Цæмæй сабимæ фехъуыса ныхас…

0
1087

Сабитæн æмдзæвгæтæ, уацаутæ, аргъæуттæ, зарджытæ фыссын алкæй бон нæу. Мæ зæрдыл арæх æрлæууы советон заманы Центрон телеуынынады сывæллæтты стыр хор. Цынæ хуызон рæсугъд зарджытæ-иу зарыдысты. Сæрмагондæй сын поэттæ æмæ композитортæ фыстой музыкалон уацмыстæ. Ног Уæрæсейы уыцы хъуыддаг йæхи æргомæй нæма равдыста, фылдæр хатт саби, дзæбæх хъæлæсы хицау, фæзары стыр уарзондзинады тыххæй зарæг… Уæдæ æндæр хъуыддæгтæ дæр — ома, сывæллæттæн равдыстытæ, радиобакастытæ, хицæн газеттæ æмæ журналтæ — афтæ парахат не сты.

«Мæ царды ахæм æхсызгон цау æрцыд — фæзынд мын гыццыл чызг Радмирæ, æмæ раст цыма мæ дуне иннæрдæм азылд, афтæ мæм фæкаст. Раздæр мын ахсджиаг цы хъуыддæгтæ уыдысты, уыдæттæ иуварс авæрдтон, æмæ æрмæстдæр мæ сабийы кой кодтон», — афтæ зæгъы радио «МСС»-йы сывæллæтты радиобакасты автор æмæ амонæг Янæ ВОЙТОВА.

— Янæ, афтæ зæгъæн ис, æмæ уымæй райдыдта дæ фæндаг сывæллæтты радиобакастмæ?

— Æцæгдæр, мæ саби рæзт, æз та-иу ын алы бон дæр куы ног зарæг акодтон, æрхъуыды-иу кодтон алыхуызон диссаджы аргъæуттæ, цаутæ, кастæн-иу ын чингуытæ. Цыбыр дзырдæй мæм уыйас «æвæрæнтæ» æрæмбырд, æмæ мæ тынг фæндыд уыдæттæ æппæт сывæллæттæн дæр базонын кæнын… Алы ныййарæг дæр йæ сабиимæ «рæзгæйæ» бирæ хъуыддæгтæм акæсы æндæр цæстæй. Хæринаг нæ алчидæр фæкæны, фæлæ йæ дæ къаннæг чызгимæ иумæ куы цæттæ кæнай, уæд уый бынтон æндæр у. Афтæ ахорæнтæй нывтæ кæнын, хæсгардæй рæсугъд нывæфтыдтæ кæнын…

— Уыцы «хуынтимæ» æрбацыдтæ радио «МСС»-мæ…

— Уайтагъд бамбæрстой, сывæллæттæн радиойы фæрцы цы зæгъынмæ хъавын, уый. Эфиры программæйы фæзынд «Сывæллæтты фарс» æмæ ныр дыккаг аз фæндæгтæ агурын сабиты зæрдæтæм. Архайын, цæмæй студийы ныхас уа æнцонæмбарæн, цавæрфæнды уазæг дзы куы архайа, уæддæр алцыдæр бабæттæм сабидугимæ. Кæд æмæ радио «МСС» динимæ, хæрзаудынимæ баст у, уæддæр дзы тынг бирæ ис хуымæтæг радиобакастытæ. Æз, куыд «Сывæллæтты фарс» цæттæгæнæг, сæйрагдæрыл нымайын, сабитæн хорз æмæ æвзæр цы у, уый амонын, кæрæдзийæн æххуыс кæнын, лæмæгъдæры хъахъхъæнын, æххуысы къух æм бадарын æмæ æндæр, рæзгæ удæн ахсджиаг æууæлтæ. Рæзгæ сывæллонæн йæ зæрдæйы рæсугъд æнкъарæнтæ куы ‘рфидар кæнай, уæд ын дарддæр царды рæдыдтытæй уыййас тæссаг нæу. Нæ радиомæ Цæгат Ирыстоны цæрджыты бон байхъусын у 104,9 уылæны, кусы дзы бирæ уацхæсджытæ, адæммæ хæццæ кæнынц алыхуызон хабæрттæ, спортивон æнтыстдзинæдтæ. Республикæ цæмæй цæры, уыдæттæ сын хъусын кæнынц. Мæ радиобакаст нывæзт у хуыздæр миниуджытæй, зæрдæмæхъаргæ, фæлмæн ныхасæй. Нæ уазджыты ‘хсæн та вæййынц алыхуызон адæймæгтæ: чи дзы артист у, чи зарæггæнæг, чи та сывæллæттимæ кусы, чи — музыкалон инструменттыл цæгъдæг, чи — дæсны кафæг. Ныхас музыкалон уацмыстæй раивы, æмæ иу радиобакаст иннæйы хуызæн нæ вæййы…

