Киноныв турчы цæрæг ирæтты тыххæй

0
405

 

Знон Дзæуджыхъæуы хуыздæр уазæгуат «Александровский»-йы конференц-залы уыд документалон киноныв «Аланы. Дорога к Родине»-йы презентаци. Байгом æй кодта РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг ЛАЛЫТЫ Хъазыбег. Уый ныхасы бар радта Республикæ Цæгат ИрыстонАланийы национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр ЦУЦИТЫ Асланæн. Министр куыд загъта, афтæмæй Турчы цæрæг ирæтты тыххæй документалон киноныв систой нæ челябинскаг режиссер Роман БАРАНОВ æмæ продюсер Руслан НИЗАМОВ се ‘мбæлттимæ

Национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады «РЦИ-Аланийы гуманитарон бастдзинæдты райрæзты æмæ фæсарæйнаг æмбæстæгты æмархайд», зæгъгæ, уыцы дæлпрограммæ æххæст кæнгæйæ æрцыд заказгонд киноныв. Ныхас дзы цæуы ирæттæ Туркмæ куыд лыгъдысты, цы фыдæбæттæ æвзæрстой æмæ абон цы куыстытыл хæст сты, цы уавæрты цæрынц, сыгъдæг ирон хъæутæй ма дзы цы æртæ чысыл цæрæн бынаты баззад, сæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ æвзагыл куыд хæцынц, уыцы хъуыддæгтæ. Документалон кинонывы размæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз йæ раныхасы арфæ ракодта киноныв сисджытæн, бафиппайдта, зæгъгæ, Куындыхаты Муссæ раст кæй нæ разынд, уый бæрæг у абоны цардæй. Туркмæ цы адæмы акодтой, уыдон сæ дин бахъахъхъæдтой, фæлæ се ‘гъдау æмæ се ‘взаг бахъахъхъæнын сæ бон нæ бацис, сæ зæрдæ иудадзыгдæр æхсайдта сæ фыдæлты зæхмæ. Мадриды цæрæг ирæтты диаспорæйы сæрдар Хъайттаты Ацæмæз кинонывы тыххæй йæ хъуыдыты загъта, цæмæй ахæм кинонывтæ ист æрцæуа фæсарæнты цæрæг иннæ ирон диаспорæты тыххæй дæр.

Кинонывмæ бакæсыны фæстæ Стамбулы ирон диаспорæйы минæвæрттимæ арæзт æрцыд видеоконференци. Туркаг ирæттимæ ныхас кодтой национ ахастдзинæдты министр Цуциты Аслан, Стыр Ныхасы сæрдар Кучиты Руслан æмæ конференцийы иннæ архайджытæ. Сæ туркаг æмбæстæгтæн арфæтæ ракодтой Ног азы бæрæгбоны фæдыл.

Стамбулы цæрæг ирæттæ разыйæ баззадысты кинонывæй, зæрдиаг арфæтæ ракодтой Цуциты Асланæн æмæ киноныв сисджытæн. Ирыстоны хорз зындгонд туркаг ирон сылгоймаг Пухаты Зале йæ арфæты фæстæ фæсидт конференцийы архайджытæм, цæмæй фæсивæдæн бамбарын кæной, телесериалты Турчы цард куыд æвдыст цæуы, афтæ хорз кæй нæу æмæ йæм мацæмæ бæллæнт. Бирæ зæрдæбын арфæтæй фæцис видеоконференци. Разыйæ баззадысты стамбулæгтæ дæр æмæ дзæуджыхъæуккæгтæ дæр.

КАСАТЫ Батрадз Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here