Бæхтæ кафынц ехсы цъыккæй, райы зæрдæ барæгæй!

0
1539

Дунейы аивадуарзджытæй цирчы бæхылбадджыты къорд «Ирыстон»-ы тыххæй чи нæ фехъуыста, ахæмтæ стæмтæ разындзæнис. Ирон цæрдæг æмæ курдиатджын лæппутæ зæлдаг нывæфтыдтытимæ хъæдабæ цухъхъаты сæ бæхтыл джигитовкæйы куы сцырен вæййынц, уæд сыл цæст нал фæхæцы. Аренæйы дугъы уайгæйæ, тæссаг трюкты куы уæлбæх февзæрынц, куы — дæлбæх. Гъа, мæнæ артист ныртæккæ рахаудзæн, зæгъгæ, адæм сæ цæстытæ куы ныцъцъынд кæнынц, æмæ зæрдæ йæхи къуыммæ куы нылхъивы, уæд та кæс æмæ артист мидбылты худгæйæ йæ бæхы сæрæй адæмыл йæ уды фарн тауы. Артистты фæзындæй цирчы аренæйыл æрцæры сæрибардзинады, Ирыстоны хæхты æмæ ирон лæджы удыхъæды мон. Америчы Штатты уой, Европæйы, Уæрæсейы æви æндæр паддзахæдты, адæм артисттæн æнæрынцайгæ къухæмдзæгъдæй лæугæйæ скæнынц стыр аргъ. Бæхылбадджыты къорд «Ирыстон»-æн 1926 азы бындур сæвæрдта дунейыл зындгонд дæсны бæхылбадæг, режиссер, УСФСР-йы адæмон артист Тугъанаты Михал. Йæ дæсныйад ын ахæццæ кодта йæ чызг, УСФСР-йы адæмон артисткæ Тугъанаты Дзерассæ. 1991 азæй та йын разамынд дæтты РЦИ-Аланийы адæмон артист Хъаныхъуаты Таймураз. «Ирыстон»-ы кадыл кад æфтаугæйæ, ирон курдиатджын лæппутæ фарнимæ дарддæр хæццæ кæнынц цирчы традицитæ. Систы цирчы бæхылбадджыты аивады дунеон фестивальты лауреаттæ æмæ призертæ: Италийы, Францы, Голландийы, Испанийы, Монте-Карлойы… Ныртæккæ сæхи цæттæ кæнынц Ижевскмæ. Уым уыдзæн цирчы бæхты аивады IX дунеон фестиваль. «Ирыстон» дзы архайдзæн Уæрæсейы Федерацийы номæй. Æрæджы бæхылбадджыты къорд «Ирыстон» сбæрæг кодта йæ 90 азы юбилей. Артисттæн фадат фæцис цалдæр бонмæ сæ фыдæлты зæхх бабæрæг кæнынæн. Æмæ «Рæстдзинад» дæр спайда кодта уыцы фадатæй. Фембæлдыстæм къорды разамонæг ХЪАНЫХЪУАТЫ Таймуразимæ. Не ‘хсæн рауад ахæм ныхас:

rabochie— Таймураз, дæ цард иууылдæр снывонд кодтай цирчы аивадæн. Фæндзай азы арвыстай йæ аренæйыл. Буц дæ артисты стырдæр хорзæх — адæмы уарзондзинад, дидинджытæ æмæ сæ къухæмдзæгъдæй. Дæ къорды æнтыстытæ æмæ уæлахизтæй кад кæныс Ирыстонæн, хъомыл кæныс аренæйыл фæзминаг кæстæрты. Дæхæдæг дæр сын дæ, царды кæмæ тырной, ахæм ирд дæнцæг. Цирк дæ сабибонты бæллиц уыд? — Нæ уыд. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ Тугъанаты Дзерассæ хорз зонгæ уыд мæ хистæр æфсымæр, ансамбль «Алан»-ы солист Хъаныхъуаты Муратимæ. 1966 азы Ирыстонмæ куы ссыд, уæд мæ федта кафгæ, базыдта, бæхтæ дæр ма кæй уарзын, æмæ мæн циркмæ ахæм лæппу куы хъæуы, зæгъгæ, мæ йемæ Мæскуымæ ахуыдта. Аренæйыл иумæ бакуыстам 27 азы. Дзерассæ йæ кармæ гæсгæ йæ куыст куы ныууагъта, уæд йæ хъуыддаг адарддæр кæнын бабар кодта мæнæн. Тугъанаты Михал йæ фæстæ цы цирчы аивады скъола ныууагъта, уый традицитæ абон дæр сты хъахъхъæд, æмæ сæ дарддæр дæр хæццæ кæнæм.

