Ивынц доны хӕтӕлтӕ

0
458

Ног хъармгӕнӕн афонмӕ цӕттӕ кӕныны куыстытӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц, уыдоны фӕлгӕты Дзӕуджыхъӕуы ивынц доны хӕтӕлтӕ. Тынг арӕх стонынц Хетӕджы-фырты уынджы, хӕтӕлтӕ сты зӕронд, сӕвӕрдтой сӕ 50 азы размӕ. Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сантехниктӕ ардӕм алы бон дӕр ӕрбацӕуынц хӕтӕлтӕ бампъузынмӕ.

Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы коммуналон хӕдзарады хайады разамонӕг Хъуысаты Дзамболат куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй баивдзысты доны хӕтӕлты 550 метры, ног хызмӕ баиу кӕндзысты 50 хӕдзары. Ӕппӕт хъуыддӕгтӕ ӕххӕст кӕны арӕзтадон организаци.

Фӕззыгон-зымӕгон афонмӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ, горӕты доны хызтӕй баивтой цыппар километрӕй фылдӕр. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ цӕттӕгӕнӕн ӕмӕ цалцӕггӕнӕн куыстытӕ кӕронмӕ ӕрхӕццӕ сты.

Цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады, артаг

ӕмӕ энергетикӕйы министрады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here