Цы у хуыскъæл?

0
1057

Хуыскъæл у диссаджы æмæ пайдахæссæг зайæгой. Цы хуызæн у, уый абон æрыгон фæлтæр зонгæ дæр нæ кæнынц. Хистæр адæм та йæ хатгай сæ ирвæзынгæнæг дæр фæхонынц. Фæлæ быдырты кæй нал зайы, уый тыххæй йæ иуæйиутæ сæ цæхæрадæтты садзын дæр ма райдыдтой фырбуцæн.

Хъуыддаг афтæ уыд, æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг, æмæ уый фæстæ азты дæр хуыскъæл тынг зад Цæгат Ирыстоны быдырты, сихсийæн та йын æппын нæ уыд, кæд æй адæм хæлофæй къахтой, уæддæр. Уымæн æмæ уыцы азты бахæринаг ницы уыд. Хуыскъæл зымæгон сæлгæ кæй нæ кæны мæры, уый тыххæй фæззæгæй уалдзæгмæ адæмæн уыд сæ хуыздæр хæринаг, суанг ма дзы хæдзарон фосæн дæр парахатæй лæвæрдтой. Ацы зайæгойæн йæ уидæгтæ тыхджын кæй сты, уый тыххæй, кæм уа, уым рæзын ницавæр культуры бауадздзæн. Уæлдай тынгдæр хъыгдардта нартхоры æвзарты. Фæлæ колхозонтæ къæпийы æххуысæй хуыскъæлы «уд» сыскъуынынæн ницы мадзал ардтой. Фæстæдæр нæм алыхуызон гербицидтæ куы фæзынд, уæд ацы зайæгойæн цалдæр азмæ йæ кой æрбайсæфт. Хуыскъæлы райгуырæн бæстæ у Америк, Уæрæсемæ та йæ æрбаластæуыд ХVIII æнусы. Иу ран зайын æмæ хорз тыллæг дæттын йæ бон у 20 азы дæргъы. Алыран дæр дыууæ метры бæрц бæрзонд фæцæуы, йæ зæнгыл æрзайы бирæ сыфтæртæ, йæ дидинджытæ та вæййынц æхсынæны дидинджыты æнгæс. Хуыскъæлы уидæгтæ арф нæ ацæуынц мæры, уæддæр цы хъуымбылтæ скæны, уыдон вæййынц ставд, къуызыртæ, сæ хуыз та алыхуызон: урс, фæлурс, сырх, бур кæнæ цъæхбын дæр. Хуыскъæлы пайдахæссæг буаргъæдтæ иннæ халсартæй дзæвгар фылдæр ис. Фæззыгон йæ уæллаг хай бахус вæййы, æмæ йæ хъуымбылтæ къахæн ис, зæхх салд куы нæ уа, уыцы рæстæджы. Цыфæнды уазæлтты дæр хъуымбылтæн ницы вæййы зымæгон, уалдзæджы та ногæй цъæх æвзартæ суадзынц. Афтæ рæзы æмæ фылдæр кæны хуыскъæл. Кæцыфæнды мæры дæр уый йæхи хорз равдисы. Хъуыды дæр не ‘ркæны хус рæстæг. Фæлæ уарынтæ куы ныддæргъвæтин вæййынц, уæд хъуымбылтæ нал фæрæзынц. Минералон хъацæнтæ æмæ фаджыс куы бахæссай, хуыскъæл сагъд кæм ис, уыцы мæрмæ, уæд уайтагъддæр фæбæрæг вæййы йæ рæзтыл. Уыимæ хуыскъæлы зæнг æмæ йæ сыфтæ æвæджиауы холлаг сты фосæн. Цы пайдайаг буаргъæдтæ ис, уыдонмæ гæсгæ уыгæрдæны хосæй хуыздæр сты æмæ бæззынц тæрхъустæн дæттынæн дæр. Дæ цæхæрадоны кæрæтты йæ куы ныссадзай, уæд та дзы рауайдзæн рæсугъд цъæх-цъæхид æмбонд. Мыддартæ арæх хуыскъæлæй фæпайда кæнынц сæ куысты. Æрæджиау дæр ма йæ сыфтæ цъæх кæй вæййынц, уый тыххæй ма дзы мыдыбындзытæ фæстаг хатт сæхи «нытыппыр» кæнынц. Уæдæ тыллæгдæттон кæй у, уый тыххæй та йæ æрдзхъахъхъæнæг органтæ хъæддаг хуытæн фæсадзынц. Ахæм хуымтæ ис Цæгат Ирыстоны дæр. Зæгъæм, Црауы комы Зилахары тъæпæны. Хорз йæхи равдыста Тырмоны æмæ Заманхъулы фæдзæхст бынæтты, æндæр рæтты дæр. Хуыскъæлæн сæрды райдайæны йæ хъуымбылтæ чысыл фæрæзынц, июлæй фæстæмæ та тагъддæр рæзын райдайынц. Ацы культур йæ цæхæрадоны сбирæ кæнын кæй бафæнда, уыдон та хъуымбылтæ фæззыгон кæнæ уалдзæджы мæры хъуамæ садзой 8-10 сантиметры æрфæн. Кæд хъуымбылтæ ныххус сты, уæд сæ доны мидæг бауадзын фæхъæуы 2-3 сахаты. Уалдзæджы цъæх æвзартæ куы фæзыной, уæд сæм бахæссын фæхъæуы мочевинæ — 10-15 граммы алы квадратон метрмæ дæр. Кæд мæр хъæздыг уа, уæд æм минералон хъацæнтæ хæссын нæ хъæуы сæрды. Хуыскъæл алыхуызон знаггадгæнджытæ æмæ низтæ хъуыды дæр нæ кæны. Æрмæст ын хъугдæй йæ хъуымбылтæ цы бахъыгдары æндæр.

