Ерыстæ, хъæзтытæ, концерттæ, фестивальтæ

0
17

Фæсахуыр фæлладуадзæн рæстæг æмæ Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон кæрæдзиуыл сæмбæлынц 1 июны. Ацы бæрæгбон нæ рох кæнын нæ уадзы, алы сабийы дæр закъоны бындурыл хъахъхъæнын кæй хъæуы, æнахъомты барты сæраппонд хистæртæ кæй лæууынц, уый.

Уый – се ‘нæниздзинад, ахуырад, фæрныгад, тыхмийæ бахизын. Æнæмæнг, 1 июны нæ бæстæйы, фæсарæйнаг паддзахæдты скæнынц алыхуызон бæрæгбоны мадзæлттæ, спортивон ерыстæ, хъæлдзæг хъæзтытæ, концерттæ, фестивальтæ. Цæгат Ирыстоны Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон сабитæ банкъардзысты хистæрты узæлд, цæстæнгас, зæрдæрайгæйæ сæмбæлдзысты сæ ирд бæрæгбоныл.

Уæлдай цæстæнгас равдисдзысты,  социалон æгъдауæй уæззау уавæрты чи цæры, уыцы сывæллæттæм. Иу хъуыддаг у концерттæ,  фестивальтæ саразын, фæлæ зынвадæттæ æвзарæг сабитæ рохуаты хъуамæ ма баззайой. Рынчын, инвалид, сидзæр, æвæрæз бинонты сабитæн баххуыс кæныны хæстæ 1987 азæй йæхимæ райста Уæрæсейы сывæллæтты фонд, уæдæ иннæ хæрзаудæн организацитæ дæр æнæхъæн бæстæйы фæкæсынхъуаг сабитæн се ‘ххуысы хай бакæнынц.

Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон фæзынд Иугонд Нациты Организацийы хъæппæрисæй 1959 азы. Дунеон тыхтæ æрбаиу сты, цæмæй зæххы къорийыл сабитæ мацæмæй тыхсой, ма ‘взарой тыхстдзинæдтæ, тырной хорздзинæдтæм, хæлардзинадмæ, сæ бартæ уой сæрибар æмæ суинаг.

Æнæмæнг, абон дæр ма бирæ паддзахæдты цæрæг сывæллæттæ ‘взарынц царды стырдæр къуылымпытæ, цæлхдуртæ, суанг сты æххормаг, донхъуаг, фæлæ хъуамæ сæ алы бахудт, сæ алы хъæлдзæг змæлд, размæкъахдзæф нæ алкæмæн дæр суой ныфсы хос. Фæскъæвда кæддæриддæр хур ракæсы…

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here