Зæрдæйæ цы цæуы, зæрдæмæ дæр уый хъары

0
1172

Адæймагæн курдиат æрдз ратты, фæлæ хатгай фæхъæуы ахæм адæмтæ, кæцытæ дын баххуыс кæндзысты дæ курдиат ирдæй раргом кæнынæн. Слæууын дæ кæндзысты раст фæндагыл æмæ дын зæрдиагæй æххуыс кæндзысты, кæсдзысты дæм уарзæгой цæстæй. Фæлæ цæмæй сабийы раст фæндагыл слæууын кæнай, уый тыххæй хъуамæ адæймаг йæхæдæг дæр лæуд уа ахæм рæстаг фæндагыл, адæм æй уарзой, кад ын кæной, нымайой йæ, йæ ныхасæн æхсæнады уа аргъ. Ахæм адæмтæй иу у горæт Дзæуджыхъæуы Сывæллæтты æмæ фæсивæды сфæлдыстады рæзты центр «Сæуæхсид»(«Заря»)-йы директор, УФ-йы культурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы профессионалон-техникон ахуырады кадджын кусæг, УФ-йы иумæйаг ахуырады кадджын кусæг Мзокты Аллæ. Йемæ фембæлд нæ газеты уацхæссæг æмæ се ‘хсæн рауад ахæм ныхас:

— Аллæ, зæгъ-ма дæ хорзæхæй, абон цы фæндагыл лæуд дæ, уый, кæм æмæ кæд райдыдта?

— Гыццыл ма куы уыдтæн, уæд-иу архайдтон нæ сыхы ме ‘мгар сывæллæттимæ алыхуызон ерыстæ, хъæзтытæ аразыныл. Фæлæ æппæты тынгдæр уарзтон кафын. Кастæн-иу, мæ хистæртæ куыд кафынц, уымæ. Æмæ фæстæдæр кафын райдыдтон Ногдзауты хæдзары адæмон ансамблы, стæй, скъолайы цы къорд уыдис, уым. Скъола каст куы фæдæн, уæд бацыдтæн ахуыр кæнынмæ ЦИПУ-мæ æмæ та уым дæр мæ кафын нæ ныууагътон, кафыдтæн ансамбль «Иристон»-ы. Уæд хуынди «Ирон кæфтыты ансамбль». Ахуыр куы фæдæн, уæд мæ кафын ныууагътон æмæ равзæрстон ахуыргæнæджы дæсныйад. Кусын райдыдтон Цæгат Ирыстоны профессионалон-техникон ахуырады управленийы иумæйаг ахуырады предметты инспекторæй. Уæд ын разамынд лæвæрдта Ситохаты Георги. Иуцасдæр рæстæг дзы куы бакуыстон, уæд Ситохы-фырты бардзырдмæ гæсгæ, раздæры кинотеатр «Заря»-йы разамынд хъуамæ ивд æрцыдаид æмæ мæн снысан кодта уыцы бынатмæ. Æвæццæгæн, йæ зæрдыл лæууыд хихъæппæрисадон къордты куыд архайдтон, куыд кафыдтæн, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг мæ нæ фæндыд. Фæлæ мын æндæр гæнæн нæ уыд. Æрбацыдтæн æмæ кусын райдыдтон. Тынг æдзæллаг уавæры уыдис, бынтон заууатмæ æрцыдис. Алцыдæр дзы уыд цалцæггæнинаг, къахæвæрæнтæм бакæсæн нæ уыд, дон сæ астæумæ, уырытæй йедзаг…

— Центры кусын куы райдыдтай уæд дзы цавæр къордтæ æрбаййæфтай. Æмæ цавæр ногдзинæдтæ бахастай йæ куыстмæ?

Ам кусын райдыдтон 1983 азы. Уæды заманы хъуыстгонд уыд кæфтыты ансамбль «Терк». Ацы къорд арæзт æрцыдис 1957 азы, æмæ дзы куыстой ахæм балетмейстертæ, куыд Дойаты Асатин, Цæболты Къоста, Битарты Зауырбег, Барахъты Юри, Созæты Герой, Тедеты Руслан. Ирыстонæй, ацы ансамблæй раздæр фæсарæнтæм концерт ничи аласта.

«Терк», зæгъæн ис, æмæ уыд бындурæвæрæг ныры «Алан»-æн. «Алан», раздæры «Ансамбль песни и танца». 1968 азы уыдысты Болгарийы кæфтыты дунеон ерысты. Æмæ фæстæмæ куы сыздæхтысты, уæд сæ къордæй айстой вокалон хай, æмæ фæфылдæр кодтой кафджыты нымæц. Æмæ уæд, нæ кафджытæ Козаты Зелим, Булацаты Таймураз, Калоты Земфирæ, Хаситы Алик æмæ бирæ æндæртæ уырдæм ацыдысты.

