Йæ рухс фæлгонц, йæ цардбæллиц хъуыддæгтæ…

0
870

Йæ дзыллæйы зæрдæйæ чи фæуарзы, йæ цыбыр царды дæр сын стыр хæрзты чи бацæуы, уыцы лæгæн йæ ном цæры адæмы зонды æмæ удты. Ахæм фарны лæг Ирыстонæн уыд ÆГЪУЫЗАРТЫ Тамерлан. Уый республикæйы Сæргълæууæгæй цы цыбыр рæстæг акуыста, уæдмæ дæр йæхи базонын кодта, йæ ныхасы уæз кæмæн ис, йæ хъуыддæгты та — фарн, ахæм æцæг патриотæй, дардмæуынаг разамонæгæй. Фæлæ, оххай, цы загъдæуа хъысмæтæн, æнæнхъæлæджы фæхъуыд не ‘хсæнæй нæ адæмы ныфсы мæсыг Тамерлан…

Æгъуызарты Тамерланы ном йæ дзыллæйы æхсæн сæнусон кæныныл ныридæгæн зæрдиагæй чи бацархайдта, уыдонæй иу у зындгонд журналист, публицист Дзæрæхохты Зауырбег. Æрæджы рауагъдад «Ир»-ы мыхуыры рацыд йæ чиныг «Феномен Тамерлана Агузарова». Ивгъуыд дыццæджы Национ наукон библиотекæйы уыд ацы чиныджы презентаци. Архайдтой дзы республикæйы Хицауады уæнгтæ, ахуыргæндтæ, фысджытæ, æхсæнады минæвæрттæ, Æгъуызарты Тамерланы хиуæттæ æмæ хæстæджытæ. Презентаци амыдта ПТРК «Алани»-йы редактор, поэт, журналист Къадзаты Станислав. Уый куыд загъта, афтæмæй Æгъуызарты Тамерлан уыд йæ адæмы иузæрдион хъæбул, рæстаг зондыл хæст æмæ домаг разамонæг. «Нæ дзыллæ йыл æууæндыдысты, аргъ ын кодтой. Фæлæ, стыр хъыгагæн, йæ фæндтæ æнæххæстæй, йæ хъуыддæгтæ та æрдæгкондæй баззадысты. Ныхас цы чиныгыл цæуы, уый Тамерланæн у æнусон цыртдзæвæн. Йæ автор æй ныффыста цæссыгтæ æмæ тугæй. Схонæн æй ис йе сфæлдыстадон фæндаджы сæйраг чиныг», — загъта Станислав. Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд Дзæрæхохты Зауырбегæн. — Бузныг зæгъын, презентацимæ чи æрбацыд, уыдонæн. Ацы чиныг æз цыбыр рæстæгмæ ныффыстон. Фæндыд мæ Тамерланæн æй йæ райгуыран бонмæ рауадзын. Æмæ йыл тагъд кодтон. Уымæ гæсгæ дзы, чи йæ кæса, уый аиппытæ, чи зоны, ссара, фæлæ йыл уæддæр, мæ зæрдæ æмæ мæм мæ зонд куыд дзырдтой, афтæ бакуыстон. Мæ сæйраг нысан та уыд Æгъуызарты Тамерланы царды фæндæгтæ, куыд гæнæн ис, афтæ ирд æмæ лæмбынæгæй равдисын. Куыд сыгъдæгзæрдæ разамонæг æмæ патриот уыд, уый. Чиныджы тираж у 500 экземпляры. Йæ ауæйгæнгæйæ цы æхца райсæм, уый ратдзыстæм Сывæллæттæн æххуысы фондмæ, — дзырдта Зауырбег. — Ацы чиныг саразыны фæдыл мæ хъуыды нæ республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеславæн куы бамбарын кодтон, уæд мын загъта, хорз ыл бакус, зæгъгæ, æз та йын йæ хæрдзтæ мæхимæ исын. Чиныг арæзт у æртæ стыр хайæ: бæлвырд разныхас; Тамерланимæ мын алы рæстæджыты цы æрмæджытæ, интервьютæ уыд, уыдон; æртыккаг хаймæ та хаст æрцыдысты йæ къамтæ. Чиныджы ма уыцы æрмæджытæй уæлдай сты, нæ зындгонд поэттæ Тамерланы тыххæй цы номарæн æмдзæвгæтæ ныффыстой, уыдон. Чиныг аразгæйæ, æз мæхимæ цы бæрнондзинад райстон, уымæн дзуапдæттæг дæр мæхæдæг дæн. Презентацийы раныхас кодта æмæ ног чиныгыл бæлвырд афæлгæст скодта историон наукæты доктор, профессор Цыбырты Людвиг: — Æгъуызарты Тамерлан уыд уæздан, хиуылхæст адæймаг, — загъта Людвиг, — куыд республикæйы Сæргълæууæг, афтæ Тамерланимæ нæ адæмæн баст уыд се ‘ппæт ныфс æмæ æууæнк. Фæлæ йæ бирæ хорз фæндтæ сæххæст кæнын йæ къухы нæ бафтыд. Курдиатджын журналист Дзæрæхохты Зауырбег йæ чиныджы æххæстæй равдыста Æгъуызарты Тамерланы фæлгонц. Цыбыр рæстæгмæ уый йæ къухы кæй бафтыд, уый дзурæг у йæ æгæрон куыстуарзондзинадыл. Уый тыххæй йын мах хъуамæ зæгъæм бузныг. Иннæмæй та чиныгыл