— Цы бынат бацахста дæ царды Тугъанаты Дзерассæ?

DSC_0987— Дзерассæ у мæ дыккаг мады хуызæн. Йæ руаджы æз ссардтон мæ нысан царды.Æхсæрдæс азы дæр мыл нæма цыд, афтæмæй дзы райстон стыр ахуырдзинад, скодта мæ артист. Цы хæрзты мын бацыд, уый ныхасæй зæгъæн нæй. Фæсарæнты Хицауады хуындты рæстæг фынгыл кард æмæ вилкæйыл куыд хæцын хъæуы, авд приборæй кæцыйæ цæмæ бавналын хъæуы, уымæй байдай, æмæ, аренæйы мингай адæмы раз цæсгомджынæй баззайгæйæ, бæрзонд аивад равдисынæй фæу. Раст цыма йæ хъæбул уыдтæн, ахæм цæстæнгас мæм дардта. Афтæ никæд загътон, æз сарæзтон, зæгъгæ. Алкæддæр фæзæгъын, дарддæр хæццæ кæныныл архайын, Михал Дзерассæимæ цы стыр хъуыддаг сарæзтой, уый. Мæ цæсты Дзерассæ абоны онг у цирчы æппæт заманты рæсугъддæр сылгоймаг æмæ цирчы аивады стырдæр дæсны. Æрмæст йæ иу рацыд ирон разгæмтты урс бæхыл дæр цасы аргъ уыд! Аренæмæ-иу куыддæр рацыд, афтæ-иу ын суанг паддзахады бæрзонд минæвæрттæ дæр сæ бынæттæй сыстадысты. Мæ бинойнаг Тебиаты Зарæимæ нын чызг куы райгуырд, уæд ыл сæвæрдтам Дзерассæйы ном. Ныртæккæ Тугъанаты Дзерассæ цæры Мæскуыйы. Цæуы йыл 86 азы. Йæхи æнкъары тынг хорз.

— Къорды архайджытæ иууылдæр сты ирæттæ: Хъаныхъуаты Мурат æмæ Альбинæ, Айдарты Вадим, Цъебойты Витали, Мамыкъаты Хетæг, Ерыстауты Олег, Тауаситы Рустам. Уый, Таймураз, артистты куыстмæ исгæйæ, дæ сæйраг домæн у?

