Зæххыл рæстæй куы цæрай

0
470

 

Адæймагыл азтæ кæуылты атæхынц, уый æмбаргæ дæр нæ бакæны. Æрмæст зæронд къамтæ вæййынц æмыр æвдисæнтæ кæддæры цаутæн. 85-аздзыд æрыдойнаг Дзахоты -Хъалæгаты Нинæ арæх райсы йæ къухмæ, рæстæгæй чи фæбур, ахæм хуызист, æмæ та уæд йæ хъуыдыты атындзы йæ ивгъуыд бонтæм, йæ мысинæгтæ хъавгæ февзары. Ацы къамы ист æрцыд йæ мад Созæты Мария, уый кæстæртæ авдæй æмæ уыдоны цот…Уыцы бон æрæмбырд сты иууылдæр сæ ныййарæджы хæдзармæ. Куыд амондджын рæстæг уыд, æвæдза, сæ мад-иу, къуырттон карк йæ цъиуты йæ базыры бын куыд бакæны, афтæ йæ хъæбулты йæ хъарм хæдзары куы æрæмбырд кодта, уæд. Кау бийæгау æнгом кодта бинонты, уыд сæ фарнхæссæг, сæ ныфсдæттæг. Цасфæнды дæр цæуæд адæймагыл, уæддæр йæ зын сахаты, йæ рысты йæ мадмæ ныхъхъæр кæны, уымæй фæагуры æххуыс. Нæ рох кæны йæ рæвдыд, йæ фæлмæн къухты бандзæвд, йæ ныхас.

Созæты Мария райгуырд Хъæдгæроны зæхкусæджы хæдзары. Хæрзчысыл куы уыд, уæд йæ ныййарæг амард, æмæ йæ æртæ æфсымæримæ сидзæрæй баззадысты. Фыдыус кæд сывæллæттæм æвзæр цæстæнгас нæ лæвæрдта, уæддæр ын мады ад не скодта. Æртындæсаздзыд чызджы чындзы радтой Дзахоты мыггагмæ. Мария æмæ Михал баиу кодтой сæ цин æмæ маст, сæ амонд æмæ катай. Кæрæдзи иу ныхасæй чи æмбæрста, сæ алы фарстатæ æмдых, æмзондæй чи лыг кодта, ахæм адæм разындысты йæ хурæргом бинонтæ. Йе ‘фсин æй мады рæвдыд кодта, уыдис ын цæстуарзон зондамонæг. Марияйæн йæ кæстæр æфсымæр йæхиуыл ахуыр уыд, æмæ йæ ацыды фæстæ сывæллон йæхимæ ныхъхъуыста. Уый базонгæйæ, хистæртæ бауынаффæ кодтой, æмæ гыццыл лæппуйы сæхимæ æрхаста. Цалынмæ рахъомыл, уæдмæ йæ хоимæ цард. Уый фæстæ йæ йæ мыггаг куы æрцагуырдта, уæд ацыд.

Цард йæ сыгъзæрин тынтæ уафгæ цыди. Иу иннæйы фæдыл афæлгæсыжысты дунейыл Мария æмæ Михалы авд хъæбулы. Фæлæ уыдон иумæ схъомыл кæнын нæ бантыст цардбæллон бинонтæн. Тугкалæн хæст райдыдта, уый фехæлдта нæ бæстæйы се ‘ппæт бинонты сабыр æмæ амондджын цард. Ныууагъта уæззау хъæдгæмттæ Марияйы зæрдæйы дæр. Фыццаг сау гæххæтт æрцыд йæ уарзон æфсымæры номыл. Созæты Михал, бæхджын дивизийы командыгæнæг, хъазуатонæй фæмард Фыдыбæстæйы сæрвæлтау. Марияйыл хур аныгуылд, йæ рустыл йæ цæссыджы фæдтæ нал хус кодтой. Æмæ та ногæй хабар: æбæрæгæй фесæфт йæ цардæмбал Михал.

Марияйы йæ мойы сæфт уырнгæ дæр нæ кодта, хæсты фæстæ дæр ма йæм æнхъæлмæ каст, æмæ-иу дуары хъинц куы фæцыд, уæд-иу йæ зæрдæйы къуымы цыдæр ныфс базмæлыд, кæд мæ хæстон сыздæхт, зæгъгæ. Сидзæргæсæй баззад æрыгон сылгоймаг. Цардмæ сфæлтæрын хъуыд йæ хъæбулты. Мария бирæ тухитæ бавзæрста, фæлæ йæ фарсмæ фидар ныфсау уыдысты йæ хæстæджытæ, сыхæгтæ. Йæхæдæг дæр алы куыстмæ дæр арæхст. Йæ дыууæ къухæй арвы хуыз иста, афтæ хорз хуыдта, æмæ уый руаджы йæ цот ницы хъуаг æййæфтой.

