Æвзæрстытæм цæттæдзинад

0
831

Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц Паддзахадон Думæйы депутатты æвзæрстытæм. Республикæйы Центрон æвзарæн къамисы уыд ахуырадон семинар æвзарæн кампанийы архайджытæ æмæ йын фадæттæ аразджытæн.

Семинар арæзт уыд дыууæ хайæ. Фыццаг бон — теори. Семинары архайджытæн радзырдтой æвзæрстыты фæткы тыххæй. Дыккаг бон — цæстдарæн фæлварæнтæ. Æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодтой æвзарæн къамисы барты тыххæй хабæрттæ, стæй сын се ‘ргом аздæхтой æвзарджыты номхыгъдтимæ куыстмæ, хъæлæскæнынады бæрæггæнæнты тыххæй суагъæты арæзтад æмæ æвзæрстыты агъоммæ агитацийы фæткмæ. Семинары архайдтой политикон партиты минæвæрттæ, районты администрациты сæргълæуджытæ, стæй территориалон къамисты архайджытæ. Адæм хъæлæс кæндзысты æвзæрстыты æмхæццæ системæйы ног закъонмæ гæсгæ. Депутатты иу хай равзардзысты партион номхыгъдтæм, дыккаг хай та — иумандатон зылдтæм гæсгæ. Амæйразмæ Паддзахадон Думæйы бынæттыл тох кодтой æрмæст партитæ. Куыд зонæм, афтæмæй бæстæйы Закъонæвæрынадон Æмбырды æвдæм æвзæрст дæллаг палатæйы депутатты æвзæрстытæ ацæудзысты сентябры — хъæлæскæнынады иумæйаг бон. — Закъон уаззаугомау у, йæ мидис зын бамбарæн у. 2003 азæй фæстæмæ æмхæццæ системæ уыдзæн фыццаг хатт. Хайæдты къамисты 80 проценты æмхæццæ системæимæ зонгæ не сты. Æвзæрстытæ цы бон расиддзысты, уыцы бонæй цыппар мæйы дæргъы æвзарæн къамисты 3500 уæнджы кæмæй пайда кæндзысты, уыцы закъоныл сæ хъуамæ сахуыр кæнæм, — зæгъы РЦИ-Аланийы Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Кадиты Константин.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here