Зауырбег æнцонæй куыста, уымæн æмæ Æгъуызарты Тамерланимæ рагæй зонгæ уыд. Зыдта йæ уæздан адæймагæй, фæлтæрдджын юристæй, дæсны политикæй æмæ йæ адæмы иузæрдион сæрхъуызойæ. Чиныг кæсгæйæ нæ цæстытыл ауайынц, Тамерланы рæстæг нæ республикæйы царды цы æвæрццæг ивддзинæдтæ æрцыд, уыдон дæр. Уыцы хорз дæнцæгтæ та дзурæг сты ууыл, æмæ нæ республикæйы раздæры Сæргълæууæг йæ дзыллæмæ уарзондзинад канд ныхæстæй не ‘вдыста, фæлæ бæлвырд хъуыддæгтæй. Йæ адæмæн фылдæр хæрзты бацæуæг йе ‘цæг дунейы хай куы бавæййы, уæд ын йæ номыл сæвæрынц цыртдзæвæн, схонынц уынгтæ æмæ наутæ. Уыцы æппæт хæрзты сæйрагдæр у, йæ номыл ын чиныг куы ныффыссынц, уæд уый. Æгъуызарты Тамерланы номыл цы чиныг ныффыста Дзæрæхохты Зауырбег, уый фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæй хиздзæн, уый мæ фидарæй уырны. Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Огъуаты Аланæн: — Æгъуызарты Тамерланы цардвæндаджы тыххæй ахæм чиныг кæй рацыд, уый иттæг хорз хъуыддаг у. Уый фæрцы нæ дзыллæ кæстæрæй, хистæрæй хуыздæр базондзысты, нæ республикæйы Сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан цавæр удыхъæды хицау уыд, стæй йæ йæ дзыллæйæн куыд бирæ хорздзинæдтæ фæндыд скæнын, уый. Мах ын йæ хъуыдытæ, йæ фæндтæ дарддæр царды кæй æххæст кæндзыстæм, йæ рухс ном ын æдзух кæй мысдзыстæм, ууыл дызæрдыг ма кæнут. Презентацийы зæрдæагайгæ ныхас ракодта газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Битарты Маринæ: — Ирыстоны хъæбултæй йæ кад æмæ йæ ном йæ адæмы æхсæн кæмæн цæрдзæн, уыдонимæ ис Æгъуызарты Тамерлан. Уый йæ адæмы цы æгæрон уарзтæй уарзта, Ирыстон æй куыд фæрнджын æмæ рæсугъдæй фæндыд фенын, уымæн æвдисæн йæ алы бардзырд, йæ уынаффæ, йæ фезмæлд. Адæмы цæст уынаг у, зæгъы ирон æмбисонд. Иры дзыллæ уайтагъд банкъардтой йæ удуæлдай архайд Ирыстоны хæрзæн. Мыхуыры цы чиныг рацыд «Феномен Тамерлана Агузарова», уый махæн у стыр лæвар. Нæ кæстæртæ та йыл ахуыр кæндзысты, Фыдыбæстæ куыд уарзын хъæуы, ууыл.Чиныгыл цыбыр рæстæгмæ чи бакуыста, уымæн — Дзæрæхохты Зауырæн — æз зæгъын стыр бузныг. Æвæццæгæн, цыфæнды номдзыд æмæ курдиатджын фыссæг дæр афтæ бæлвырд нæ раргом кодтаид Тамерланы миддуне, удыконд, йæ архайд, йæ хъуыддæгтæ йæ уарзон адæмы цардыл. Ног чиныг йæ къухмæ чи райса, уымæн æнцонæй ауайдзæн йæ цæстытыл Тамерланы сурæт. Авторимæ ныхасы вæййы фæлмæн, цæстуарзон, уæздан. Æнæраст хъуыддæгтыл дзургæйæ та — хъæддых æмæ тызмæг, Беслæны æвирхъау хабæрттыл сагъæсгæнгæйæ — зæрдæсаст æмæ æрхæндæг. Уæдæ мадæлон æвзагыл йе ‘нувыддзинадæй нæ адæмы цы ныфс бауагъта, уый та хицæн ныхасы аккаг у. Презентацийы ма раныхас кодтой æмæ ног чиныджы авторæн зæрдиаг бузныджы ныхæстæ загътой РЦИ-Аланийы адæмон поэт Гуырдзыбеты Иринæ, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар, адæмон поэт. Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Ходы Камал, æхсæнад «Русь»-ы кадджын сæрдар Юрий Бессонов, æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы уæнг Томайты Зелимхан, физикон-математикон наукæты кандидат Гамаонты Валодя æмæ амалхъом Моргуаты Барис. Рæстæг цæудзæн, дугтæ ивдзысты дугты, æмæ цæмæй Æгъуызарты Тамерланы хуызæн патриоты ном рохуаты фæлмы ма фæуа, уымæн чиныг «Феномен Тамерлана Агузарова» хорз ахъаз кæй уыдзæн, уый дызæрдыггаг нæу.

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here