— Радиомæ чи хъусы, уыцы адæм къæрцхъус сты ныхасмæ, эфир чи амоны, уый архайдмæ. Уыцы бæрнондзинадæн, Янæ, æнæ æмбаргæ нæй… Суанг хъæлæсы уаг дæр бирæ цæуылдæрты фæдзуры, кæнæ ма дæм райсом ногæй байхъусдзысты, кæнæ æндæр «уылæн» бацагурдзысты сæ приемникты…

— Дæ ныхас сывæллæттæм æрвыст куы уа, уæддæр æй зон, хистæртæ сын бацамондзысты, мæнæ ацы ныхас, ацы эфир дæуæн у пайда, хъæугæ… Æмæ уый æмбарын, фæнды мæ, цæмæй бинонтæ иумæ байхъусой радиобакастмæ, иумæ ахъуыды кæной, бацин кæной ногдзинæдтыл… Уыцы ногдзинæдтæ, æндæр ахсджиаг хъуыддæгтæ дзы цæмæй уа, ууыл та архайын. Бацæттæ кæнын музыкалон композицитæ, куыддæр сывæллæттæн ног зарджытæ фæзыны, афтæ сæ эфирмæ рахæссын. Кæнæ та нæ уазæгæн йæ размæ хæс сæвæрын, сабидуджы тыххæй ма нын æмдзæвгæтæ радзур, кæнæ уыци-уыцитæн раст дзуаппытæ ратт… Арæх пайда кæнæм мульткинонывты архайджытæй, ома, арфдæр сын сæ сурæттæ раргом кæнæм сывæллæттæн…

— Радиомæ хъусджытимæ бастдзинад æвдисы куысты ахадындзинад…

— Æцæгдæр, афтæ. Сывæллæттæ сæ радиобакастмæ къæрцхъус кæй сты, ууыл дзурæг сты нæ уазджытæ дæр: ахæм гыццыл чызджытæ æмæ нæм лæппутæ фæархайынц, тынг зæрдæргъæвдæй æмдзæвгæ дæр радзурдзысты, уæдæ заргæ дæр акæндзысты. Арæх нæм æрбацæуынц студенттæ, скъоладзаутæ. Афтæ, иумæ, 104,9 уылæныл цæттæ кæнæм нæ «Сывæллæтты фарс».

— Янæ, мах дæ, журналисттæ, зонæм, куыд РЦИ-Аланийы Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады пресс-службæйы разамонæг. Бæрнон куыст у, радиобакаст цæттæ кæнынæн дæр рæстæг хъæуы, иннæрдыгæй — сывæллон, бинонтæ…

— Министрады куыст æцæгдæр домы бæрнондзинад, уымæ гæсгæ радиобакастыл фæархайын хуыцаубоны. Афтæмæй къуырисæры 13 сахаты æмæ 30 минутыл эфиры рацæуы «Сывæллæтты фарс». Ома, нæ сæ æмхæццæ кæнын… Сывæллæтты тыххæй кусын та мæм стыр хæрзиуæгау кæсы. Хорздзинад хæссæг зарджытæ, дзæбæх уазджытæ, ныфсдæттæг æмбæлттæ — уыдон алы сывæллоны дæр хъæуынц… — Бузныг, Янæ, æнтыстджын у.

Ныхас ныффыста БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here