Сӕйраг нысан — курдиӕттӕ раргом кӕнын

0
438

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав дзы сӕрдариуӕг кодта, афтӕмӕй уыд республикӕйы Проектон офисы радон ӕмбырд. Боны фӕткмӕ цы ахсджиаг фарстытӕ бахастой, уыдонӕй иу уыд ахуырады къабазы райрӕзт.

Ӕмбырды архайджытӕ сӕрмагондӕй ӕрдзырдтой математикон ахуырад фӕхъомысджындӕр кӕныныл. Профилон министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты минӕвӕрттӕ куыд фӕнысан кодтой, афтӕмӕй ахуырады ацы хаймӕ хъӕуы уӕлдай бӕстондӕр цӕстдард, цӕмӕй математикӕмӕ цымыдисдзинад чи ӕвдисы, уыцы сывӕллӕттӕн ӕппӕт фадӕттӕ дӕр уа ацы предметӕй арф ӕмӕ бындурон зонындзинӕдтӕ райсынӕн. Уыимӕ, ӕмбырды архайджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, математикон ахуырады программӕтӕм скъоладзауты ӕмхиц кӕнын хъӕуы дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ ӕмӕ ӕндӕр цӕстуынгӕ ӕрмӕджыты фӕрцы.

— Ахуырадон кусӕндӕтты разамонджытӕ хъуамӕ ӕнгом ӕмархайд кӕной бынӕттон администрациты сӕргълӕуджытимӕ. Уыдоны бӕрны сты иумӕйагахуырадон скъолатӕ, ӕмӕ уыдоны ‘рдыгӕй дӕр лӕмбынӕг цӕстдард хъуамӕ уа курдиатджын сывӕллӕттӕм. Скъоладзауы курдиат ӕмӕ йӕ тырнындзинад математикӕмӕ раргом кӕнын, стӕй та йын хъӕуы йӕ ахуырады ӕппӕт къӕпхӕнтыл дӕр ӕххуыс кӕнын, — йӕ раныхасы фӕнысан кодта Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг.

Уӕлдӕрамынд программӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны хъуыддаджы сӕйраг бынат ис республикон физикон-математикон лицейӕн. Ӕмӕ уыцы ахуырадон кусӕндон бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнтимӕ цас ӕнгомдӕр ӕмархайд кӕна, уый фӕрцы ӕнтыстджындӕрӕй ӕххӕстгонд цӕудзысты программӕйы нысантӕ. Ӕрӕджы республикӕйы кусын райдыдта ахуырадон центр «Кванториум». Хорз уаид, урокты фӕстӕ скъоладзаутӕн уым математикӕ ӕмӕ иннӕ предметтӕй уӕлӕмхасӕн ахуыртӕ аразын дӕр. Уыимӕ, куыд горӕтаг, афтӕ хъӕууон скъолаты ахуырдзаутӕн дӕр хъуамӕ уа фадат «Кванториум»-ы ахуырадон ӕмӕ рухстауӕг программӕты архайынӕн.

— Фарст афтӕ ӕвӕрд цӕуы, цӕмӕй республикӕ хъомыл кӕна иртасджыты, математикты, инженерты, программистты, информацион-коммуникацион къабазы иннӕ специалистты дӕр. Ӕмӕ уыцы нысанӕн ахъаз уыдзӕн математикон ахуырады программӕ, — фӕбӕлвырд кодта йӕ хъуыды Битарты Вячеслав.

Республикӕйы разамонӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, уыцы программӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын хъӕуы хӕстӕгдӕр ӕртӕ азы дӕргъы сӕрмагонд пъланы бындурыл. Уый саразыны фӕдыл Битарты Вячеслав бӕлвырд амынддзинӕдтӕ радта республикӕйы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Иринӕ Азимова ӕмӕ республикон физикон-математикон лицейы директор Мӕргъиты Неллийӕн.

Проектон офисы ӕмбырды архайджытӕ ӕркастысты химион-биологон ахуырады программӕтӕ рапарахат кӕнынмӕ, стӕй ӕндӕр ахсджиаг фарстытӕм.

Фембӕлды архайдтой ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ загътой РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, йӕ хӕдивджытӕ Сӕбӕтхъуаты Ӕхсарбег ӕмӕ Фадзайты Ӕхсарбег, министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты бӕрнон кусджытӕ ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны Рӕзты агентады специалисттӕ.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ

Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here