Арфæтæ

0
11

Цæгат Ирыстоны зынаргъ адæм!

Джеоргуыбайы рæсугъд бæрæгбоны фæдыл уын зæрдиаг арфæ кæнын!

Ирон адæмы удварнон царды ахсджиаг бынат ахсгæйæ, ацы бæрæгбон æвдисы фæлтæрты иудзинад, æгъдæуттыл æнувыддзинад æмæ хистæртæн кад.

Бæрæгбоны фынгыл бадгæйæ, ацы бонты æппæт дунейы цæрæг ирæттæ райгуырæн Ирыстоны фæрныгады, сабырдзинады, фидыд æмæ хиуæтты æнæниздзинады фæдыл гаджидæуттæ рауадздзысты. Райгуырæн бæстæ сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы чи хъахъхъæны, нæ уыцы лæппутæ сæ фыдыуæзæгыл удæгасæй æмæ уæлахизимæ цæмæй сæмбæлой, бæлццæтты бардауаг Уастырджийæн уæлдай зæрдиагдæрæй уый фæдзæхсæм.

Сабырдзинад æмæ фидыд æхсæнады фидар кæнгæйæ, Джеоргуыба бинонтæ æмæ фæлтæрты иу кæны, стæй райгуырæн Ирыстоны фæрнджын фидæны сæраппонд арфæйаг хъуыддæгтæ аразынмæ дзыллæты разæнгард кæны. Уæ зæрдиаг куывдтытæ уыл авд хатты хуыздæрæй æрцæуæнт!

Æппæт адæмæн дæр мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, рæсугъд æнкъарæнтæ, фæрныгад æмæ фидæныл ныфс. Алы хæдзар дæр сабыр-дзинадæй, уарзондзинад æмæ фидыдæй хайджын уæд!

Зынаргъ æмзæххонтæ! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

 Сергей Меняйло, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг

 

 Зынаргъ æмбæстонтæ!

Республикæйы Парламенты депутаттæ æмæ уын мæхи номæй зæрдиаг арфæ кæнын, Ирыстоны адæмæн уæлдай кадджындæр æмæ нымаддæр чи у, уыцы бæрæгбон – Джеоргуыбайы фæдыл!

Уастырджийы бæрæгбон у ирон адæмæн сæ удварны бындуры ахсджиагдæр хай. Сæдæгай азты дæргъы уый бæтты фæлтæртæ, иу кæны, Ирыстоны цы бирæ адæмыхæттытæ цæры, уыдоны. Адæмæн уарзондæр ацы бæрæгбоны бындур сты, аивæн кæмæн нæй, удварны уыцы хæзнатæ – нæ иудзинад, райгуырæн зæхмæ уарзондзинад, хистæртæн кад кæнын, хион-хæстæг бастдзинæдтæ фидардæр кæнын, кæрæдзийæн аргъ кæнын æмæ уазæгуарзон уæвын.

Куыд алы аз, афтæ ацы хатт дæр джеоргуыбайы мæйы ацы бонты алы хæдзары дæр бæрæгбоны фынджы уæлхъус алчидæр кувдзæн Хуыцаумæ, курдзæн дзы хорздзинад йæ бинонтæн, йæ Райгуырæн бæстæйæн, абон нæ чи хъахъхъæны, нæ уыцы хъæбатыр æфсæддон лæппутæн, цæмæй сæ хæдзæрттæм сæрæгасæй Уæлахизимæ сыздæхой. Уыцы куывдтытæ Хуыцаумæ фехъуысæнт!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, мæ зынаргъ æмзæххонтæ! Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, фæрныг цард æмæ æнтыстытæ уæ алы хъуыддаджы дæр!

Уастырджийы хорзæх уæ уæд, Ирыстоны цæрджытæ!

 ТУСКЪАТЫ Таймураз,

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here