Цӕгат Ирыстоны архайд сӕрмагонд федералон программӕты ӕмӕ национ проектты

0
330

 

Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг БИТАРТЫ Вячеслав цы кусӕг ӕмбырд сарӕзта, уым ныхас цыд, сӕрмагонд федералон паддзахадон программӕтӕ ӕмӕ национ проектты фӕлгӕты РЦИ-Аланийы социалон ӕмӕ инженерон инфраструктурӕйы ахсджиаг объекттӕ куыд цалцӕггонд ӕмӕ арӕзт цӕудзысты, ууыл.

Фембӕлды архайдтой республикӕйы премьерминистр Тускъаты Таймураз, Хицауады Сӕрдары хӕдивджытӕ, министрадтӕ ӕмӕ ведомствоты разамонджытӕ, стӕй районты муниципалитетты сӕргълӕуджытӕ.

Уый тыххӕй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службӕ.

Битарты Вячеслав министрадтӕ ӕмӕ районты сӕргълӕуджытӕм фӕсидт, цӕмӕй, сӕрмагонд федералон программӕтӕм бахӕссынмӕ цы объекттӕ цӕттӕ кӕнынц, уыдоны фӕдыл хъӕугӕ документаци цӕттӕ кӕнынмӕ уа иудадзыг бӕстон цӕстдард. Уыимӕ, иу кӕнӕ иннӕ объект ӕвзаргӕйӕ, хъуамӕ лӕмбынӕг хыгъд цӕуой ӕппӕт ӕууӕлтӕ дӕр: бӕлвырд социалон кӕнӕ инженерон объект ацы цӕрӕнбынаты аразын хъӕуы ӕви нӕ, фидӕны объекты арӕзтадӕн рагагъоммӕ хъуамӕ дихгонд цӕуа зӕххы хай ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

— Федералон программӕтӕ ӕмӕ национ проекттӕм бахӕссинаг ӕппӕт объекттӕ дӕр адих кӕнын хъӕуы цалдӕр къордыл, уый фӕстӕ се ‘хсӕнӕй равзарын хъӕуы фыццаградон арӕзтӕдтӕ. Уыцы хъуыддаджы профилон министрадтӕ хъуамӕ ӕнгом ӕмгуыстад кӕной районты сӕргълӕуджытимӕ, — йӕ раныхасы фӕбӕрӕг кодта Битары-фырт. Боны фӕткы фарстайы фӕдыл йӕ хъуыдытӕ загъта Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз дӕр. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, алкӕцы министрад ӕмӕ ведомство дӕр федералон программӕтӕ ӕмӕ национ проектты куыд архайдзӕн, уый фӕдыл хъуамӕ бацӕттӕ кӕна сӕрмагонд паспорт. Уыцы документы фӕрцы рагагъоммӕ бӕрӕггонд цӕудзысты ахсджиагдӕр ӕмӕ фыццаградон проекттӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here