Республикæйы Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз, йемæ ма Парламенты депутаттæ БÆЗЗАТЫ Алан æмæ ЦÆГÆРАТЫ Руслан, афтæмæй бабæрæг кодтой сывæллæтты реабилитацион центр «Тæмискъ». Уазджытæ базонгæ сты, фæлладуадзæн кусæндон «Фыдыбæстæйы уарт»-ы («Щит Отечества») бындурыл арæзт æфсæддон-патриотон егъау æмбырды кæронбæттæн къæпхæн куыд цæуы, уыимæ.
Парламенты Сæрдар, йемæ – санаторийы разамонæг Цæгæраты Зæринæ, афтæмæй æрзылд центры æрмадзтыл, базонгæ, цы ахуыргæнæн фæзтæ дзы ис, уыдонимæ. Уый фæстæ Тускъаты Таймураз аныхас кодта сывæллæттимæ, йæ тыхтæ бавзæрста хæцæнгарзæй æхсынæй æмæ, йæхæдæг чи тæхы, ахæм аппараттимæ куыд архайын хъæуы, уымæй.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ æмæ дæсны хъомылгæнджытæ ахуырдзаутæн амонынц, автомат куыд æмбырд, халын, æхсын дзы хъæуы, FPV-дронтимæ куыд архайгæ у, фыццаградон медицинон æххуыс куыд кæнгæ у, уыдæттæ æмæ æфсæддон ахуырты æндæр сусæгдзинæдтæ.
Ахæм ахуыртæ саразыны хъæппæрис равдыста Цæгат Ирыстоны фæсивæдон æхсæнадон организаци «Ног фæлтæр». Йæ сæргъы лæууы Парламенты депутат Бæззаты Алан. Гранты хуызы сын баххуыс кодта змæлд «Движение первых». Сæ архайды нысан у историон рæстдзинад бахъахъхъæнын æмæ йæ рох кæнын ма бауадзын, кæстæртæм граждайнаг бæрнондзинад рæзын кæнын æмæ сæ райдайæн æфсæддон цæттæдзинады бындуртимæ зонгæ кæнын.
Ныры ахуыртæ та сты абоны царды домæнтæн дзуапдæттæг патриотон хъомылады ахсджиаг къæпхæн.
Ахуыртæ райдыдтой ацы азы 1 майы æмæ аххæсдзысты 30 ноябрмæ. Сæ архайджытæ сты 12-22-аздзыд æнахъом сывæллæттæ æмæ æрыгæттæ, стæй канд нæ республикæйæ нæ, фæлæ Уæрæсейы æндæр горæттæй дæр. Программæйы алыхуызон мадзæлтты ныронг архайынц 3 500 ахуырдзауы. Ахуыртæ дихгонд сты æртæ къæпхæныл. Фыццаг уал кæронмæ ахæццæ: экскурситы
рæстæг фæсивæд бабæрæг кодтой, нæ респуб-ликæйы чи ис, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уыцы цыртдзæвæнтæ. Ныр цæуы дыккаг къæпхæн – тематикон сæрдыгон радтæ. Уыцы-иу рæстæг арæзт цæуынц интеллектуалон-патриотон ерыстæ, хъæзтытæ æмæ турниртæ.
Ахуырты архайджыты зонындзинæдтæн аргъ кæнынц Уæрæсейы Хъæбатыр, республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр Абайты Юри, республикæйы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джусойты Руслан æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты ветеранты ассоциацийы сæрдар Магкæты Олег. Сывæллæттимæ фембæлынмæ æмæ аныхас кæнынмæ арæх æрбацæуынц сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ дæр.
Ахуырты архайджытæн арфæйы ныхас зæгъгæйæ, Тускъаты Таймураз бафиппайдта, фæлтæрты ‘хсæн æнгом бастдзинад кæй ис, уый.
– Адæймаг хъæздыг уæд вæййы, æмæ йæ истори, йæ бинонты, сæ мыггаджы хистæртæ чи уыдысты æмæ куыд цардысты, уый куы фæзоны. Нæ цытджын бæстæйы хъæздыг истори зонын махæн у не стырдæр тых, – загъта Парламенты Сæрдар.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














