Уæрæсейы Хæстон-денджызон флоты бон Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло Суаргом хъахъхъæнджыты рухс нæмттæ ссардта.
Дзыллон мадзæлттæ уыдысты Алагиры районы хæстон намысы хъæу Майрæмададжы Суаргом хъахъхъæнджыты æфсымæрон ингæны цур. 1942 азы ноябры фашистон тыхгæнджыты размæцыд чи баурæдта æмæ сын афтæмæй ахсджиаг стратегион объектыл нымад Арвыкомы фæндагмæ бацæуæн чи æрæхгæдта, дзыллон мадзæлтты архайджытæ – нæ республикæйы æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнты æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ, стæй æвзонг æфсæддонтæ – уыцы хъæбатырты рухс нæмттæ ссардтой æмæ сын сæ ингæныл дидинджытæ сæвæрдтой.
Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг хæстон денджызонты æппæт фæлтæрты кадæн Уæрæсе июлы фæстаг хуыцаубон сбæрæг кæны Хæстон-денджызон флоты бон.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














