмон артист Цырыхаты Розӕ ӕмӕ РЦИ-Аланийы адӕмон артист Гӕбуты Жаннӕ,

Чермен — РЦИ-Аланийы сгуыхт артист — Битарты Алыксандр,

Мырза — РЦИ-Аланийы сгуыхт артист Мыртазты Тимур,

ӕлдар — УФ-йы сгуыхт артист Тлаттаты Бексолтан ӕмӕ РЦИ-Аланийы адӕмон артист Къӕбысты Павел,

Дзандар — РЦИАланийы сгуыхт артист Цӕллагты Сослан,

Мулдар — РЦИ-Аланийы адӕмон артист Тыджыты Эдуард,

Хадзы — УФ-йы сгуыхт артист Бытъӕты Роберт,

Азау — артист Хынцӕгты Маринæ,

Садул — РЦИ-Аланийы сгуыхт артист Къуымӕллӕгкаты Ладемыр,

Дзиу — артист Джанайты Эльбрус,

Инал — артист Дарчиты Хетӕг.

— Грисы уацмыс «Чермен»-мӕ абон хуымӕтӕджы нӕ раздӕхтыстӕм, — загъта Сӕбанты Тамерлан. — Хъыгагӕн, абоны царды Чермены хуызӕн хъайтартӕ нал ис. Нӕ царды рӕстдзинады хъаруйыл кӕй нал ӕууӕндынц, уый аххосӕй йыл чи стох кӕна, ахӕм хъайтартӕ дӕр систы стӕм. Бафӕндыд мӕ ирон адӕмы зӕрдыл Чермены хъӕбатырдзинад ӕрлӕууын кӕнын, кӕд, зӕгъын, йӕ лӕгдзинад, йӕ адӕймаджы хуыздӕр миниуджытӕ, йӕ куыстуарзондзинад бафӕзмыниккой нӕ фӕсивӕд. Иу лӕджы бон дӕр у цардмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссын, хорз лӕджы ныхӕсты фӕстӕ адӕм сыстдзысты. Хъыгагӕн, Грисы хъайтар Чермены абоны «сӕрӕнтимӕ» абарӕн нӕй. Сӕрӕн рахонӕм йӕхи пайдайӕн алырдӕм дӕр чи тасы, ӕвзӕр митӕ йӕ сӕрмӕ чи хӕссы, царды йӕ фыццаг нысан мулк кӕмӕн у, ӕмӕ уыцы нысанмӕ цӕугӕйӕ чи ницӕуыл бацауӕрддзӕн, стыр галуантӕ йӕ къухы искӕй фӕллойӕ саразын кӕмӕн бафтыд, уый. Зӕххытӕ та ног кӕддӕрау иуты къухты баисты, иннӕтӕ ӕгуыстӕй тигътыл лӕууынц. Афтӕмӕй ӕгуыст адӕймагӕй тӕссагдӕр ницы ис абоны цардӕн. Нӕ фыдӕлтӕ ХХ ӕнусы цы фарстатыл тох кодтой, уыдон сног сты. Фӕнды мӕ, цӕмӕй мах нӕ рӕстӕджы кинонывты хъайтарты лӕгдзинад ӕмӕ сгуыхтдзинӕдтыл куыд хъомыл кодтам, бафӕзмынынмӕ сӕ бӕлгӕйӕ, афтӕ ныры фӕсивӕдӕн дӕр уа, сӕхи кӕмӕ ивазой, ахӕм хъайтартӕ. Уыдонӕй иу у Чермен.

ХЕТÆГКАТЫ Оксанӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here