Ахуыргæндтæ куыд раиртæстой афтæмæй хуыскъæлы 55-85 проценты ис фруктозæтæ. Фыццаджыдæр, хорз æххуыс сты сæкæрнизæй рынчынтæн, инсулин сæм кæй хæццæ кæны, уый тыххæй. Уымæй уæлдай хъæздыг сты минералон буаргъæдтæй, витаминтæй, сойæгтæ æмæ урсæгтæй. Хуыскъæлы бирæ ис, адæймаджы организмы æхсызгон чи хъæуы, ахæм буаргъæдтæ. Хæрынæн уæлдай хуыздæр вæййы ногкъахтæй. Дохтыртæ йæ арæх фæамонынц сæкæрнизæй рынчынтæн: 2-3 хъуымбылы æртæ хатты бон хæрын хъæуы хæрды агъоммæ 10 минуты раздæр. Йæ адмæ гæсгæ нын нæ зæрдыл æрлæууын кæны мæймæбулкъ. Рагуалдзæджы кæй ницы халсартæ вæййы, уый тыххæй хуыскъæлы салат пайда у организмæн. Ацы хæринаг æрцæттæ кæнынæн та бирæ диссæгтæ нæ хъæуы. Хъуымбылтæ бастигъ уырыдзыйы хуызæн, стæй сæ уæд ныххаф насхафæнæй, æмæ сæ сæмхæццæ кæн къуыдырфых айк æмæ цъæх басгæрдæгимæ. Цæхх та кæмæн куыд йæ зæрдæ зæгъы, афтæ. Ахæм салат фынгыл æрæвæрын фæхъæуы æхсырысæртæ кæнæ майонезимæ. Хуыскъæлы хъуымбылты кæрдихтæ хæрæн ис цæхджын къабускайы салатимæ, пъамидортæ æмæ фæткъуытимæ дæр. Хуыскъæлæй ма æрцæттæ кæнæн ис æндæр алыхуызон хæринæгтæ дæр. Цæхджын доны фых хъуымбылтæ нын нæ зæрдыл æрлæууын кæнынц хуызджын къабускъа. Фыцæн сæ ис духовкæйы дæр, хæрын та сæ хъæуы æдцъарæй зетиимæ. Тебæйы фыхæй хуыскъæл дæ зæрдæ куы зæгъа, уæд æй картофы хуызæн фыцæн ис зетийы. Уæдæ хуыскъæлæй консервтæ кæй фæкæнынц, уый дæр базонут. Бафтауын сæм фæхъæуы хъæдындз, нуры, уырыдзы, æндæр хъацæнтæ. Иу ныхасæй, хуыскъæлæй цыфæнды хæринаг куы бахæрай, уæддæр дын æнæниздзинады хос фæуыдзæн.

БЕСЛЕХЪОТЫ Ирæ, дохтыр

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here