Республикӕйы зынаргъ цӕрджытӕ!

0
488

Бирӕ адӕм кӕм уа, уым уӕвгӕйӕ ӕххӕст кӕнут уӕхи бахъахъхъӕныны тыххӕй антитеррористон мадзӕлттӕ, ут къӕрцхъус ӕмӕ цырддзаст.

Ӕнахъом сабиты ӕвӕгӕсӕгӕй ма уадзут.

Уӕ автотранспорт ӕвӕрут сӕрмагонд  бынӕтты.

Ма кӕнут, уӕ алыварс адӕмӕн тӕссаг цы архайд хӕсса, уыдон.

Ӕххӕст кӕнут, цы объекты уат, уыдоны ӕгъдау ӕвӕрӕг бӕрнон адӕймӕгтӕ ӕмӕ барад хъахъхъӕнӕг оргӕнты домӕнтӕ.

Уӕ зӕрдыл дарут, адӕм бирӕ кӕм ӕмбырдтӕ кӕной, уырдӕм нӕй хӕссӕн зынгӕй тӕссаг, рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ, маргджын, смаггӕнаг буаргъӕдтӕ, пиротехникон, лыггӕнаг ӕмӕ рӕхойаг, ныхсаг дзаумӕттӕ, егъау тыхтӕттӕ ӕмӕ хызынтӕ.

Цӕрӕн хӕдзӕрттӕ ӕмӕ алыхуызон объекттӕм цӕугӕйӕ ӕххӕст кӕнут мидӕмӕ ӕмӕ ӕддӕмӕ цӕуыны ӕгъдӕуттӕ.

Дызӕрдыггаг дзаума куы бафиппайат, уӕд ӕм ма ӕвналут, ма архайут йӕ байгом кӕныныл кӕнӕ йӕ иуварс акӕныныл. Уыцы цау ӕнӕ ӕрхъуыдыйӕ ма ныууадзут! Бацархайут, кӕй у, кӕнӕ йӕ чи  ныууагъта, уый базоныныл.

Уӕ хъус ӕрдарут, ӕвӕгӕсӕгӕй уагъд цы автотранспорт ӕрцӕуа, ӕндӕр регионтӕй уый номыртӕм.

Ӕппӕт дызӕрдыггаг цауты тыххӕй дӕр, хъусын кӕнут барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕм, кӕнӕ бадзурут телефонӕй радхӕссӕг службӕтӕм.

Уӕ зӕрдыл дарут! Уӕ цырддзаст ӕмӕ активон граждайнаг позици феххуыс уыдзӕн уӕззау фыдракӕнд не ‘руадзынӕн!

Телефонтӕ: Уӕрӕсейы ӕдасдзинады федералон службӕйы Цӕгат Ирыстон-Аланийы управлени: 59-73-11,

РЦИ-Аланийы Мидхъуыддӕгты министрад: 59-46-00 (радхӕссӕг хайад); 59-46-99 (ӕууӕнчы телефон);

Уӕрӕсейы ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады РЦИ-Аланийы Сӕйраг управлени: 25-84-32 (ӕууӕнчы телефон).

РЦИ-Аланийы Антитеррористон къамисы аппарат

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here