Хъалагъуры хицау

0
1405

Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы информацион-пропагандистон акци «Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады æмгæрттæ». Уый арæзт æрцыд æнæнхъæлæджы уавæрты ведомствойы 25 азы кадæн. Йæ фæлгæты мах æдзухдæр фæдзурæм, се’взонг кармæ нæ кæсгæйæ, абон йæ цард адæмы ирвæзын кæнынимæ чи сбаста, уыцы 25-аздзыд ирвæзынгæнджытыл, зынгхуыссынгæнджытыл, инспектортæ æмæ æндæр кусджытыл.

Ныр та акцийы хъайтар уыдзæн РЦИ-Аланийы зынгсирвæзты ныхмæ службæйы дыккæгæм зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæг хайы фыццæгæм хъалагъуры хицау Елойты Зауырбег. Уый у æрыгон, хъаруджын, тынг æй фæнды сæрмагонд ведомствойы фæллой кæнын. Суанг сывæллонæй дæр зынгхуыссынгæнæг суæвынмæ бæллыд.

«Мах фыццæгæм зынгхуыссынгæнæг хаймæ æввахс цардыстæм, — загъта Зауырбег. Æз арæх мæ цæст дардтон, лæппутæ-иу хæрзифтонгæй фæдисы кæнæ ахуыртæм куыд атындзыдтой, уымæ. Фæндыд мæ фидæны зынгхуыссынгæнæг суæвын”.

Æвзонг лæппу къахдзæфæй-къахдзæфмæ цыд йæ нысанмæ. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ гæххæттытæ балæвæрдта Санкт-Петербурджы паддзахадон зынгсирвæзты ныхмæ службæйы университетмæ æмæ ахуыр кæнынмæ куы бацыд, уæд ма уымæй хъалдæр кæм уыд. Ахуыры азтæй сбæрæг, йæ равзæрст дæсныйад æнæнхъæлæджы кæй нæ уыд, уый. Зонындзинæдтæ чысылгай æмбырд кодта йæ дарддæры куыстæн. Ахуыр куы фæци, уæд та йæ бар уыд Цæгатаг горæты баззайынæй, фæлæ уый фидарæй сфæнд кодта Дзæуджыхъæумæ æрыздæхын.

Фыццагдæр æрыгон специалист службæ кæнын райдыдта дыккæгæм зынгхуыссынгæнæг хайы хъалагъуры хицауæй. Кæд æрыгон у, уæддæр ыл сæрмагонд сконд хорз сæмбæлд. Лæппуйы къухы бафтыд хъуыддаджы ахастдзинæдтæ саразын коллективы.

«Кæдæй кусын, уæдæй фæстæмæ нæм кæрæдзи æнæмбарындзинад никуы уыдис, — бафиппайдта Елойы-фырт.

— Алчидæр хорз зоны йæ куыст, æмæ йæ размæвæрд хæстæ æнæуæлдай ныхасæй æххæст дæр кæны”.

Кæд ацы бынаты Зауырбег бирæ рæстæг нæма кусы, уæддæр ис, йæ куысты фæдыл цы радзура, уый. Иу цау та ахæм уыдис, æмæ ивгъуыд азы 3 декабры дукани «Атриум» ссыгъд æхсæвыгон. Фæлæ уый хуымытæджы зынгсирвæзт нæ уыдис. Уайтагъд æй хуыссын кæнын райдыдтой горæты цалдæр зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнæг хæйттæ. Елойты Зауырбеджы радгæс хъалагъур ардæм атындзыдта боны æрбарухсмæ хæстæг. Цы федта, æмæ цы куыстытæ конд æрцыд уыцы ‘хсæв, уыдоны æнкъарæнтæ дзы ныр дæр рох не сты.

Елойты Зауырбеджы профессион æмæ хорз адæймаджы миниуджытæ рабæрæг сты иу ахæм цауы. Иу æнарæхст къахдзæф, иу æнæраст ныхас дæр аскъуыдтаиккой æрыгон нæлгоймаджы цард. Йæхимæ йæ къух сисыны фæнд æм цæй тыххæй æрцыд, уый зонын ныртæккæ афтæ ахсджиаг нæу. Сæйрагдæр уый, æмæ æрмæст Зауырбеджы бон бацис нæлгоймаджы йæ уавæрæй ракæнын, рамбылдта, уыцы уысм æппæтæй зынаргъдæр чи уыд, ахæм рæстæг.

«Æз архайдтон йемæ ныхас кæныныл, цæмæй æнæзынгæ хид айтыгътаин нæ дыууæйы æхсæн, — æрымысыд Зауырбег, — дарддæр та архайдтон мæхи æмæ ирвæзынгæнджыты дæр уымæ æрбахæстæг кæныныл».

Къухы бафтыд нæлгоймаджы аирвæзын кæнын, уый та у æппæты стырдæр хæрзиуæг.

Æрæджы Елойты Зауырбег бинонты хъуыддаг бакодта. Иринæимæ базонгæ Санкт-Петербурджы. Ахуыр кодтой хицæн уæлдæр ахуыргæнæндæтты, фæлæ-иу рæстæг ссардтой фембæлдтытæн. Дыууæйæ дæр Дзæуджыхъæумæ куы ‘рцыдысты, уæд бамбæрстой, уый уарзондзинад кæй у, уый, æмæ сæ ахастдзинæдтæ сфидар кодтой закъонæй. Ныр архайынц æппæт уæгъд рæстæг дæр иумæ æрвитыныл, кæд, Зауырбег уæгъдибар хъæбысхæстæй архайын нæ ныууагъта, уæддæр. Зауырбегмæ гæсгæ, уæгъд рæстæг хуыздæр у спортивон залы æрвитын.

Хистæр лейтенант Елойты Зауырбег йæ фидæны цард бæтты æрмæстдæр Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадимæ. Йæ бæллиц у разамынддæттæг бынæтты онг баслужбæ кæнын. Уый тыххæй та Зауырбегмæ ныртæккæ ис æппæтдæр: ахуыргонддзинад, тырнындзинад æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сабибонты бæллиц.

Тамарæ Бунтури

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here