Нæ фидæн абонæй аразгæ у

0
1452

Цард æгъатыр у. Уый йæ историон фæйлауæнты мæрдырох æфтауы æрмæст адæймагыл нæ, фæлæ æнæхъæн адæмтыл дæр. Кæддæр нæ рагфыдæлтæ скифтæ уый бæрц уыдысты æмæ æнхъæвзтой хурыскæсæны Алтайæ хырныгуылæны цæугæдон Дунайы былгæрæттæм, Инди æмæ Фæскавказæй Урал æмæ абоны Мæскуыйы онг зæххыты тыгъдадыл. Æмæ ма сæ байзæддагæй абон дыууæ чысыл зæххы гæппæлтыл — Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны цæры 600 минæй чысыл фылдæр. Иннæтæ батадысты Европæ æмæ Азийы бæстæты адæмыхæттыты æхсæн.

Цард æгъатыр у, лæмæгътæн нæ бары, йæ азты, æнусты бын сæ ссæнды. Æмæ фæсмон цы у, уый дæр нæ зоны. Лæмæгътыл кæлкæлæй худы, се сæфтыл йæ къах æркъуыры. Тæригъæд нæ зоны. Уымæ гæсгæ йын йæ рæвдыдмæ, йæ рæдыд ныббарынмæ мачи æнхъæлмæ кæсæд. Йæ хос у æрмæстдæр фидар æм фæлæууын, сæттын ын ма бакомын, йæ рохтæ йын дæхимæ æрбалхъивын. Гъе уæд дæ азты, æнусты сæрты йæ уылæнты сæрты йе рагъыл хæсдзæн ног дугтæ æмæ егъаудæр хъуыддæгтæм. Европæ æмæ Азийы бирæ адæмты кæддæры ариаг рагфыдæлтæ равзæрдысты, ныры сомихаг, англисаг æмæ немыцаг ахуыргæндтæ куыд раиртæстой, афтæмæй Сомихы уæлхох быдырты нæ азнымады размæ 12 минæм азы. Æмæ уырдыгæй ахæлиу сты Мысырмæ, Иран, Инди æмæ Астæуккаг Азимæ, Европæмæ. Абон дзы Уæрæсейы зæххыл цæрынц уырыс æмæ ирæттæ. Сомих дæр сæхи хонынц уыдон байзæддаг. Стыр уырыс æмæ сомих сæ удыхъæды фидардзинады фæрцы сæхи бахъахъхъæдтой. Махæн абон тæссаг у фесæфынæй. Нæ хæхбæстæ федзæрæг, нæ быдыр афтид кæны. Цыфæнды адæмыхаттыл дæр ахæм карз рæстæджытæ скæны, йæ адзалы фæндагыл куы ныллæууы æмæ йæ бынсæфты къардиуæй ахауынмæ бирæ куы нал фæхъæуы, ахæм рæстæджытæ скодта ирон адæмыл дæр. Цыфыддæр знаджы азарæй ма нæ цы чысыл муртæ аззад æмæ ма уыдоны дæр хæхты цъассытæм куы батардта, æмæ ныл уым дæр рыны фыдæй уынгæджы бонтæ куы скодта, уæд ма уый фæстæ, 1824 азы сфысты ирæттæ 20 мины бæрц дæр нал уыдысты. Фæлæ наци удæй фидар куы уа, Хуыцауы комы тæф æм куы хæццæ кæна, æмæ фидæнмæ ныфсджынæй куы кæса, зонд æмæ хъаруйæ йыл куы куса, уæд ын фесæфынæй тæссаг нæу. 2014 азы рауагъдад «ПроектПресс»-ы «Алано-Кавказская библиотека»-йы джиппы рацыд Гутнаты Феликсы наукон куыст «Скифы и аланы». Чиныджы кæронбæттæны фыссы: «Так, если в середине XVIII в., по источникам, только северных осетин было “более двухсот тысяч душ», то после серии эпидемий начала XIX в их осталось всего 16 тысяч… Некоторые «оракулы» предрекали даже «растворение» осетин