— Кæд мулкджын бинонтæ нæ уыдыстæм, уæддæр уыдыстæм тынг æнгом æмæ, куыд стырдæр кодтам, афтæ уыцы бастдзинад фидардæр кодта. Кæрæдзиуыл аудын, кæрæдзийæн аргъ кæнын, гыццыл истæмæй дæр кæрæдзи зæрдæ æлхæнынмæ нæ разæнгард кодта нæ мад. Иу къæбæр дæр иу авд дихы акодтам, — мысы Нинæ.

Схъомыл сты сывæллæттæ, алы куыстуæттæм бацыдысты, бинонтæ дæр скодтой. Сæ ныййарæг сын цы раст фæндæгтæ бацамыдта, уыдоныл ацыдысты: адæмимæ хæларæй цæрын, зæрдæбынæй сын лæггад кæнын, кæрдзындæттон уæвын, уазæгыл цин кæнын.

Марияйыл зындзинæдтæ кæд сæ уаргъ æруагътой, уæддæр йæ сыгъдæг зæрдæйы мисхалы бæрц дæр нæ уыд бынат налатдзинадæн, козбаудзинадæн. Иу хæрам адæймаг ын нæ уыд. Уый нæ, фæлæ, йæ алыварс цы адæм цард, уыдонæн йæ уды хъармдзинад никуы бавгъау кодта. Исчи-иу йæ къонамæ куы æрбацыд, уæд-иу ын цы балæвар кæна, цы хорз ын ракæна, хуыздæр æй куыд сбуц кæна, ууыл уыд йæ мæт. Мыггаджы æмæ хъæубæсты ‘хсæн фæцард уæздан æмæ хæрзæгъдау адæймагæй 93 азмæ. Цы кад ын уыд, уымæн æвдисæн уыдысты, йæ зианы бон чырыны уæлхъус цы дуне дзыллæ æрбамбырд, уыдон.

Цалынмæ сæрæгас уыд, уæдмæ йæ бинонтæ уыдысты æнæниз, иу дæр сæ нæ фæхъуыд, уый фæстæ сæ мæлæт иугай-дыгай хæссын райдыдта, цыма, сæ хъахъхъæнæг семæ нал уыд, уый бамбæрстой, афтæ. Йæ авд хъæбулæй абон сæрæгас сты æртæйæ. Нæ батæригъæд кодта мæлæт Нинæйы дыууæ хъæбулæн дæр. Фæлмæнтæдзураг, рæстуд, цæстуарзон адæймаг, йæ арм алкæмæн дæр фынгæн чи дары, уый цъæх цæстыты арфы бамбæхст æнæкæрон рыст. Бирæ зындзинæдтæ баййæфта Михал æмæ Марияйы чызг царды. Æрыгон чызгæй бакуывта Хъалæгаты хæдзармæ. Цыппар сывæллонæй сбуц кодтой хистæрты зæрдæтæ. Йæ кæстæр лæппуйыл афæдз æмæ æрдæг сæххæст, афтæ амард йæ цардæмбал. Сывæллæтты цæмæй сæ къæхтыл слæууын кæна, уый тыххæй йæ ныфс бахаста, нæлгоймæгтæй дæр бирæтæ кæм нæ бафæраздзысты, ахæм ранмæ. 13 азы, йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, фæллой кодта Садоны шахтæйы. Уым фыдбылызы бахаудис æмæ, йæ къух хъыгдард кæй баййæфта, уый тыххæй йæ бахъуыд æндæр куыст агурын. Уый фæстæ 53 азы æнæхинæй уæйгæнæгæй бакуыста. Фæлæ, кæй тыххæй фæфыдæбон кодта цæрæнбонты, уыдонæй дыууæ хъæбулы цæрынхъуагæй мæрдтæм бацыдысты.

Бирæ цæссыг фæкалдта Нинæ йæ царды, фæлæ нæ фæцудыдта, йæ адæймагдзинад нæ фесæфта. Абон йе стырдæр бæллиц у, цæмæй Ирыстоны алкæй хъæбул дæр æнæниз æмæ амондджынæй цæра.

СИХЪОТЫ Маринæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here