— Бæгуыдæр у. Мах дунейы адæм зонынц нæ джигитовкæйæ. Цæмæй, куыд æмбæлы, уыцы æгъдауыл æй равдисай, уый тыххæй дæ туджы хъуамæ ирондзинад уа. Кæддæр нæ труппæйы раздæры артисттæй иу Уарзиаты Керымы фæхуыдтой Киргизимæ, цæмæй сын сæ артистты сахуыр кæна джигитовкæ кафын. Рацыд дзæвгар рæстæг, афтæмæй архайдтам иу мадзалы. Фыццаг мах равдыстам нæ программæ, нæ фæстæ та — уыдон. Изæры сын сæ джигитовкæйы тыххæй арфæтæ куы кодтам, уæд Керым стыхст, ныфсæрмытæ æмæ афтæ зæгъы: «Уый бæсты мацы дзурут. Æз æй нæ зонын! Кафын сæ сахуыр кодтон, бæхтыл кæм хъæуы, уым дæр афойнадыл багæпп кæнынц, алцыдæр техникон æгъдауæй аразынц раст, фæлæ сæ архайды уд нæй. Сæ цæстытæ цæхæр нæ калынц. Дæсныйадыл сæ сахуыр кодтон, сæ туг баивын та сын мæ бон нæу». Керым куырыхон ныхæстæ загъта. Нæ артисттæн ирондзинад сæ туджы куы нæ уа, уæд, нæ къорды цы программæ æххæст кæны, уым нæ сарæхсдзысты. Джигитовкæ акафынæн хъуамæ иронæй райгуырай. Иннæмæй та нæ артист хъуамæ уарза бæхтæ æмæ зивæггæнаг ма уа. Æнæмæнг, хъуамæ зона хорз кафын. Нæ бон кафаг лæгæй джигит скæнын у, джигитæй кафаг скæнын — нæ. Нæ къорды кусджытæ иууылдæр сты æрыгæттæ. Уыдонæй иу дæр нæдæр тамако дымы, нæдæр карз нозтыл хæст у. Иу бинонты хуызæн кæрæдзиуыл хæцгæйæ, кæрæдзийæн аргъ æмæ æххуыс кæнгæйæ цæрæм æмæ кусæм. Иу афон Астраханы дæргъвæтин рæстæг куыстам, æмæ мæм сæ цирчы хицау дыууæ мæйы фæстæ æрбацыд æмæ мæ цымыдисæй фæрсы, дæ лæппутæ кæм сты, зæгъгæ, куыд никæцæй зынынц. Ома, джигиттæ æрцыдысты, æмæ змæстытæ, хылтæ та не ‘рцыд. Бахуыдтон æй сæ уатмæ, æмæ нæ лæппуты кæй компьютеры архайгæ, кæй та йæхи изæры равдыстмæ цæттæ кæнгæйæ куы федта, уæд хорзау нал фæцис. Уыдон сахуыр сты, сæхи джигиттæ хонгæйæ сæм алырдыгæй цы артисттæ æрцæуынц, уыдоны æнæуаг митыл, æмæ сæ нæ джигитты æцæг ирон уæздандзинад æмæ культурæ дисы бафтыдта. Иу цымыдисаг хабар та ма ныл Севастополы æрцыд. Æрцыдыстæм сæм, æмæ сæ цирчы директор мæ размæ рауад æмæ мæ фæрсы: «Ды, мæнæ йæ джигиттæ карз нозт кæмæн нæ нуазынц, уыцы Хъаныхъуаты Таймураз дæ?» «О, уый æз дæн», «Уæ хабæрттæ уын таурæгътау дзурынц махмæ». Ахæм дæнцæгтæ бирæ ис æрхæссæн.

— Адæм ацы царды цы нæ федтой, ахæм диссаг нал баззад. Артисттæн дæр уæлдай зындæр ссис истæмæй сæ дисы бафтауын æмæ сæм цымыдис сæвзæрын кæнын. «Ирыстон»-ыл цæуы 90 азы. Иннæ къордтæй уæ цы хицæн кæны, ахæм æнæбафæзмгæ трюктæ уæм ис?

— Тугъанаты Михалы скъола йæхæдæг рагæй нырмæ тыхджыныл нымад у æмæ уый бирæ цæуылдæрты дзурæг у. Ногдзинæдтæ дæр нæм ис. Зæгъæм, нæ артист аренæйы бæхылбадгæйы дугъы куы бацæуы, уæд ын иннæ артист йæ уæхсчытæм сгæпп кæны æмæ йæ къæхтыл алæууы. Нæхицæй не ‘ппæлæм, фæлæ уыцы трюк дунейы мах йеддæмæ никæмæн ма бантыст. Сценæйыл кусын тынг зын у. Цирчы артист сценæмæ куы рацæуа, уæд хъуамæ, аргъ ын чи кæны, уый зæрдæйы арт ссудза. Баууæндын æй кæна йæхиуыл. Хъуамæ йæ рацыды бавæра йæ хъарутæ æмæ йæ уд. Æнæ артистизм æмæ мимикæйæ артист цыфæнды зын æмæ æнæбафæзмгæ трюктæ куы æххæст кæна, уæддæр зæрдæмæ нæ хъарынц. Ацы миниуджытæ æнæфæзынгæ нæ фесты нæ кад æмæ нæ номыл. Фыццаг рацыдæй нæм суанг кæронмæ адæм цымыдисæй фæкæсынц. Уарзынц нæ. Кæмфæнды куы уæм, уæддæр нæ нæ рацыды размæ адæмæн бацамоныны сæр дæр хатгай нал бахъæуы, уайтагъд нæ цæсгомæй базонынц. Ныртæккæ дæр нæм æнхъæлмæ кæсынц дунейы стырдæр горæтты аренæтæ. Зæрдиагæй нæ хонынц сæхимæ. Новосибирскы цирчы разамонджытæ нæм æрæджы дæр дзырдтой, адæм, дам, кассæмæ куы æрбацæуынц, уæд, дам, æнæ афæрсгæ нæ фæвæййынц, цирчы ансамбль «Ирыстон» ма кæд æрцæудзæн, зæгъгæ. Уый у артисты куыстæн йе стырдæр аргъ.

