Красноярскæй — æртæ хæрзиуæгимæ

0
378

 

Красноярскы ивгъуыд хуыцаубоны фесты дунеон турнир Гран-при «Иван Ярыгин-2019»-ы ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. Гран-при «Иван Ярыгин» у уæгъдибар хъæбысхæстæй Олимпаг хъæзтыты, дунеон æмæ Европæйы чемпионатты фæстæ цы ерыстæ фæцæуы, уыдоны сæйрагдæртæй. Красноярскы турниры бæрæггæнæнтæ уæлдай ахсджиагдæр вæййынц уæрæсейаг богæлттæн.

Ацы ран дæхи куыд равдисай, уымæ гæсгæ Уæрæсейы иугонд командæйы сæргълæуджытæ хатдзæгтæ скæнынц, спортсменты дарддæры фæндаг куыд саразын хъæуы, уыдæттæн. Ацы аз Дунеон Кубокыл ерыстæ цæудзысты Уæрæсейы, уый фæстæ та кæрæдзийы фæстæ уыдзысты Европæйы чемпионат æмæ европæйаг хъæзтытæ. Фæззæджы фыццаг мæй сентябры та цæудзæн дунеон чемпионат. Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы богæлтты размæ уыцы ерысты ис æвæрд æрмæстдæр уæлахиз фæуыны хæс.

«Иван Ярыгин-2019»-ы цы аст ирыстойнаг богалы хæцыд, уыдонæн бантыст дыууæ сыгъзæрин æмæ иу æвзист майданы рамбулын. Нæ богæлттæй сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Анжелæ Фоменко æмæ Сидахъаты Зауырбег. Уымæй уæлдай ма Цæкулаты Батырбегæн бантыст æвзист майдан рамбулын.

Нæ курдиатджын чызгбогал Анжелæ Фоменко, афæдзы размæ йæ уæраг кæй фæцæф, уый аххосæй дæргъвæтин рæстæг ерысты нал архайдта. Ныр Гран-при «Иван Ярыгин-2019»-ы кæй фесгуыхт, уый у уæлдай æхсызгон æмæ дзурæг у Анжелæйы стыр гæнæнтыл. Æнæмæнг, дарддæр нæ сæрæн чызг тырндзæн ног уæлахизтæм æмæ-иу йæ хорз фæндтæ йæ къухы бафтæнт. Анжелæйы тренер Осмæнты Русланы уырны, йæ хъомылгæнинагæн йæ авналæнтæ дунеон чемпионаты фесгуыхыны аккаг дæр кæй сты æмæ, уыцы хабарæн дæр æвдисæн куыд суæм, уый Хуыцауы цæст бауарзæд.

Ногæй та йæ иузæрдион фарсхæцджыты зæрдæтæ барухс кодта фароны дунейы чемпион Сидахъаты Зауырбег. 74 кг онг уæзы йын уыди амæй-ай тыхджындæр ныхмæлæуджытæ æмæ уыдонимæ ерысы æнцон нæ уыд фыццаг суæвын. Зауырбег куы фæуæлахиз йæ цыппар ныхмæлæууæгыл, уæд кæронбæттæны фембæлд туркаг тыхджын богал Якуп Горимæ. Ацы хъазуатон тохы кæронмæ ма хæрз чысыл рæстæг куы баззад, уæдмæ æмбылдта туркаг богал, фæлæ та ам дæр Зауырбег йæ лæгдзинад равдыста æртæдывæрæй. Йæ ныббырсты ныхмæ Горы бон нал баци фæлæууын æмæ сæ тох ахицæн 5:4 хыгъдæй Сидахъы-фырты пайдайæн! Нæ арфæтæ Зауырбег æмæ йæ тренертæ Æрчъегкаты Тотрадз æмæ Дудайты Эльбрусæн!

92 кг онг уæзы дыккаг бынатмæ рацыд Олисаты Дзамболаты хъомылгæнинаг Цæкулаты Батырбег.

Уый бæрц амæй-ай тыхджындæр ныхмæлæуджытæ кæм ис, ахæм бæрнон ерысты дыккаг бынат банымайын хъæуы хорз æнтыстыл, фæлæ дарддæр Цæкулайыфырт стырдæр нысантæм кæй тырны, уый нæ уырны, æмæ йын уый мах зæрдæ зæгъы!

Красноярскы Гран-при «Иван Ярыгин-2019»-ы уæлахиздзаутæ нæлгоймæгты ‘хсæн систы: 57 кг — Муслим Садулаев, 61 кг — Магомедрасул Идрисов, 65 кг — Ахмед Чакаев, 70 кг — Магомедрасул Газимагомедов, 74 кг — Сидахъаты Зауырбег, 79 кг — Ахмед Гаджимагомедов, 86 кг — Даурен Куруглиев, 92 кг — Магомед Нурбанов, 97 кг — Шамиль Мусаев, 125 кг

— Анзор Хизриев, иууылдæр сты Уæрæсейæ.

 БАСКАТЫ Уырызмæг

 

Футбол. «Спартак» йæхи цæттæ кæны чемпионатмæ

Уæрæсейы дыккаг къорды футболон командæты чемпионат райдайдзæн мартъийы, фæлæ йæм футболисттæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой рагацау.

Футболуарзджытæ куыд зонынц, афтæмæй уалдзæджы хъæзтытæм Дзæуджыхъæуы «Спартак» йæхи цæттæ кæны ног сæйраг тренеры разамындæй.

