Къостайӕн цыртдзӕвӕн — Зилгӕйы

0
351

Ивгъуыд цыппӕрӕмы Зилгӕмӕ бирӕ уазджытӕ ӕрбацыд. Канд нӕ республикӕйы алы рӕттӕй нӕ, фӕлӕ ма суанг Стъараполы крайӕ дӕр. Культурӕйы хӕдзары цур Къостайӕн цыртдзӕвӕн сӕвӕрдтой ӕмӕ уый фӕдыл ам стыр бӕрӕгбон уыд. Зӕрдиаг арфӕйы ныхӕстӕ райста бизнесы архайӕг Лалыты Лев. Ацы ӕвӕджиауы хъуыддаг уый хъӕппӕрисы руаджы сырӕзт.

Цыртдзӕвӕн гом кӕнгӕйӕ, раныхас кодта нӕ республикӕйы адӕмон фыссӕг Дауыраты Дамир:

«Абон Зилгӕйы цы ӕхсызгондзинад банкъардтон, уымӕн аргъ нӕй. Лалыты Левӕ бирӕ лӕггад кӕны Ирӕн. Ахӕм лӕгтӕ нӕм фылдӕр куы уа, уӕд Ирыстон ӕрттивдзӕн. Къостайӕн цыртдзӕвӕн нӕ республикӕйы хъӕутӕй фыццагдӕр Зилгӕйы фӕзынд. Уый стыр цау у. Хорз хъуыддаг дарддӕр иннӕ хъӕууон цӕрӕнбынӕттӕм дӕр кӕй ахӕццӕ уыдзӕн, уый мӕ уырны.

Уый фӕстӕ раныхас кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Фысджыты цӕдисы Стъараполы крайы хайады сӕрдар Александр Куприн: “Ӕз цӕрын Пятигорскы, алы аз дӕр, 15 октябры махмӕ, Къостайы цырдзӕвӕны цур вӕййы митинг. Ирон цытджын поэты тыххӕй дзы бӕрнонӕй радзурын. Ардӕм Агънаты Гӕстӕны хуындмӕ гӕсгӕ ссыдыстӕм. Къостаимӕ баст бынӕттимӕ ӕхсызгонӕй базонгӕ стӕм. Ахӕм зӕрдылдарӕн цауӕн ӕвдисӕн кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ балц ноджы тынгдӕр фӕрӕстмӕ. Ме ‘мбӕлттӕ — фысджытӕ, поэттӕ: Владимир Бутенко, Николай Ананчеко, Анатолий Маслов, Олег Воропаев, Юлия Каунова ӕмӕ Сусаннӕ Баграмян дӕр афтӕ хъуыды кӕнынц. Ирон адӕмы хӕстӕгдӕр базыдтам. Ахӕм диссаджы бонтӕ ныл бирӕ скӕнӕнт”.

Рахизфарсы Культурӕйы галуаны Зилгӕйы филиалы разамонӕг Гаглойты Альбинӕ арфӕ ракодта Левӕйӕн, стӕй загъта: «Цыртдзӕвӕны алыварс сараздзыстӕм сквер. Уыдзӕн Къостайы номыл. Хъӕуы фӕсивӕд нӕм фӕкӕсынӕй зӕрдӕ ӕвӕрынц. Хъӕубӕсты уарзон фӕлладуадзӕн бынат дзы хъуамӕ рауайа. Ацы хъуыддаджы нӕ зӕрдӕ тынг дарӕм хъӕуыхицау Гӕджиты Асланыл».

Бзарты Таймураз, раздӕры ӕхсӕнадон кусӕг: «Абон нӕ фӕсивӕд цы рӕсугъддзинад равдыстой, уый, ӕвӕццӕгӕн, дӕнцӕгӕн баззайдзӕн. Левӕйы хъӕппӕрисӕн аргъ нӕй. Дауыраты Дамиры фарны ӕрхъуыдытӕ дӕр районы гыццыл не сты. Нӕ цины сахат нын цы арфӕтӕ ракодта, уыдон ныл ӕрцӕуӕнт. Нӕ Культурӕйы хӕдзары разамонӕг Альбинӕйы руаджы куыст базмӕлыд. Цӕхӕры хуызӕн, курдиатджын ӕрыгон сылгоймаг у, ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй райгонд уӕд».

Къостайы бӕрӕгбон Зилгӕйы ӕртӕ цины сахатӕй фылдӕр ахаста. Стъарапойлаг фысджытӕ хъӕуы библиотекӕйӕн балӕвар кодтой сӕ чингуытӕ. Бынӕттон хӕдахуыр артисттӕ равдыстой чысыл концерт. Уыцы суинаг сывӕллӕттӕй сӕ иуы дӕр Левӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ нӕ ныууагъта. Александр Куприн Левӕйы къухтӕй ӕхсызгонӕй райста Къостайы портрет. Уазӕг поэт, Изобильныйы районӕй Анатолий Маслов хъазты фӕзы Дзӕрӕгӕсты Алинӕимӕ кафты цъил фестад.

Къоста адӕмы иудзинадыл тыхстис, сӕ хӕлардзинадмӕ сын бӕллыдис. Уыцы бон Зилгӕйы уазӕг чи уыд, фысым, уый нӕ раиртӕстаис. Ӕмхуызонӕй, цыма Къостайы рӕсугъд фӕндиаг фесты, уыйау иууылдӕр ӕмгӕрттӕ ӕмӕ хӕлӕрттӕ рауадысты.

Дзуццаты Къоста

Авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here