— Таймураз, дунейыл дын Австралийæ фæстæмæ кæм не ‘мдзæгъд кодтой, ахæм бæстæ нал баззад. Дæ ехс аренæйы дæ къухмæ куы райсыс, уæд дæ иу фæзындæй дæр бæхтæ коммæгæс фестынц. Раст цыма дирижер дæ, уыдон та дæ мыртæ, уыйау райгуыры удæгас кавказаг шедевр. Уый та куыд? Бæх æмæ артисты ‘хсæн монон бастдзинад ис?

— Ис. Бæхтæ тынг æмбаргæ сты. Мах сæ цæрæгойтæ нæ хонæм, фæлæ сæм кæсæм артистты цæстæй. Арф æнкъарынц адæймаджы зæрдæйы ахаст. Куы дыл баууæнда, уæд та — цæргæбонтæм. Цирчы бæхтæ цæргæ дæр фылдæр кæнынц, уымæн æмæ сæм зылд хуыздæр ис. Фосы дохтыртæ сæм сæ хъус дарынц.

— Куыд ис базонæн рагацау, ацы бæхæй артист рауайдзæн æви нæ, уый?

— Бæх йæ цард кæнæ снывонд кæндзæн циркæн, кæнæ нæ. Цалынмæ йæ бафæлварай, уæдмæ йæ нæ раиртасдзынæ. Афтæ дæр уыд, æмæ бæх балхæдтам, афæдз æй алы мадзæлттæй ахуыр кодтам, фæлæ цирчы ‘гъдау нæ райста. Ис нæм æдæппæт аст бæхы. Сты испайнаг, португайлаг, араббаг æмæ немыцаг бæхты мыггæгтæй. Иууылдæр сты коммæгæс. Афтæ вæййы, æмæ сæ аренæмæ дзæвгар рæстæг куы нæ рауадзай, афтæмæй, цы музыкæмæ фæкафы, уый айхъуыста, зæгъгæ, уæд фыррыччытæ кæнын райдайы, йæ мидбынаты сдыууæрдæм вæййы, ома, кафынмæ мæ рауадз. Куыд артист адæймаг, афтæ артист бæхтæн дæр æнæ цирк сæ цард свæййы æнад æмæ æнкъард.

— Аслам нæ уыдзæн ахæм бæхы аргъ?

— Цирк фидауы рæсугъд бæхæй. Хорз, сыгъдæг туг кæмæн ис, ахæм бæхы аргъ у дыууæ милуан сомы. Хуымæтæг бæх та балхæнæн ис дыууæ кæнæ æртæсæдæ мин сомæй.

— Цирчы кусгæйæ, бæх куы базæронд вæййы, уæд цы фæвæййы?

— Нæ куысты æгъдау афтæ у æмæ, куы зæххæн йæ иу кæронмæ бахъæуы цæуын, куы — йæ иннæ. Уымæ гæсгæ, бæх куы базæронд вæййы, уæд æй радтæм хорз къухтæм. Нæ хъус сæм фæдарæм. Семæ бафыссæм бадзырд, бæх йæхихъæдæй кæй амæлдзæн. Æхца сын ныууадзæм, цæмæй йæм хорз цæстдард уа.

— Цал азы фæцæры цирчы бæх?

