Рынчынты дзæбæх кæнынæн — хорз фадæттæ

0
1084

Зымæгон алы аз дæр нæ республикæйы медицинон куыстуæтты архайд фæдывæр вæййы. Уымæн æмæ та сæ тыхы бацæуынц улæфæнтæ æмæ рæуджытæ хъыгдарæг низтæ. Уыцы рæстæг поликлиникæты къахбавæрæн нæ вæййы. Ацы уавæр нымайгæйæ, поликлиникæтæн арæзт цæуынц филиалтæ дæр

Поселоктæ Карца, Спутник æмæ Хуссайраджы цæрджытæ цыдысты Дзæуджыхъæуы 1-æм поликлиникæмæ. Фæлæ, фондз азы размæ поселок Хуссайраджы амбулатори куы байгом, уæлдæр амынд поликлиникæйы филиалы хуызы, уæд адæмæн бирæ æнцондæр фесты сæ уавæртæ. Уымæн æмæ сæйраг поликлиникæйы æрвылбон дæр рады бирæ рынчынтæ вæййы, æмæ фылдæр хатт адæймаг дохтырмæ нæ бахауы. Ныр уыцы æвадат хъуыддæгтæ фæсте баззадысты. Карцайы дæр ныр ис амбулатори, æмæ сæ Дзæуджыхъæумæ цæуын нал хъæуы. Поселок Хуссайраджы амбулаторийы сæргълæууæг — дохтыр Бигъуылаты Ибрагим куыд радзырдта, афтæмæй ацы ран æппæт хостæ дæр ис боныгон стационары рынчынты дзæбæх кæнынæн. — Егъау куыстуат нæу, фæлæ, нæ хыгъдмæ чи хауы, уыцы поселокты рынчынты фаг, уæддæр у, æххæссæм сыл. Поликлиникæ, ахæм рынчындон нæу, æхсæвæй-бонæй рынчынтæ кæм сты, фæлæ нæм ис боныгон стационары дзæбæх кæнынæн бынæттæ, — дзуры Ибрагим. — Иудадзыг нæм йæ цæст дары нæ сæйраг дохтыр Магаты Хъазыбег. Арæх нæ бæрæг кæны, цы хъуаг стæм, цæмæй тыхсæм, уыцы фæрстытæй нæ афæрсы. Кусынц нæм æппæт дохтыртæ дæр, сабаты та — УЗИ-кабинет. Ис нæм нæхи лаборатори. Анализтæй æнæмæнгхъæугæ чи вæййы, уыдон ам скæнæм, биохимион кæй хонынц, уыдон та арвитæм 1-æм поликлиникæмæ. Уымæй уæлдай нæм кусы «Стационар хæдзары». Дохтыртæ рынчынтæм хæдзæрттæм ацæуынц, стæй дарддæр медицинон хотæ дохтыры фæдзæхстытæм гæсгæ рынчынты дзæбæх кæнынц сæхи хæдзæртты.

— Ибрагим, ацы аз дæр та грипп æмæ пневмонияйæ рынчынты нымæц чысыл нæ уыд. Сымах зылды ахæм рынчынтæ уыди?

— Ацы низтæ мах хъæуты цæрджыты фæрсты дæр нæ ахызтысты, фæлæ рынчынтæ бирæ нæ уыдысты. Нæ дохтыртæ рæвдз фæлæууыдысты алы рынчынмæ дæр. Уæззау чи уыд, уыдоны Тагъд æххуысы рынчындонмæ арвыстам. Уым терапевтон æмæ реанимацийы хайæдты сын скæнынц «искусственная вентиляция легких», зæгъгæ, аппараты æххуыс, æмæ рынчын аирвæзы.

— Пневмония адæмы куынæг кодта революцийы размæ, советон дуджы йæ кой нал хъуыст, фæлæ та фæстаг азты æрыздæхт æмæ тыхджындæр кæны. Цы у йæ аххосаг?

