«Нё бастдзинады бындуртё — кёрёдзи нымайын, кёрёдзийён аргъ кёнын»

0
338

 

Республикёйы Сёргълёууёг БИТАРТЫ Вячеслав Хицауады хёдзары фембёлд науконпрактикон конференци «Истори. Дин. Ёхсёнад»-ы архайджытё ёмё уазджытимё.

Конференци йё куыст кодта Дзёуджыхъёуы, Национ наукон библиотекёйы ёмё баст уыд, федералон архитектурёйы нысаниуёджы цыртдзёвён — Суннитты мёзджытыл 110 азы кёй сёххёст, уыцы цауимё. Уый фёдыл Цёгат Ирыстонмё ссыд делегаци Республикё Азербайджанёй, йё сёргъы Кавказы пысылмётты управленийы сёрдар, Шейх-уль-ислам Аллахшукюр Пашазаде. Делегацийы уёнгтё уыдысты Азербайджаны Парламент — Милли Меджлисы депутаттё, Бакуйы ёмё Азербайджаны Епархийы сёргълёууёг, Архиепископ Александр. Конференцийы куысты архайдтой Цёгат-Кавказы федералон зылды регионты муфтитё, паддзахадон ёмё ёхсёнадон архайджытё. Цёгат Ирыстоны пысылмётты ‘рдыгёй конференцийы архайдта муфти Гуёцёлты Хадзымурат.

РЦИ-Аланийы Сёргълёууёг Битарты Вячеслав арфё ракодта уазджытён ёмё бафиппайдта, Цёгат Кавказы бирё адёмыхёттытё ёмё алыхуызон динты минёвёрттё кёй цёрынц, уыцы уавёрты наукон-практикон конференцийён ахсджиаг нысан кёй ис. Республикёйы Сёргълёууёг уёлдай арфё ракодта азербайджайнаг делегацийён, уымён ёмё сё адёмы минёвар Муртуза Мухтаров йё рёстёджы балёвар кодта Дзёуджыхъёуён ацы мёзджыт, ёмё ацы историон цыртдзёвён ссис нё горёты фёлгонц.

— Куыд зонём, афтёмёй Ирыстон ёмё Азербайджан рагёй-ёрёгмё дёр сты фидар баст хёлардзинад ёмё ёфсымёрдзинады историон тёгтёй. Нё бастдзинады бындуры ёвёрд сты кёрёдзи нымайыны ёмё кёрёдзийён аргъ кёныны традицитё. Уымён ирд ёвдисёнтёй иу у, Ирыстоны ёхсёнадон-политикон ёмё культурон царды стыр разёнгардёй кёй архайынц республикёйы цёрёг азербайджайнаг ёхсёнады бирё минёвёрттё. Нё дыууё адёмы хёлардзинады нысан та ссис, Дзёуджыхъёу кёмёй сфидыдта, уыцы Суннитты мёзджыт, — загъта Битарты Вячеслав.

Республикёйы Сёргълёууёг куыд бафиппайдта, афтёмёй Цёгат Ирыстон у бирёнацион ёмё бирёконфессионалон республикё, цы бирё адёмыхёттытё ёмё динты минёвёрттё нём цёрынц, уыдонён Ирыстон ссис, кёрёдзи ёмбарын ёмё хорз сыхёгтау цёрын йё бындуртё кёмён сты, ахём иумёйаг хёдзар.

Битарты Вячеслав загъта, йё зёрдё кёй дары, дыууё республикёйы ‘хсён бастдзинёдтё дарддёр дёр фидар кёй кёндзысты, Уёрёсе ёмё Азербайджаны ‘хсён ахастдзинёдтыл хорзёрдём кёй фёзындзысты ёмё ёппёт Кавказы дёр сабырдзинад ёмё нывылдзинадён ахъаз кёй уыдзысты, ууыл.

Шейх-уль-ислам Аллахшукюр Пашазаде азербайджайнаг делегацийы номёй Битарты Вячеславён арфё ракодта, Цёгат Ирыстоны сыл афтё зёрдиагёй кёй сёмбёлдысты, уый фёдыл ёмё йын бузныджы ныхёстё загъта Республикё Азербайджаны Президент Ильхам Алиевы номёй.

Уымёй уёлдай Битарты Вячеславён шейх арфё ракодта, алы адёмыхёттытё ёмё алы динты минёвёрттён республикёйы арёзт кёй цёуынц ёмхуызон бартё, ёмё бафиппайдта, йе ‘мзёххонтён Ирыстоны нывыл цард кёнынён ёмё сё национ традицитё бёрёг кёнынён ёппёт уавёртё дёр кёй ис, уый. Стёй загъта, Азербайджан ёмё Цёгат Ирыстоны ‘хсён дарддёр дёр хёлардзинады ахастдзинёдтё кёй уыдзён, дыууё адёмы ‘хсён удварны ёмё культурон бастдзинёдтё фидардёр кёй кёндзысты, уымёй йё ныфс кёй ис. Битарты Вячеславы шейх фёхуыдта уазёгуаты Азербайджанмё.

Республикёйы сабырдзинад ёмё нывылдзинад бахъахъхъёнынмё, нацитё ёмё конфесситы ‘хсён бастдзинад фёфидар кёнынмё стыр ёвёрён кёй хёссы, уый тыххёй Хъёрёсе-Черкесты республикёйы муфти Исмаил Бердиев Битарты Вячеславён радта орден «За заслуги перед Умой».

Дыууё адёмы минёвёрттё кёрёдзийён радтой зёрдылдарён лёвёрттё.

 Нё уацхёссёг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here