Партион конференци: афæдзы бæрæггæнæнтæ, фидæны нысантæ 

0
28

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Уæлдæр советы уæнг Сергей МЕНЯЙЛО ногæй æвзæрст æрцыд партийы цæгатирыстойнаг регионалон хайады нымæрдары бынатмæ. Йæ кандидатурæйыл схъæлæс кодтой регионалон дзуаппон-æвзарæн ХХХIХ конференцийы делегаттæн сæ фылдæр.

Уымæй уæлдай, конференцийы архайджытæ равзæрстой Регионалон политикон советы уæнгты, йæ Президиум æмæ Регионалон цæстдарæн къамисы уæнгты, стæй ма схъæлæс кодтой, партийы Æппæтуæрæсеон ХХIV съезды республикæйы минæвар чи уыдзæн, уыцы делегатыл.

Сергей Меняйло æрныхас кодта фæстаг фондз азы дæргъы партийы архайды бæрæггæнæнтыл Цæгат Ирыстоны æмæ фæбæрæг кодта дарддæры куысты нысантæ. Уæлдæй æргом республикæйы Сæргълæууæг аздæхта «Иугонд Уæрæсе»-йы Адæмон программæ æххæст кæныны хъуыддагмæ. Документ арæзт æрцыд адæмы курдиæттæ æмæ фæндæтты бындурыл. Куыд загъта, афтæмæй партийы регионалон хайад сæххæст кодта, 2021 азы нысангонд чи уыд, æппæт уыцы хъуыддæгтæ, се ‘хсæн: социалон объектты арæзтад, сæ рацарæзт æмæ бындурон цалцæг, æххуыс – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ ног регионты цæрджытæн, хистæр кары адæмæн, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн, инвалидтæн, бирæсывæллонджын æмæ цыбыркъух бинонтæн. Уымæй уæлдай, цæрæн хæдзæрттæм газ бауагътой, нывылгонд æрцыдысты æхсæнадон æмæ фæлладуадзæн бынæттæ, æххæстгонд цыдысты кæстæрты патриотон хъомылад æмæ историон рæстдзинад бахъахъхъæныны мадзæлттæ.

Партион проект «Горæтаг алыварс»-ы фæлгæты базылдысты 275 æхсæнадон фæзуатмæ æмæ 469 бирæфатерон хæдзæртты кæртытæм. Уыцы куыстытыл хардзгонд æрцыд 980 милуан сомы.

Партион проект «Ног скъола»-йы нысан уыд ахуыры нырыккон уавæртæ саразын. Уый фæлгæты цалцæггонд æрцыд 121 скъолайы, 25 скъолайы спортивон залтæ, 10 рæвдауæндоны. Арæзт æрцыд 8 скъолайы æмæ 14 рæвдауæндоны. Рæвдауæндæтты фæзынд 2 319 уæлæмхасæн бынаты сывæллæттæн.

Партион проект «Чысыл райгуырæн бæстæйы культурæ» («Культура малой родины») арæзт æмæ бындурон цалцæггонд æрцыд культурæйы 23 кусæндоны. Сæ материалон-техникон бындур сног кæнынæн хардзгонд æрцыд 8 милуан сомæй фылдæр.

– Адæмон программæ куыд æххæстгонд цæуы, уымæ иудадзыгдæр цæст дарынц депутаттæ æмæ се ‘взарджытимæ сты æнгом баст. Цæст дарыны нысанимæ респуб-ликæйы æххæстгонд цæуы проект «Партийный десант». Кусæг къорды уæнгтæ сты канд партийы минæвæрттæ нæ,  фæлæ, куыстытæ кæм цæуынц, уыцы бынæттон цæрджытæ дæр. Нæ сæйраг архайд адæмы цард фæхуыздæр кæнын кæй у, уый рохгæнинаг нæу, – загъта Сергей Меняйло.

РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Регионалон æхсæнадон исæнуаты разамонæг Тускъаты Таймураз бахыгъта адæмы курдиæттимæ куысты хатдзæгтæ æмæ радзырдта партийæн Æхсæнадон æххуысы штабы куысты тыххæй. Æрмæст фæстаг аз уырдæм æрбацыд республикæйы цыппар мин цæрæгæй фылдæр. Курдиæттæн сæ фылдæр уыдысты социалон, адæмы тынгдæр тыхсын кодтой цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ахуырады фарстатæ.

Партион проекттæ республикæйы æххæстгонд куыд цыдысты, уый фæдыл бæстон ныхас кодта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Цæгат Ирыстоны регионалон хайады нымæрдары фыццаг хæдивæг Едзойты Марат.

Уымæй уæлдай, конференцийы рæстæг Сергей Меняйло схорзæхджын кодта, партион куысты уæлдай зæрдиагдæрæй чи архайдта, партийы уæнгты уыцы раззагдæрты.

САНАТЫ Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here