Нæ хъысмæт, нæ фæндаг – иу

0
19

«Иудзинад æмæ хæлардзинады фæндæгтыл» – ацы форумы фæлгæты нæ республикæйы Парламенты хуындæй знон Цæгат Ирыстоны æфсымæрон балцы уыдысты Кæсæг-Балхъары Республикæйы парламентаритæ.

Форум арæзт æрцыд, ацы аз нæ бæстæйы Президент Владимир Путин Уæрæсейы адæмты хæлардзинады азæй кæй расидт, уымæ гæсгæ, стæй дыууæ æфсымæрон сыхаг республикæйы ‘хсæн бастдзинæдтæ фидар кæныны нысанимæ.

Дыууæ æфсымæрон адæмы минæвæрттæн сæ фембæлд уыд Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры. Театры фойейы арæзт æрцыд нæ республикæйы æхсæнадон царды алы къабæзты æнтыстытыл дзурæг цымыдисаг равдыст, æмæ йемæ уазджытæ зæрдиагæй базонгæ сты.

Бæрæгбоны райдайæн уыд тынг аив. Уазджытæ федтой скъуыддзаг спектаклæй «Хæхты минæвæрттæ» («Послы гор»). Уый фæстæ сын хонгæ кафт акодта адæмон кæфтыты ансамбль «Ирыстон» (йæ аивадон разамонæг Плиты Махар), сæ курдиат равдыстой «Чысыл джигит»-ы æрыгон кафджытæ (аивадон разамонæг Кокайты Таймураз), стæй азарыд нæ республикæйы сгуыхт артист Бекъойты Вано.

Залы бадæг адæм байхъуыстой Уæрæсе, Цæгат Ирыстон æмæ Кæсæг-Балхъары гимнтæм. Уый фæстæ сценæмæ схызтысты: Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ Кæсæг-Балхъары Парламенты Сæрдар Татьяна Егорова. Фысымтæн арфæгæнгæйæ, Татьяна Егорова загъта:

– Ацы фембæлд у нæ хæлардзинады егъау чиныджы ног сыф. Нæ дыууæ республикæйы хæларæй цæрынц æнусты дæргъы. Уый у, аргъ кæмæн нæй, ахæм хъæздыгдзинад, æмæ нæ хæс у йæ бахъахъхъæнын æмæ йæ кæстæр фæлтæртæм рæсугъдæй адæттын. Нæ бастдзинæдтæ ноджы фидардæр цæмæй кæной, уымæн ахъаз у, ивгъуыд аз кæй бафыстам, дыууæ парламенты ‘хсæн æмгуыстады уыцы бадзырд дæр.

Уазджытæн æгасцуай зæгъгæйæ, Тускъаты Таймураз бафиппайдта:

– Дыууæ республикæйæн сæ арæн иу у, фæлæ нæ дыууæ адæмы, æппæты фыццаг, иу кæны, дугты сæрты чи ахызт, ахæм æфсымæрондзинад, хæлардзинад, куырыхондзинад, удварны æмхуызон хæзнатæ, нæ фыдæлты æхсар. Абон та иумæ цæрæм, йæ бирæнацион адæмтæй тыхджын чи у æмæ нын иумæйаг хæдзар чи ссис, ахæм цытджын бæстæйы, æмæ йæ бахъахъхъæнын æмæ рæсугъдæй кæстæртæм адæттын у нæ царды стырдæр нысан.

Æмæ куыннæ сты ирон, стæй кæсгон æмæ балхъайраг адæм æфсымæртæ, кæд æмæ царды алы къабæзты дæр – политикæйы, культурæйы, спорты, аивады – сæ бастдзинæдтæ сты æнæфæхицæнгæнгæ. Хъæбæлоты Билар æмæ Кæсæг-Балхъары обкомы фыццаг нымæрдар Тимбора Мальбахов, Кайсын Кулиев æмæ Джусойты Нафи, Руслан Фиров æмæ Уататы Бибо, Юрий Темирканов æмæ Гергиты Валери – ацы æмæ ма бирæ æндæр адæймæгтæн сæ хæлардзинад ссис нæ дыууæ адæмы æфсымæрондзинады ирддæр цæвиттон.

Уыцы бон ма Ирон театры сценæйæ хъуыст бирæ арфæтæ æмæ хъарм ныхæстæ. Арфæгæнджыты ‘хсæн уыдысты дыууæ адæмы минæвæрттæ – кадджын хистæртæ Дзасохты Алыксандр æмæ политикон архайæг, профессор Борис Зумакулов. Нæ кæсгон уазæг куыд загъта, афтæмæй, Хуыцауæй стыр арфæйаг у, сыхагæн сын ирон адæм кæй ратта, уымæй.

Историон наукæты доктор, профессор Бзарты Руслан та радзырдта, æнусты дæргъы ирæттæ, кæсæг æмæ балхъар цы гуыргахъхъ фæндæгтыл ацыдысты æмæ, уыцы фæндæгтыл цæугæйæ, сæ хæлардзинад фидардæр куыд кодта, уый тыххæй.

Æппæт арфæтæ æмæ раныхæстæн сæ мидис уыд иу: Цæгат Ирыстон æмæ Кæсæг-Балхъары ‘хсæн цы æфсымæрон бастдзинад ис, уый азæй-азмæ фидардæр кæнæд! Уыцы хъуыддагмæ форум «Иудзинад æмæ хæлардзинады фæндæгтыл» стыр бавæрæн кæй бахæсдзæн, уый дызæрдыггаг нæу.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ,
къамтæ систа Татьяна ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here