Дæ дзырд, Аксо, нæ зæрдæты цæры

0
1118

Колыты Аксо — хъуыстгонд рухстауæг æмæ æхсæнадон архайæг, ирон поэзийы бындурæвæрджытæй иу. Райгуырд 1823 азы Уæлладжыры комы Нары хъæуы. Каст фæци Тифлисы дины семинар. Фæстæдæр сауджынæй кусгæйæ, хъæппæрисджынæй кодта куыд æхсæнадон, афтæ культурон-рухстауæн куыст дæр. Тынг хорз зыдта куыд ирон, афтæ уырыссаг æвзаг дæр. Кодта тæлмацгæнæджы куыст, домдта, цæмæй мадæлон æвзаг скъолаты ахуыр кæной биноныгдæрæй æмæ йæ рæзтыл хардз кæной фылдæр рæстæг. Йæхæдæг ныффыста чырыстон динимæ баст цалдæр æмдзæвгæйы. Аксо уыд фыццаг рухстауæг, сылгоймæгтæн лæвар ахуыры фадат чи радта. Йæхи хæдзары байгом кодта скъола æмæ дзы сылгоймæгты лæвар ахуыр кодта кæсын æмæ фыссыныл.

Номинациты уæлахиздзаутæ: Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы ахуырдзау ÆЛБОРТЫ Давид, Æрыдоны 1-æм скъолайы ахуырдзаутæ Анисья ГРИЦЕНКО æмæ БАЙСОНГЪУЫРТЫ Евæ
Номинациты уæлахиздзаутæ: Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы ахуырдзау ÆЛБОРТЫ Давид, Æрыдоны 1-æм скъолайы ахуырдзаутæ Анисья ГРИЦЕНКО æмæ БАЙСОНГЪУЫРТЫ Евæ

Колыйы-фырты хæрзаудæн бынтæн ирон адæймаг аргъ не скæндзæн, фæлæ йын йæ ном никуы ферох кæндзысты. Йæ номыл ын бузныджы охыл нæ горæты Фæскомцæдисон парчы дзæвгар азты размæ сарæзтой егъау цыртдзæвæн. Ивгъуыд азы та нæ республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрад расидтысты, цæмæй йæ номыл Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы бындурыл æрвылаз цæуой наукон-иртасæн конференцитæ. Фæархайынц дзы нæ республикæйы æппæт районты минæвæрттæ дæр. Сæ ахуыргæнджытæ сæ бацæттæ кæнынц, развæлгъау сын конференцийы аразджытæ цы номинацитæ фæзæгъынц, уыдоны фæлгæты. Ацы аз дæр та 46-æм скъола уæрæх йæ дуæрттæ байтыгъта йæ буц уазджытæн. Æрбамбырд кодта нæ республикæйы скъолаты минæвæртты сæ иумæйаг бæрæгбонмæ — Колыты Аксойы номыл наукон конференцимæ. Ацы аз сывæллæттæ архайдтой ахæм номинациты: Ирыстоны истори; Литературæ; Æвзагзонынад; Ирыстоны музыкалон аивад æмæ нывкæнынад; Ирон адæмы традицион культурæ. Ацы фондз номинацийæ алкæцыйы дæр архайдтой æппынкъаддæр фæйнæ 7 ахуырдзауы. Конференци кадджын уавæры байгом скъолайы аивадон залы. Жюрийы уæнгтæн æмæ уазджытæн арфæ ракодта нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Тотраты Владислав. «Уе ‘ппæты цæрæнбон дæр бирæ уæд. Уæлдай арфæ мæ фæнды ракæнын, абон ардæм цы сывæллæттæ æрбацыд сæ зонындзинæдтæ равдисынмæ, уыдонæн. Æгайтма нæ фæзивæг кодтой, бацæттæ кодтой сæ наукон иртасæнтæ», — загъта Тотры-фырт. Хицæн арфæ ракодта скъолайы директор Гæззаты Валентинæйæн, ацы аз дæр та скъолайы коллектив æппæт мадзæлттæй кæй бацархайдта æмæ афтæ хорз кæй бацæттæ кодта конференци, уый тыххæй. «Абон ацы конференци у уæлдай ахадгæ, уымæн æмæ фæсивæд, ирон æвзагыл, цас æмбæлы, уыйас нал дзурынц. Нал дзы пайда кæнынц. Æмæ сын ацы наукон бакастытæ дæттынц ахæм фадат, цæмæй сæ хъуыдытæ хæссой адæммæ сæ мадæлон æвзагыл… Уæ фæндтæ уæ къухты бафтæнт æмæ уæлахиз ут!» — уыд кæронбæттæны йæ ныхас Тотраты Владиславæн. Цалынмæ наукон-иртасæн конференцийы архайджытæ сæ секцитæм нæма ацыдысты, уæдмæ сын сæ аив зардæй сæ зæрдæтæ барухс кодтой нæ республикæйы адæмон артист Дауыраты Эдуард æмæ Быгъуылты Георги. Секциты конференцийы архайджыты докладтæн аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ — фæлтæрдджын специалисттæ. Докладгæнджытæй алкæмæндæр уыд фадат йæ æрмæг афтæ равдисынæн, цæмæй жюрийы уæнгтæм уæлдай фæрстытæ ма сæвзæра. Республикæйы ахуырады кусджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Солтанты Джульеттæ куыд бафиппайдта, афтæмæй сæ секцийы цы сывæллæттæ кастысты сæ куыстытæ, уыдонæн сæ фыццаг раныхасæй дæр бæрæг уыд, кæй сыл бакуыстой æмæ се ‘рмæг тынг хорз кæй зонынц. Ууыл ма, Джульеттæйы ныхасмæ гæсгæ, дзурæг уыд, куыд уæндон æмæ ныфсхастæй сæ кастысты, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый, фыццаджыдæр, сæ наукон разамонджыты фæрцы бафтыд сæ къухы. Куыстытæ хъахъхъæнæн мадзæлттæ куы фесты, уæд жюрийы уæнгтæ скодтой хатдзæгтæ æмæ алы секцийы архайджытæн дæр радтой фыццаг, дыккаг, æртыккаг æмæ бæлвырд номинацитæм гæсгæ уæлахиздзауты бынæттæ. Се ‘ппæты дæр скъолайы аивадон залы схорзæхджын кодтой Кады гæххæттытæй æмæ майдантæй Колыты Аксойы уазнывимæ.

КАСАТЫ Аламир

Авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here