так таковых. В. Чудинов, например, писал: осетины быстро «ассимилировались», утратив свою народность, «так что среди них трудно услышать их собственный язык» И вообще, «за пределами 1830 года у осетин нет более истории». Тем не менее, несмотря на столь мрачные прогнозы, народ живет и развивается». Нæ фесæфт ирон адæмы таг уæд — 19 æнусы райдайæны. Карз уавæрты карзæй цæрын хъуыд æмæ Иры хистæртæ домаг разындысты сæхимæ дæр æмæ алы иронмæ дæр, алы ног бинонтæй дæр-иу æрдомдтой цот: авдæй къаддæр нæ! Уал сывæллоны цы сылгоймаг нæ ардта, уый мойæн курын кодтой дыккаг ус. Уыцы фæтк нæм æрхæццæ ссæдзæм æнусы онг. Хистæртæ æгъатыр уыдысты, æхсæнцарды æгъдæуттæ чи нæ æххæст кодта, уыдонмæ. Рæдийын, асайын, адавын, гадзрахатæй рацæуын нæ барстой. Хъæуты, комы Ныхасты ахæмтæн карз ныхкъуырд лæвæрдтой. Хъоды цы у, уый хистæртæ фехъуыстаиккой сæ фыдæлтæй, кæстæртæ бакастаиккой аив ирон литературæйы. Дæ фыдгулыл бакæной хъоды. Ахæмты сырдтой хъæуæй, комæй. Уæд фæзындысты хъæутæй дæрддзæф иугай хæдзæрттæ. Йæ æнаккаг кæнæ æнæгъдау миты тыххæй-иу хъæубæстæ æнæхъæн бинонты дæр сыстын кодтой сæ цæрæн бынатæй. Хуыснæджы-иу куы базыдтой, уæд ын-иу йæ давæггаг йе ‘фцæджы æрæфтыдтой æмæ-иу æй афтæмæй хъæуы уынгты æркодтой. Цымæ ма уымæй æгаддæр, худинагдæр исты уыд! Фæлæ уавæр афтæ домдта æхсæнадон царды æгъдæуттæ æвæрджыты. Уæды дуджы адæм æгъатыр уыдысты, Ныхасы хастой марыны тæрхон дæр. Ахæм фыдгæнæджы къухтæ æмæ къæхтæ бастæй йæ мыггаг сæхæдæг æппæрстой куыдзæппарæн былæй. Уыцы карз ми йæ иу нывы ирдæй равдыста Тугъанты Махарбег. Æмæ алчидæр худинагæй, адæмы фыдæхæй хъахъхъæдта йæхи, адæмы хъæр æмбæрста æмæ йæ бинонтæн царды фæрæзтæ куыста, сæ фидæныл хъуыды кодта. Хистæрты зондæй æмæ кæстæрты хъаруйæ бахъахъхъæдтам не ‘взаг, не ‘гъдæуттæ, нæ фыдæлты фарн. Авдæн ссис æрмæст авд сывæллоны нæ, фæлæ 18-гай æмæ ма ноджы фылдæры аузынæн. Æмæ та бабирæ стæм. Бирæмæ та бир хъару ис, тыхгæнæг сæм нæ уæнды. Уæлдайдæр, æнгом, æмзонд куы уой, уæд. Зын рæстæг та скодта ныр дæр ирон адæмыл. Кæд нымæцæй бынтон чысыл не стæм, зондагур никæмæ цæуæм, царды фæрæзтæ кусын нæ бон у, уæддæр ацы фæлдурæджджын рæстæг сæдых, слæмæгъ стæм.