Республикæйы Сæргълæууæг фембæлд Суадаг æмæ Хæтæлдоны цæрджытимæ

0
279

 

Алы аз дæр Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты студенттæ уæлдай цины æмæ цардбæллон æнкъарæнтимæ сбæрæг кæнынц ахуырдзау фæсивæды бæрæгбон — Студентты дунеон бон. Сбæрæг æй кодтой ацы хатт дæр. 25 январь — Студентты дунеон бон Æвзонгдзинады æмæ рæсугъд ныфсыты рæстæг Нымæцтæ Тæрхонадон пъырыстыфты архайды фæрцы Æмбырд Æрдзон фæрæзтæй пайда кæнынмæ — хуыздæр цæстæнгас Республикæйы æппæтвæрсыг мадзæлттæ арæзт цæуы, цæмæй чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомад рæза. Уыимæ, алыхуызон амалхъомадон проекттæ æххæст кæныны хъуыддагмæ паддзахады æрдыгæй цæстдард ис æппæт къæпхæнтыл дæр. Ацы æмæ æндæр ахсджиаг хабæртты тыххæй Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав радзырдта Алагиры районы Суадаг æмæ Хæтæлдоны цæрджытимæ фембæлды.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ. Фембæлды архайдтой республикæйы Сæргълæууæджы Администрацийы разамонæг Челæхсаты Рустем, Алагиры районы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Елойты Аслан æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Ныхасы рæстæг æргом аздæхта хъæуты цæрджыты тыхстаг фарстатæм. Зæгъæм, адæм куыд рахабар кодтой, афтæмæй Суададжы уæллаг хаймæ нуазыны дон фаг нæ хæццæ кæны, хъæуы дæллаг хайы та парахат у. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй хъæуы донæфсисады системæйы арæзтмæ бахæссын хъæуы иуæй-иу ивддзинæдтæ. Уæд хъæуы уæллаг хай дæр донцух нал æййафдзæн. Республикæйы разамонæг профилон министр Таматы Майрæнæн бахæс кодта, цæмæй фарста лыггонд æрцæуа.

Иннæ фарста — Хæтæлдоны донуадзæн хæтæлтæ раивыны хъуыддаг. Ацы фарстайыл дæр бакусдзысты. Фыццаг къæпхæныл районы администраци бацæттæ кæндзæн хъæугæ проектон-сметон документаци. Проекты фæдыл экспертизæ æмæ æндæр хъæугæ прцедурæтæ куы саразой, уæд æй бахæсдзысты федералон проект «Экология»-мæ.

Адæм хъаст кодтой, дыууæ хъæуы дæр центрон уынгтæ асфальтæй æмбæрзт кæй не сты, уымæй дæр. Уыцы фарстайы фæдыл раныхас кодта республикæйы Фæндаггон хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль. Йæ ныхасмæ гæсгæ, фæндæгтæ сцалцæг кæнынæн ныридæгæн дихгонд æрцыд 300 мин сомы бæрц.

Фембæлды рæстæг сæрмагондæй æркастæуыд цæрæн бынæттæ донивылдтытæй хъахъхъæныны фарстамæ дæр. Ацы хъуыддагыл дæр бæлвырд куыст цæуы РЦИ-Аланийы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады æмвæзадыл. Министрады специалисттæ бацæттæ кодтой цæугæдæтты былгæрæттæ фæфидардæргæныны проект. Паддзахадон экспертизæйы специалисттæ проектæн хорз аргъ скодтой. Зæрдæ дарæн ис, нысангод куыстытæ 2020 азы кæй райдайдзысты, ууыл.

Бынæттон цæрджытæ сæвæрдтой хъæуты клубты уавæры фарста дæр. Культурæйы министрады минæвæрттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Суадаг æмæ Хæтæлдоны клубтæ сцалцæг кæндзысты 2020 азы. Фембæлды рæстæг æркастæуыд æндæр фарстатæм дæр.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here