Иутӕ — аразгӕ, иннӕтӕ — халгӕ

0
591

Республикӕйы Хицауад зӕрдиагӕй архайынц адӕмы удӕнцойдзинадыл, сӕ цард сын фӕхуыздӕр кӕныныл. Фӕстаг азты цас ӕмӕ цас рацарӕзтой ӕмӕ сарӕзтой, ӕдзӕллагмӕ чи ‘рцыд, ахӕм клубтӕ хъӕуты, рынчындӕттӕ, рӕвдауӕндӕттӕ, скъолатӕ, фӕндӕгтӕ горӕты уынгты, хъӕуты ӕхсӕн фӕндӕгтӕ. Ӕмӕ сӕ чи фӕуыдзӕн нымад.

Нӕ сӕйраг горӕт Дзӕуджыхъӕуы фидауц Къостайы номыл фӕлладуадзӕн парк уыд ӕдзӕллаг уавӕры. Ныр, кӕд кӕронмӕ арӕзт нӕма фӕци, уӕддӕр уал дзы цы сарӕзтой, уымӕй адӕмы зӕрдӕ рухс кӕны. Алы бон дӕр дзы вӕййы тынг бирӕ адӕм сӕ фӕллад уадзынмӕ. Рӕсугъд фӕндӕгтӕ, бирӕ даргъ бандӕттӕ. Сылгоймаг мӕрзджытӕ сӕ удтӕй архайынц йӕ сыгъдӕгдзинадыл.

Стыр бузныг сын парчы ӕппӕт адӕмы номӕй. Фӕлӕ райсомӕй куы ссӕуӕм паркмӕ, уӕд дзы бирӕ бандӕтты раз уыйбӕрц ӕхсынӕны цъӕрттӕ вӕййы, ӕмӕ сӕ цуры бандоныл ӕрбадын адӕймаджы зӕрдӕ нӕ фӕкомы.  Бандӕттӕн сӕ цуры рӕсугъд бырондонтӕ ӕмӕ сӕ уырдӕм нӕ калынц, фӕлӕ — зӕхмӕ. Ахӕм адӕймӕгты цы рахонӕн ис? Цавӕр бинонты ӕхсӕн схъомыл сты? ӕппынфӕстаг, скъолайы иу кълас дӕр нӕ фесты каст, куыд ницӕуыл сахуыр сты?

Фӕлӕ нӕм ис ахӕм адӕмтӕ дӕр, Ирыстоны хорздзинадыл чи архайы, нӕ горӕт зӕрдӕйӕ чи уарзы. Уыдонӕй иу у Джиголаты Иван. Уарзы сыгъдӕгдзинад. Парчы цӕугӕйӕ фӕндагыл бӕласы саст къалиу федта, йӕ цурты нӕ ахиздзӕн. Ныллыстӕг ӕй кӕны ӕмӕ йӕ бырондонмӕ ныппары.

Парчы тынг бирӕ ис бандӕттӕ ӕвӕрд. Ныххус сты, уӕгъд змӕлд кӕнын райдыдтой. Иван сӕм ӕркӕстытӕ кодта. Дыккаг  райсом ӕрцыд дӕгъӕлтимӕ. Лӕппутӕн ӕрфӕлдахын кодта бандон, йӕхицӕн уӕззӕуттыл хӕцӕн нӕй, инфаркт ын уыд йӕ зӕрдӕйӕн, балвӕстытӕ кодта бандон ӕмӕ нал змӕлыд. Афтӕ райдыдта иннӕ бандӕттӕ дӕр фидар кӕнын. Уыцы бон ныффидар кодта фараст бандоны.

— Цалынмӕ хорз бонтӕ кӕны, уӕдмӕ сӕ хъуамӕ фӕуон конд, — уыд йӕ ныхас. Иутӕ мыл худтысты, «цы гуыбынниз дӕ лӕмары, цы дӕ хъуыддаг ис уыдон аразынмӕ? Мӕ конд ахӕм у, — уыд йӕ дзуапп.

Сывӕллӕтты парчы дӕллаг кӕрон сарӕзтой уӕнгтӕ ивазынӕн алыхуызӕн тренажертӕ. Ардӕм цӕуынц горӕты кӕрӕттӕй дӕр сӕ уӕнгтӕ аивазынмӕ канд нӕлгоймӕгтӕ нӕ, фӕлӕ ас сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр. Уыдон афтӕ хорз арӕхсынц турниктыл, брусятыл ӕмӕ сӕ адӕймаджы зӕрдӕ рухс кӕны.

Уыцы хорздзинад адӕмӕн кӕйдӕрты цӕст нӕ бауарзта ӕмӕ тренажерты бадӕнтӕ ныппырх кодтой. Райсомӕй адӕм куы ӕрбамбырд сты ӕмӕ уыцы уавӕр куы федтой, уӕд сӕ ныхас никӕмӕйуал хауд. Мӕрдджын адӕмы лӕуд кодтой ӕнӕсыбырттӕй.

Ацы хабар Гӕгойты Зоя йӕ цардӕмбал Нодарӕн радзырдта. Нодар у къухджын адӕймаг. Цӕмӕ бавнала ӕмӕ цынӕ сараздзӕн йӕ дыууӕ къухӕй, ахӕм нӕй. Федта пырхӕнтӕ. Абарста сын сӕ уӕрх, сӕ дӕргъ ӕмӕ сӕ афтӕ фидар ӕмӕ рӕсугъд скодта, ӕмӕ та адӕмы зӕрдӕтӕ барухс сты. Цард цӕмӕн афтӕ у, иутӕ халгӕ кӕнынц,  иннӕтӕ — аразгӕ.

Парчы сӕ фӕлладуадзӕг адӕмы номӕй стыр бузныг зӕгъын Гӕгойты Нодар ӕмӕ Джиголаты Иванӕн. Ахӕм адӕймӕгтӕ нӕм фылдӕр уӕнт!

Тылаттаты Бексолтан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here