— Н1N1 гриппы фæстиуæг у. Гриппæй рынчын хъуамæ низ йæ къæхтыл лæугæйæ ма хæсса. Гриппæй рынчынæн цалдæр боны йæ тæвд нæ хауы, хуыфæг нæ къаддæр кæны, уæд æвæстиатæй хъæуы дохтыртæм цæуын. Уымæн æмæ уыдон сты пневмонияйы миниуджытæ. Пневмонияйæн та йæ «цæфыл» куы нæ æрцæуа «ныхкъуырд», уæд дзы адæймаг мæлгæ кæны. Æмæ ныры рæстæджы гриппæй рынчынтæй афтæ чи фæзæгъы, ницы мын уыдзæн, афтечы хостæ алхæдтон кæнæ арахъ цывзыимæ ануаздзынæн, зæгъгæ, уый рæдийгæ кæны. Ирон адæмы ‘хсæн рагæй ис, рынчыны дзæбæх кæныны мадзалы арахъ æмæ цывзыйæ куы фæпайда кæнынц, ахæм цаутæ. Ацы адæмон хос ныры грипп æмæ йæ фæстиуджытæн æппындæр ницы ахъаз у.

— Афтекты дæр арæх, кæнæ æрвылаз кæуыл сахуыр стæм, уыцы хостæ æлхæнæм, фæлæ фылдæр хатт грипп сдзæбæх кæнынæн ницыуал ахъаз сты. Цавæр хостæ æлхæнгæ сты?

— Уымæн ахæм аххосаг ис, æмæ гриппы бактеритæ уыцы-иу хостыл «сахуыр» сты æмæ сæ нæ «тæрсынц». Фæлæ фармакологи азæй-азмæ хъæздыгдæр кæны. Уагъд цæуынц вирусты ныхмæ ног препараттæ. Фысгæ та сæ ракæны рынчынæн дохтыр. Зæрдыл дарын хъæуы иу ахсджиаг хъуыддаг, æмæ адæймаг хъуамæ йæхæдæг йæхицæн дзæбæх кæныны мадзæлттæ ма кæна, фæлæ æнæмæнг цæуын кæнæ фæдзурын хъæуы дохтырмæ.

— Вакцинаци скæныны фæдыл арæх сидынц дохтыртæ адæммæ. Æмæ фылдæр хатт адæм не сразы вæййынц. Сымах ацы фарстайыл бакусут?

— Мах амбулаторийы ис хæцгæ низтæ; Н1N1 грипп, фадынæг-есыка, гепатит С, дзуар æмæ полиомиелиты ныхмæ вакцинæтæ. Нæ дохтыртæ кæнынц профилактикæ æмæ зонадон куыст. Цæуынц куыстуæттæм, скъолатæм, рæвдауæндæттæм æмæ кæсынц лекцитæ æнæмæнг прививкæтæ кæныны тыххæй. Прививкæтæ адæймагæн зиан хæссынц, зæгъгæ, уыцы хъуыды раст нæу. Хæцгæ низтимæ хъæддыхæй тох кæныны мадзæлтты сæйрагдæр æмæ æнтыстджындæр хъуыддаг — вакцинаци у. Мах нæ хъæуты цæрджытæн уыцы амынддзинæдтæ иудадзыг хæссæм сæ размæ. Дохтыры хæс — рынчыны дзæбæх кæнын у, фæлæ рынчын дохтыры амынддзинæдтæ куы нæ æххæст кæна, уæд йæ уавæр цыфыддæрмæ кæй цæуы, уый хъуамæ æмбара. Уæлдайдæр районты, хъæуты амбулаторитæ алцæмæй дæр ифтонг сты, цæмæй сын æвæстиаты æххуыстæ дохтыртæ бакæной. Ахæм у поселок Хуссайраджы амбулатори дæр.

САУТÆТЫ Тамилæ

Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here