— Германы куы куыстам, уæд сæ цирчы уыд, æртын авд азы кæуыл цыд, ахæм бæх. Фæлæ, бæхты чиныджы куыд бакастæн, афтæмæй иу цирчы бæх фæцард æхсай цыппар азы. — Фылдæр кæй уарзтай, ахæм бæх дын уыдис? — Бæхтæ мын иууылдæр уарзон сты. Фæлæ мæ фыццаг бæх «Араб»-ы мæ зæрдыл тынгдæр бадардтон. Згæхуыз, къæхтæ урс-урсид. Лондоны мын шейхтæ лæгъстæ кодтой, рауæй нын æй кæн, зæгъгæ, фæлæ сын не сразы дæн. Уый мын бæхы бынаты нæ уыд, фæлæ æрдхорды. Сæ маст мæ райстой. Бæхæн къафетт маргимæ радтой, æмæ амард. Дыууæ къуырийы мæхи мæ цæссыгтæй фехсадтон. Иу бæх ма нæм иннæты ‘хсæнæй хицæн кодта йе ‘рбацыдæй фæстæмæ. Байрагæй йæ куы æрбаластой, уæд уазалмæ йæ хъуынтæ арц сбадтысты судзинты хуызæн, уымæ гæсгæ йæ мæ фырт Мурат “Ежик” схуыдта. Гæххæттытæм гæсгæ та “Старт” хуынд. Муратыл уæд æртындæс азы цыд, æмæ йæ йæхицæн ракуырдта, хъомыл дæр æй йæхæдæг скодта. Ахæм æмбаргæ бæх дзы рауад, æмæ диссаг. Дардæй-иу ын йæ къæхты хъæр куы айхъуыста, уæд-иу æй базыдта, æмæ йæм-иу мыр-мыр кæнын райдыдта. Аренæйыл дæр ын æмбал нæ уыд. Уарзгæ та кодта битьынайы адимæ къафеттæ.

— Цирчы артистæн йæ алы рацыд дæр цирчы аренæмæ æдас нæу фыдбылызæй. Фæлæ цирчы аивады хуызы цин чи бавзара, уый йæ равзæрст фæндагæй фæстæмæ нал раздæхдзæн.

— Цирчы кусджыты фынддæс азы фæстæ пенсийы кæй арвитынц, уый дæр ууыл хъуыдыгæнгæйæ у. Фæлæ мæнæн иу бон дæр æнæ цирк мæ бон фæцæрын нæу. Хъыгагæн, нæ рæстæджы æндæр аргъ цæуы ацы аивады хуызæн. Советон рæстæджы æппæты фылдæр адæм æхца хардз кодтой цирк æмæ Стыр театрмæ билеттæ балхæныныл, стæй сау еугæфыл. Ныр афтæ нал у.

— Ис дын фырт Мурат æмæ чызг Дзерассæ. Сæ дыууæ дæр сæ цард сбастой цирчы аивадимæ…

— Уый уыд сæхи фæндон. Муратыл куыддæр афæдз сæххæст, афтæ йæ уыцы бон саргъы бæххыл сбадын кодтон. Йæхи æмбарынхъом куы фæци, уæд архайын райдыдта цирчы. Абон у ансамбль «Ирыстон»-ы солист. Йæ бинойнаг Альбинæ дæр кусы немæ цирчы. Æххæст кæны Тугъанаты Дзерассæйы номыр бæхимæ кафт. Мæ чызг Дзерассæ иуæндæс азæй фæстæмæ кусы нæ, фæлæ, зæгъæн ис, цæры цирчы æмæ циркæй. Йæ цардæмбалимæ æхсæрдæс азы ис Европæйы. Парижы циркимæ бафыстой бадзырд, æмæ ныртæккæ уым архайы. Ис ын йæхи номыр. У уæлдæфы архайæг гимнаст. Ис мын кæстæрты кæстæртæ, уыдон дæр фыццаг къахдзæфтæ кæнынц сæ дадайы æвзæрст фæндагыл.

— Таймураз, нæ зæрдæ дын зæгъы, не ‘мзæххон Краснодары цирк «Кубанские казаки»-йы аивадон разамонæг Мерденты Юри йæ 80 азы юбилей æрæджы уæлбæхыл куыд сбæрæг кодта, ахæм амонд.

— Алцæмæн дæр ис афон. Цирк у æвзонгдзинад. Цыбыр рæстæджы фæстæ мæнæн дæр афон у цирчы рохтæ дарддæр мæ фырт Муратмæ раттынæн. Æз та сæм мæ хъус иуварсæй дардзынæн. Фæлæ цыма зæрдæ æппынæдзух уырдæм æхсайдзæн.

— Цирк дæуæн цы у?

— Мæ цард.

Фарс бацæттæ кодта ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here