Галуаны ма куыстой адæмон инструментты æмæ вокалон къордтæ. Æдæппæт уыдысты æртæ. Фадат сын нæ уыд кусынæн æппындæр…

Мæ хъарутыл нæ ауæрстон, афтæмæй ме ‘мкусджытимæ иумæ сындæг къахдзæфтæй хæрдмæ цæуын райдыдтам. Иууылдæр иумæ архайдтам нæ бæстыхай фæуæрæхдæр кæныныл. Самадтам ног бæстыхай, бацалцæг кодтам, цыдæриддæр хъуыд, уыдон. Фадат фæзынд нæ куыст æххæст кæнынæн. Абон нæм «Терк»-æй уæлдай ис ног къордтæ: адæмон кæфтыты къорд «Кафæг» (йæ разамонæг— Гæбуты Аслан), чысыл сывæллæттæн кæфтыты театр «Нартæ» (йæ разамонæг — Баллаты Иринæ), дунеон кæфтыты ансамбль «Зоренька» (йæ разамонæг — Людмилæ Веревкина, вокалон студи «Бис»(йæ разамонæг — Каролинæ Каграманова), адæмон инструментты ансамбль «Уадындз»(йæ разамонæг — Дзебысаты Земæ), нывгæнджыты студи «Акварель»(йæ разамонæг — Хуыбецты Этери), театралон студи «Дебют» (йæ разамонæг — Наталья Уварова), нырыккон кæфтыты ансамбль — «VipStudio» (йæ разамонæг — Наташæ Карлова). Æдæппæт ацы къордты архайы 450 сывæллоны.

— Куыд дæм кæсы, адæймагмæ курдиат куы вæййы, уæд ын цæмæй раргом уа, уый тыххæй цы хъæуы?

— Алы адæймагмæ дæр ис курдиат. Фæхъæуы йæ æрмæстдæр раргом кæнын. Уый та хъуамæ, фыццаджыдæр, банкъарой ныййарджытæ æмæ йæ æрбахоной искæцы сфæлдыстадон кæнæ æндæр ахуырадон центрмæ. Уымæн æмæ центрты кусынц ахæм ахуыргæнджытæ, кæцытæ зонынц куыд æнцондæр у сывæллоны курдиат раргом кæнын. Æнæмæнг ын æххуыс кæндзысты, разæнгард æй кæндзысты. Иу ныхасæй, курдиат кæмæ ис, уымæн фæрсырдыгæй дæсны æххуысгæнæг куы нæ уа, уæд уыцы курдиатæй ницы пайда ис. Мæнæ æз ацы центры хицау дæн, уый тыххæй нæ зæгъын, фæлæ ацы центры цы фадæттæ ис сывæллæттæн, ахæмтæ æз нæ республикæйы иунæг ран дæр нæ зонын. Тыхæй никæй кæнæм, алчидæр нæм æрбацæуы барвæндонæй. Æмæ уый фæстæ стыр разыйæ ацæуы. Ам æй бынтон лæвар сахуыр кæнынц, æмæ уый фæстæ мах лæвæрд дæсныйадимæ йæ бон вæййы дарддæр ахуыр кæнын уæлдæр скъолайы. Кæнæ та, æппынфæстаг, кусын дæр.

— Дæумæ гæсгæ Советон Цæдисы æмæ ныры Уæрæсейы хъомылад истæмæй хицæн кæнынц?

— Уæд уыдис бæлвырд идеалтæ. Уыдис коммунистон кодекс, кæцыйы фыст уыд, цавæр хъуамæ уа адæймаг. Æмæ-иу уыцы домæнтæ æххæст кæнынмæ тырныдтам. Нæ дзы уыдис дзæгъæл митæ. Никæй сæрмæ æрцыдаид æхцайы тыххæй гæды митæ кæнын, гадзрахатæй цæуын. Уæд бынтон æндæрхуызон уыд цард дæр. Ныр та цы уынæм? Æфсымæр æфсымæры нал уарзы. Сыхаг сыхагæн аргъ нал кæны. Адæм кæрæдзимæ топпы кæсæнæй кæсынц. Æмæ уый цæй цард у. Хъуамæ алы адæймаг дæр тырна уымæ, цæмæй царды хорз фæд ныууадза.

— Зæгъæм, райсом дæ æндæр ранмæ кусынмæ кæнынц. Сразы уаис?

— Ницы хуызы. Фыццаджыдæр уымæн, æмæ æз ацы Центрæн мæ уд снывонд кодтон. Дыккаджы та, куыд хъуамæ ныууадзон мæ сабиты? Мæнæ сæ сабат æмæ хуыцаубоны куы нæ фенын, уæд мæхицæн бынат куы нал фæарын, уæд! Мæ зæрдæ мын тынг риссын кæны, нæ галуан нын чидæртæ исынмæ кæй хъавынц, уый. Цы хъуамæ фæуой, чи кусы, уыцы хъомылгæнджытæ. Нæ хъомылгæнинæгтæ, нæ алыхуызон къордты архайджытæ æмæ, семæ мах дæр уæд, бæргæ, фæнды, цæмæй нæ авналæнтæ фæуæрæхдæр уой, цæмæй нæ концертон зал фестырдæр уа. Фæлæ цард айдагъ фæндонæй нæу. Уымæн хъæуы фадат дæр.

— Аллæ, дæ хъомылгæнинæгтæн дæ зæрдæ цы зæгъы?

— Фыццаджыдæр, æнæниз уæнт. Арв сæ сæрмæ сыгъдæг куыд уа. Цы рæсугъд фæндæгтыл лæуд сты, уыдоныл бæрзонд къæпхæнтæм куыд схизой, уый сын мæ зæрдæ зæгъы.

— Бузныг.

Ныхас ныффыста Касаты Аслæнбег

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here