Нæ фæлтæрдджын тренер Гæззаты Юри йæхи фæндонæй «Спартачы» сæйраг тренеры бынатæй кæй ацыди, уымæ гæсгæ йæ бынатмæ хуынд æрцыди нæ зындгонд футболист Гогниты Спартак. Гогнийыфырт бирæ азты хъазыди раздæр нæхи «Спартак-Алани»-йы, уый фæстæ та — Уæрæсейы уæлдæр къорды командæты. Фарон Гогниты Спартак райста тренеры лицензи æмæ ныр дысфæлдæхтæй бавнæлдта йæ ног куыстмæ — йе ‘мном командæ уалдзæджы ерыстæм, куыд гæнæн ис, афтæ хуыздæр бацæттæ кæнынмæ.

Сæйраг тренер æмæ йе ‘ххуысгæнджытæ æрвылбон зæрдиагæй кусынц футболисттимæ.

Куыст бындуронæй кæй цæуы, уымæн æвдисæн у, РЦИ-Аланийы физкультурæ æмæ спорты министр Гæбулты Владимир сæм лæмбынæгæй йæ хъус кæй дары, уый дæр. Гæбулы-фырты фæндонæй цалдæр боны нæ командæйы дуаргæстимæ ахуыртæ аразынмæ Мæскуыйæ хуынд æрцыд зындгонд тренер Вячеслав Чанов. Ацы ахуыртæм хуынд æрцыдысты канд «Спартачы» дуаргæстæ нæ, фæлæ нæ футболон скъолаты хъомылгæнинæгтæ дæр.

Номдзыд тренеры амындмæ тынг лæмбынæгæй хъуыстой футболисттæ æмæ, фæллад нæ зонгæйæ, кæрæдзи ивгæйæ зæрдиагæй æххæст кодтой, уый сын цы фæлварæнтæ лæвæрдта, уыдон. Иуварсæрдыгæй кæсгæйæ дæр бæрæг уыд, лæппутæн ацы ахуырты архайын æхсызгон кæй у, уый.

Вячеслав Чановы ссыды тыххæй Гæбулты Владимир загъта: «Ирыстоны футбол дуаргæстæй уыди арфæйаг. Мах фæнды, цæмæй дарддæр дæр нæ республикæйы рæзой футболы дæснытæ æмæ уыдонимæ ног зындгонд дуаргæстæ дæр. Уый тыххæй нæ зæрды ис Ирыстонмæ рæстæгæйрæстæгмæ семинарон ахуыртæ аразынмæ хонын нæ бæстæйы хуыздæр специалистты. Абон уал нæм фыццаг ссыди дуаргæсты тренер Вячеслав Чанов. Уый у стыр зындгонд тренер. Æз мæхæдæг уымæй бирæ хъæугæ амындтытæ райстон, ÆЦСК-йы куы хъазыдтæн, уæд. Вячеслав Викторы фырт йæхæдæг у дуаргæсты цæттæ кæныны æнæхъæн скъола. Мах æй фæхуыдтам, цæмæй уый канд дуаргæстимæ нæ, фæлæ сын сæ тренертимæ дæр ахуыртæ сараза”.

Æртæ боны дæргъы Вячеслав Чанов бакодта стыр куыст. Футболисттæ æмæ тренертæ тынг разыйæ баззадысты, иумæ цы рæстæг бакуыстой, уымæй. Дзæуджыхъæуы «Спартачы» дуаргæсты тренер Хуыбецты Руслан уый тыххæй загъта: «Тынг цымыдисаг æмæ пайдайаг рауадысты, Вячеслав Викторы фыртимæ цы ахуырты архайдтам, уыдон. Мæхæдæг дæр йæ къухæй фыст амындтытæм гæсгæ архайдтон, мæ бæрны цы дуаргæстæ ис, уыдонимæ, фæлæ ма ныр йемæ иумæ кæй акуыстам, уый уыдзæн уæлдай пайдадæр. Вячеслав Викторы фырт дуаргæсты цæттæ кæныны хъуыддаджы уый бæрц лыстæг фæзилæнтæ зоны, æмæ уыдонæй пайда кæнынмæ мах дæр хъуамæ арæхсæм».

«Фыццаджыдæр мæ зæгъын фæнды уый, æмæ Ирыстоны футбол курдиатджын дуаргæстæй рагæй дæр хъæздыг кæй уыди. Æз хорз зонгæ уыдтæн Борис Конфедерат, Владимир Олейник, Черчесты Станислав, Вениамин Мандрыкин, Гæбулты Владимир, Дзанайты Сослан æмæ иннæ ирыстойнаг лæппутимæ. Мах ныртæккæ хъавæм ахæм æххуыс кæнын Уæрæсейы иннæ командæты дуаргæстæн дæр. Уыцы куыст куыд æвæрд æрцæудзæн, ууыл ныртæккæ архайынц цалдæр адæймаджы. Мæнмæ Гæбулты Владимир куы фæдзырдта, уæд ын йæ курдиат æхсызгонæй сæххæст кодтон æмæ фæсмойнаг нæ фæдæн. Æз ам уынын къорд суинаг лæппуйы æмæ сæм дуаргæсы курдиатæй уæлдай куы уа быхсындзинад æмæ стыр бæрзæндтæм тырнындзинад, уæд сын, æнæмæнг, бирæ бантысдзæн», — загъта Вячеслав Чанов.

Нæ командæ Гогниты Спартачы разамындæй мæйы кæронмæ йæхи цæттæ кæндзæн Дзæуджыхъæуы. 3 февралы «Спартак» дарддæр кусдзæн Кисловодскы. Ам хъуамæ акæна цалдæр æмбаладон хъазты æндæр командæтимæ.

Ног азы нæ командæ йæ фыццаг официалон хъазт акæндзæн 16 мартъийы «Биолог-Новокубанск»-имæ. Уый уыдзæн «Спартачы» фыццаг хъазт йæ ног сæйраг тренер Гогниты Спартачы разамындæй, æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы рæствæндаг фæуын!

БАСКАТЫ Уырызмæг Къам систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here