Уымæн æмæ кæрæдзи нал æмбарæм, кæрæдзи хæрæм, нæ нысан иу нал у, фæйнæрдæм хæцæм, нæ фидæны раз бæрнон нал стæм. Къостайы фæдзæхст: «Æфсымæртæ, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!» не ‘ххæст кæнæм. Уый уымæн æмæ нæ иу цы миниуджытæ кæнынц: не ‘взаг, нæ фыдæлты фарн, сæ рæсугъд æмæ мидисджын æгъдæуттæ, — уыдоныл нæ къух исын райдыдтам, æмæ сæрсæфæнмæ фæцæуынц. Нæ фæсивæд, ирон адæмы фидæн аразгæ кæмæй у, уый иу хай наркомани æмæ нозты азары бахауд, хистæртæ нæ фыдæлты фарн кæмæ адæттой, уыдонæй бирæтæ æндæр æцæгæлон динтæ æмæ зондахастыл ныххæцыдысты. Сæ цæстмæ бадарæн ис нæ хистæртæй бирæтæн, ацы уавæрмæ æбæрнон цæстæй кæй кæсынц, уый. Уый нæ, фæлæ ма куыдфæндыйы цæстæй кæсынц сæхи кæстæрты хъомылад æмæ æгъдаумæ. Æмæ сæфы ирондзинад. Æз афтæ нæ зæгъын, æмæ абон æрмæст ирон адæм сты ахæм уавæры. Нæ намысджын иумæйаг хæдзар — Советон Цæдис куы ныккалд, уæд нынкъуысын кодта бæстæйы æппæт адæмты царды уаг дæр, фæцудыдта Уæрæсейы Федерацийы экономикæ, фæивта адæмы удыхъæд, сæ зондахаст, рæзгæ фæлтæры хъомылад. Уымæ сæ æппæрццæг æвæрæн бахастой телеуынынад, радио æмæ мыхуыры фæрæзтæ. Адæм кæрæдзийы рис нал æмбарынц, исбоны азарæй кæрæдзимæ топпы кæсæнæй кæсынц, кæрæдзи марынц. Советон æхсæнад фехæлд, ног та нæма сырæзт. Уыцы уавæр æнæмæнг фæзынд Ирыстоныл дæр. Цыфæнды хорз хъомыладыл дæ удæй арт куы цæгъдæй, телеуынынад та иннæрдæм куы хæца, уæд дæ хъомыс бирæ нæ уыдзæн. Фæлæ уæ нæ адæмы историмæ фæстæмæ уымæн акæсын кодтон, цæмæй уын уæ зæрдыл æрлæууын кæнон, нæ фыдæлтæ зындæр уавæрты кæй уыдысты æмæ-иу уæлахизæй кæй рацыдысты. Бафæзмынæм сын нæ адæмы сæрвæлтау сæ хорз æмæ хъæугæ фæлтæрддзинад. Карз æмæ æгъатырæй тох самайæм наркомани, нозт, фыдракæндты, æгъдаухалджыты, наркотиктæ чи уæй кæны, ирон æвзаг, не ‘гъдæуттæ, нæ фыдæлты фарн нын дæлдзиныг чи кæны, уыдоны ныхмæ. Нæ хъысмæт нæхи къухы ис, æмæ искæй æххуысмæ мауал æнхъæлмæ кæсæм. Чи кæм цæры æмæ кусы, уым иудадзыг архайæд, абон нæ адæмы размæ цы цæлхдуртæ сæвзæрд, размæ акъахдзæф кæнын нæ чи нæ уадзы, уыдон аиуварс кæныныл. Уый тыххæй ирон æхсæнады хуыздæр минæвæртты æмгуыст кæнын хъæуы хъæуты æмæ горæтты бынæттон хиуынаффæйады оргæнтимæ, куыстуæтты æмæ хæдзарæдты, ахуыргæнæн кусæндæтты кусджытимæ, æхсæнадимæ, фæсивæды раззагдæр минæвæрттимæ. Иумæ нæ архайын хъæуы. Къоста нæм куыд сиды: «Цæйут, æфсымæртау, радтæм нæ къухтæ абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ». Иугæйттæй куы архайæм, уæд нæ тухитæй ницы рауайдзæн. Ис нæм «Стыр Ныхас», æппæт ирон адæмы «Стыр Ныхас». Уый фæстæ æхсæнад «Национальный форум Алания» дæр арæзт æрцыд, йæ хæдуæлвæд — Цæгат Ирыстоны республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад». Æртæйæн дæр ахадгæ у сæ архайд, сæ куыст. Фæлæ цымæ сæ тыхтæ иумæ куы æрбамбырд кæниккой, уæд сын фылдæр не ‘нтысид, сæ архайд ахадгæдæр, хъомысджындæр нæ уаид. Адæмы иудзинад къæдзæхтæ дæр фæлдахы. Цæлхдуртæ бирæ ис нæ адæмы раз йæ фидæнмæ фæндагыл. Кæцыдæртæ дзы царды уавæртæй гуырынц, кæцыдæртæ та сты нæ æгуыдзæгдзинады аххос. Абоны царды зилдухæнты ирон адæм рæстмæ нал зонынц, нал хицæн кæнынц хорз æмæ æвзæр кæрæдзийæ. Хуыздæр фидæнмæ тырнындзинад сæм нал ис; царды социалон рæстдзинадыл нал æууæндынц; нæ адæм кæнынц къаддæрæй-къаддæр, мæлгæ нæ фылдæр кæны, гуыргæ — къаддæр; нозт æмæ наркомани систы ирон адæмы сафæг; фæсивæды иу хайы æгъдау, уды сыгъдæгдзинад, уды фарн фæцудыдтой. Æгъдауæй æнæгъдау цард æнцондæр у, æмæ æнцоны фæдыл ацыдысты. Лæппутæ устытæ нал курынц — бинонтæ дарыны хæс стыр у. Æмæ уæд цот чи хъуамæ кæна? Рох кæнынц нæ мадæлон æвзаг, не ‘гъдæуттæ, æмæ сæфы нæ ирон фарн. Мæ ныхас у алы ирон адæймагмæ дæр: не ‘ргом тынгдæр аздахæм рæзгæ фæлтæры раст хъомыладмæ, фæсивæды æгъдау, куыст æмæ ахуырмæ, сæ царды уавæртæм. Нæ фидæн уыдонмæ кæсы, æмæ сыл аудæм æппæт хуызты дæр. Нæ хъарутæ паддзахад æмæ барадон оргæнтимæ куы баиу кæнæм, уæд нæ цардæй бындуронæй сыскъуындзыстæм наркомани, алкоголизм, фыдракæндтæ, стигъын, сайын æмæ давыны цаутæ. Æмдых, æмзондæй куы архайæм, уæд нын бантысдзæн нæ ирон фарнхæссæг æгъдæуттæ ногæй царды æрфидар кæнын, нæ фыдæлты фарн, культурæ æмæ спорт райрæзын кæнын, нал нæм уыдзæн æгуыст адæм æмæ фыдгæнджытæ. Нæ абоны уавæрæй нæ рацæуын хъæуы, æмæ æппæт дæр нæхимæ кæсы, нæ адæмы лыггæнинаг фарстатæ аиуварс кæнынмæ нæм ничи æрцæудзæн! Æмæ райдайæд алчидæр йæ бинонтæй, йæ сыхбæстæй. Сыхбæстæ сты уаг æмæ æгъдауæвæрæг, нæ цины æмæ зианы лæггад æмæ фыдæбон уыдоныл æнцой кæны, наркоманты, наркотиктæ уæйгæнджыты, нозтуарзджыты, æгъдаухалджыты, адæмы стигъджыты сыхбæстæй хуыздæр чи зоны, æмæ сын-иу сæ фарста сыхы Ныхасмæ рахæссæм. Кæнæ мыггаджы Ныхастæ та цы кусынц, фæрныг куывдты бæсты-иу мыггаджы кæстæрты цард æмæ æгъдауыл куы æрдзуриккой, мæгуыр бинонтæм, студентмæ, рынчынмæ-иу се ‘ххуысы къух куы бадариккой, уæд цас ахадгæдæр уаид сæ архайд. Мыггагæй æнæусæй чи зæронд кæны, уыдон-иу сæ Ныхасы æмбырды куы æрфæрсиккой. Ирон адæм, цалынмæ нæ абоны уавæрыл арф нæ ныхъхъуыды кæнæм, зæрдæйæ йыл нæ фæриссæм æмæ бæрнондзинад нæ банкъарæм, уæдмæ сæфты фæндагыл лæуд сты не ‘взаг, не ‘гъдæуттæ, нæ фыдæлты фарн æмæ нæхæдæг дæр.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here