Хъуыддаджы ныхас — пъырыстыфтимӕ

0
448

«Нӕ куыст иууылдӕр арӕзт у закъоны бындурыл, архайӕм адӕмы ӕууӕнк ма фесафыныл, нӕ хъомысджын куыстӕй адӕмӕн пайда хӕссыныл, сӕ бартӕ сын хъахъхъӕныныл», — ацы ныхӕстӕй райдыдта йӕ ныхас РЦИ-Аланийы Тӕрхонадон пъырыстыфты федералон управленийы сӕйраг пъырыстыф Къесаонты Игор.

— Тӕрхондоны уынаффӕтӕ ӕмӕ, закъоны домӕнтӕ афойнадыл ӕххӕст кӕнын. Уый у нӕ куысты нысан. Иу хӕсджын вӕййы, иннӕ та йӕ хӕс домгӕ фӕкӕны, уыдонӕн мах ӕхсӕны лӕгтӕй ныллӕууӕм, дыууӕтӕн дӕр аргъгӕнгӕйӕ. Мах ацы ныхмӕлӕуды вӕййӕм кӕронбӕттӕн инстанци. Сӕ ныхас кӕрӕдзиуыл куы нӕ фӕбады, уӕд пъырыстыф, куыд паддзахадон ӕмӕ граждайнаг службӕгӕнӕг, дыууӕты интерестӕ нымайгӕйӕ, хъуыддаг райхалы, — загъта Къесаонты Игор. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, афӕдзы райдайӕнӕй управленийы бӕрны ис 567 760 ӕххӕстгӕнинаг хъуыддаджы. Уый, ивгъуыд азимӕ абаргӕйӕ, у 227 мины фылдӕр. Кӕронмӕ ахӕццӕ кодтой 212 452 хъуыддаджы. Куыстӕй хатдзӕгтӕ кӕнгӕйӕ, тӕрхонадоны пъырыстыфтӕ ӕрдомдтой ӕмӕ райстой иу миллиард 392 мин сомы. Алы пъырыстыфы бӕрны дӕр уыд фондз мин хъуыддаджы, уый та сыл стыр хӕстӕ ӕвӕры.

«Хӕсджын адӕймаг-иу рагагъоммӕ, хайгай йӕ хӕстӕ куы бафидид, хъуыддаг цӕмӕй къуырцдзӕвӕнмӕ ма ӕрцӕуа, уӕд-иу дзы мах ӕххуыс дӕр нал бахъӕуид. Ӕндӕр уый куыд у, нӕ республикӕйы цӕрджыты нымӕц 700 мин адӕймаджы, уыдонӕй 567 мин адӕймагӕн сӕ хъуыддӕгтӕ сты тӕрхонадоны пъырыстыфтӕм!” — зӕгъы управленийы хицау.

Кредитты фиддонтӕ ӕрдомыны тыххӕй дзургӕйӕ, загъта, сӕ нымӕц 38 мин хъуыддаджы бӕрц кӕй уыд, уыдонӕй ӕрмӕст 499 уыдысты юридикон хъуыддӕгтӕ. Уавӕрмӕ ӕркӕсгӕйӕ, райстой 392 милуаны 795 мин сомы.

Хъалонты фиддонтӕ райстой 261 милуаны 575 мин сомы, афтӕмӕй республикӕйы бюджетмӕ ӕфтиӕгтӕ бацыд 155 милуаны 767 мин сомы.

Кусджытӕн сӕ мызд бафидынӕй йӕхи чи иуварс кодта, уыдонимӕ бакусгӕйӕ, пъырыстыфтӕ ӕрдомдтой 30 милуаны 798 мин сомы.

Хицӕн ныхас цыд алименттӕ фидыны тыххӕй. Йӕ сывӕллӕттӕй хӕсджын чи у, уыдоны ‘хсӕн ис сылгоймӕгтӕ дӕр. Управленийы дӕлхайӕдты уыдис 3079 ахӕм ӕркӕсинаг хъуыддаджы. Уыдонӕй 962 хъуыддаджы хорзӕй ахицӕн сты, 30 милуаны 227 мин сомы сӕмбӕлдысты, закъонмӕ гӕсгӕ кӕй хай уыдысты, уыдоныл. 618 хӕсджын адӕймагӕй алименттӕ уромынц сӕ мыздӕй, ӕдӕппӕтӕй 60 милуаны 189 мин сомы. Закъон тӕрхонадоны пъырыстыфӕн цы бартӕ дӕтты, уымӕ гӕсгӕ, ӕнӕ ӕфсонӕй йӕ ӕнахъом сывӕллӕттӕн алименттӕ чи нӕ фиды, уыдоны бафхӕрын йӕ бон у. 301 ахӕм адӕймаджы куыстыл бафтыдтой, 2126 хӕсдарӕгӕн та бар нӕй Уӕрӕсейы арӕнты сӕрты ахизынӕн. Ацы карз мадзалы руаджы, 39 адӕймагӕй ист ӕрцыд милуан 39 мин сомы.

Пъырыстыфтӕ бакуыстой, хъармгӕнӕн-энергетикон комплексӕй газы, электрон тыхы ӕмӕ хъармӕй пайда кӕныны тыххӕй бирӕ рӕстӕгмӕ хӕстӕ чи ӕрӕмбырд кодта, уыцы адӕмы хъуыддӕгтыл. Аст мӕймӕ ӕрӕмбырд кодтой 289 милуаны 214 мин сомы.

Фӕндӕгтыл ӕдасӕй цӕуыны Паддзахадон аквтоинспекцийы ивартӕ рауадысты 101 милуаны 519 мин сомы.

Уӕрӕсейы граждайнады гӕххӕттытӕ кӕмӕ нӕй, фӕсарӕйнаг граждӕнты Уӕрӕсейӕ арвитынӕн цы закъон ис, уый бындурыл пъырыстыфтӕ, Управленийы оперативон радхӕссыны къордимӕ, миграцион закъонад фехалӕг 38 ахӕм адӕймаджы арӕнты сӕрты ахизын кодтой.

«Тӕрхондоны уынаффӕтӕ иууылдӕр афойнадыл ӕмӕ закъоны домӕнтӕм гӕсгӕ ӕххӕст кӕнӕм», — загъта Къесаонты Игор. Пресс-конференцийы ма уыд ӕндӕр фарстытӕ дӕр. Бӕстон ӕмӕ ӕргом ныхас рауад республикӕйы хистӕр пъырыстыфӕн дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕрттимӕ.

Гугкаты Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here