Ӕдзард хӕстонты номыл…

0
548

Дзӕуджыхъӕуы Металлургты галуаны раз уыд зӕрдылдарӕн мадзал, Афганистаны, Цӕцӕны, Хуссар Ирыстоны ӕмӕ иннӕ хӕстыты чи фӕмард, уыдоны рухс нӕмттӕ ӕрымысынӕн. Хуынд ӕм ӕрцыдысты, уыцы хӕстыты чи архайдта, уыдон, ӕдзард хӕстонты ныййарджытӕ ӕмӕ хиуӕттӕ, скъолаты ӕмӕ профессионалон ахуыргӕнӕндӕтты ахуырдзаутӕ. Ацы мадзал арӕзт ӕрцыд Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады, Дзӕуджыхъӕуы администрацийы ӕмӕ дзыллон-патриотон организациты хъӕппӕрисӕй.

Кадджын ӕмбырд байгом кодта РЦИ-Аланийы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министры хӕдивӕг Алыккаты Алан. Уый арфӕ ракодта ӕрбацӕуӕг адӕмӕн ӕмӕ загъта: «Ничи ферох ӕмӕ ницы ферох уыдзӕн. Йӕ цард адӕмы сӕрвӕлтау чи радта, уыцы ӕдзард хӕстонты нӕмттӕ мах ӕнустӕм нӕ зӕрдыл дардзыстӕм. Сӕркъулӕй лӕууӕм сӕ ныййарджыты раз ӕмӕ сын нӕ сӕртӕй ныллӕг кувӕм.»

— Ацы мысӕн акци арӕзт цӕуы фӕндзӕм аз, — загъта, йӕ иунӕг фырт Цӕцӕны хӕсты кӕмӕн фӕмард, Уӕрӕсейы Федерацийы Хъӕбатыры ном чи райста, уый — Днепровский Андрейы мад Татьянӕ Днепровская. Татьянӕ у, Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнгӕйӕ чи фӕмард, уыдоны бинонты ӕппӕтуӕрӕсеон организацийы цӕгатирыстойнаг хайады сӕргълӕууӕг.

— Нӕ хӕс у Афганистаны, Таджикистаны, Приднестровьейы, Абхазы, Цӕцӕны ӕмӕ Хуссар Ирыстоны цы хӕстонтӕ фӕмард, уыдоны рухс нӕмттӕ ӕрымысын. Официалон ӕгъдауӕй нӕ бӕстӕйы мысӕн бон вӕййы декабры, фӕлӕ сӕ Ирыстоны ныр фӕндзӕм аз мысӕм октябры, — бафтыдта ма йӕ ныхасыл Татьянӕ.

Мысӕн акцийы архайдтой, Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады сӕйраг специалист Хайманты Барис ӕмӕ уӕлдӕр амынд организацийы уӕнг  Гаглойты Дзерассӕ. Уыдон бацӕттӕ кодтой чиныг, ацы хӕстыты чи фӕмард ӕмӕ ӕбӕрӕгӕй чи фесӕфт, уыдоны тыххӕй. Чиныгӕн ӕрмӕг ӕмбырд кӕнгӕйӕ, бакодтой егъау куыст: фӕзылдысты ӕдзард хӕстонты бинонтыл, Дзӕуджыхъӕуы архивтыл, суанг ма хӕстон архивтыл дӕр. Гаглойты Дзерассӕ зӕгъы афтӕ:

— Чиныгмӕ бахастам канд Цӕгат Ирыстоны нӕ, фӕлӕ Хуссар Ирыстоны ӕдзард хӕстонты нӕмттӕ дӕр. Бирӕ ныййарджытӕ нӕ зыдтой сӕ зынгхуыст хъӕбулты хъысмӕт, куыд ӕмӕ цы ӕгъдауӕй фесӕфтысты, уый. Бирӕ ӕрмӕг ӕрӕмбырд кодтам архивтӕй, фыстӕджытӕй, ӕмбӕлдыстӕм, уыцы тохы чи архайдта ӕмӕ ӕппӕт дӕр йӕхи цӕстӕй чи федта, ахӕм адӕмимӕ. Зӕгъӕм, Виктор Чехов нымад уыд, ӕбӕрӕгӕй чи фесӕфт, ахӕм хӕстоныл, уымӕй уӕлдай ма нымад уыд гадзрахатӕй рацӕуӕгыл дӕр. Мах бон ссис ӕвдисӕнтӕ ссарын ӕмӕ сбӕрӕг кодтам, Виктор Чехов йӕ хӕстон хӕс ӕххӕст кӕнгӕйӕ хъӕбатырӕй кӕй фӕмард, уый. Йӕ мад уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд йӕ цӕстысыг нал урӕдта.

Кадджын ӕмбырдмӕ сӕрмагондӕй Цӕгат Ирыстонмӕ ссыд Советон Цӕдисы ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Хъӕбатыр, Афганистаны хӕсты архайӕг Александр Солуянов. Фӕлӕ, хъыгагӕн, йе ‘нӕниздзинад фӕцудыдта ӕмӕ йӕ бон ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуын не ссис, уазӕгдзӕрӕны фӕтыхст, ӕмӕ йӕм уым тагъд ӕххуысы дохтыртӕ фӕкастысты.

Ацы мысӕн мадзалӕн ис стыр патриотон-хъомыладон нысаниуӕг. Рӕзгӕ фӕлтӕр хъуамӕ зоной нӕ зынгхуыст хъайтарты. Йӕ цард мах сӕрвӕлтау чи радта, уыдоны нӕмттӕ хъуамӕ рох ма уой. Сӕ хӕстон сгуыхтдзинӕдтӕй, сӕ адӕмуарзондзинадӕй уыдон сты дӕнцӕг абоны фӕсивӕдӕн.

Хъойбайты Галинӕ

Къам систа Къӕбысты Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here