Национ проекттæ æххæстгонд куыд цæуынц, политикон парти «Иугонд Уæрæсе» уымæ æппæтуæрæсеон уагæй цæст дардзæн. Ацы хабар фехъусын кодта партийы регионалон хайады пресс-службæ.
— Национ проекттæ æххæстгонд куыд цæуынц, уымæ цæст дардзыстæм, канд уый нæ, фæлæ ма нæ зæрды ис ацы хъуыддагмæ адæмы дæр æрбахонын, куыст куыд цæуы, адæмимæ иумæ ууыл ныхас кæнын. Национ проектты сæйраг хæс адæмы фæрныгады къæпхæн фæуæлдæр кæнын кæй у, уый нымайгæйæ, архайæм адæмы хъуыды нымайыныл, — загъта «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг регионалон хайады секретарь Ортабайты Тимур.
Федералон æмвæзадыл кæй сараздзысты, цæстдарды уыцы къордтæм хондзысты Паддзахадон Думæйы депутаттæ æмæ сенаторты. Уымæй уæлдай, ацы куыстмæ æрбахонынмæ хъавынц æппæт партион проекттæ æмæ партийы æппæт æхсæнадон регионалон хайæдтæ. Куыст куыд цæуы, уый тыххæй хабæрттæ рæстæгæй-рæстæгмæ хъусын кæндзысты «Иугонд Уæрæсе»-йы сæрдарæн.














