Дзæуджыхъæу абон, райсом æмæ хæстæгдæр фидæны

0
1064

«Æрæджы уыдтæн Хуссайраг поселочы. Дыууæ хæдзары кæрæдзи бакомкоммæ лæууынц, се ‘хсæн цалдæр метры. Сæ иу — хæрззылд, бацæуæнтыл фидар дуæрттæ, хæдзары сæр хорз æмбæрзт, кæрт — дидинæгджын, æфснайд, цæхæртæ калы. Иннæ — цы у, уымæй — заууат, æнæфснайд, цалцæггæнинаг… Цæмæн сæ ис ахæм хицæндзиндтæ? Уымæн, æмæ иу хæдзары цæрджытæ бамбæрстой, сæ бæстыхай фæдарын, уымæ зилын сæхимæ кæй хауы, æмæ равзæрстой разамынддæттæг компани. Иннæтæ цæмæдæр æмæ кæмæдæр æнхъæлмæ кæсынц. Бамбарын афон у, сæ бæсты уыцы хъуыддæгтæ ничи бакæндзæн. Кæд сæхæдæг нæ арæхсынц, уæд сын разамынддæттæг компани ссарын нæ бон у», — Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг ÆЛБЕГАТЫ Барисы телерадиокомпани «Алани»-йы комкоммæ эфиры бахъуыд дзуапп дæттын амæй-ай вазыгджындæр фæрстытæн.

Дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæртты фæрстытæ баст уыдысты горæты фæлгонцады, социалон-экономикон рæзты, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, æнæзакъон арæзтæдты, фæсивæдон политикæ æмæ æндæр хъуыддæгтимæ. Комкоммæ эфиры агъоммæ дæр цæрджытæ æрбарвыстой фæрстытæ, тыхджын ихуарды фæстиуджытæ иуварсгонд куыд цæуынц, уый тыххæй Æлбеджы-фырт загъта: «Ныронг нæм æрбарвыстой 3 мин курдиаты. Байуæрстам 44 мин шиферы, 5 тоннæйы битум, 5,5 мин квадратон метры авг. Мæхæдæг æппынæдзух мæ хъус дарын, куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, æрмæг куыд адих кæнынц, уыдæттæм. Шифер райстам Крымскæй, Волгоград æмæ Белгородæй. Кæд ма, мыййаг, исчи тыхст уавæры ис, æмæ йæм хæдзæртты хицæутты æмбалад йе ‘ргом не здахы, уæд йæ курдиат махмæ фæхæццæ кæнæд. Уæлдай къæрцхъус уыдыстæм инвалидтæ æмæ æвæгæсæг адæймæгтæм». Фæскъæвда дзæуджыхъæуккæгты хæдзæртты дон змæстæй кæй рацæуы, уый та у, каптажтæ æхгæд кæй не сты, æмæ сæм чъизитæ кæй бакæлынц, уый аххос. Цæмæй дарддæр уыцы уавæрæн бынат мауал уа, уый тыххæй донисæн станцæты сæвæрдзысты æхгæд каптажтæ. Дзæуджыхъæуы сыгъдæгдзинадыл бацархайыны, адæмы ахаст аивыны охыл ис бæлвырд нысантæ. Хъуамæ Минæвæртты æмбырд, уый фæстæ та Парламент сфидар кæна ахæм закъонæвæрынадон акттæ, цæмæй, æхсæнады йæхи æнæуагæй чи æвдисы, уыдон æййафой ахъаззаг административон æфхæрд. Фæлтæрддзинад базоныны охыл ма специалистты арвыстой Хъазанмæ. Уым уыцы хъуыддæгтæ бæрзонд æмвæзадыл æвæрд сты. Æрмæст Тæтæры республикæйы нæ, фæлæ æндæр регионты дæр архайынц сыгъдæгдзинад, рæсугъд æгъдау домыны фæткыл. Белгороды областы æвзæр дзыхæй чи сдзуры, уыдон фæивар кæнынц мин сомæй. Уыцы æхца цæуынц сæ бюджеттæм. Цæгат Ирыстоны уынгтæ æвзæр ныхасæй бæз-бæз кæнынц. Скъоладзаутæ, студенттæ, суанг хистæр кары нæлгоймæгтæ æнæфсармæй хъæрæй згъалынц, сæ ком цыдæриддæр кæрды, уый. Ахæмты æмæ, сыгъдæгдзинадæн аргъ чи нæ кæны, уыдоны митæн кæрон скæнын хъæуы. Бирæсывæллонджын, æрыгон бинонтæн цæрæнуæттæ, зæххы хæйттæ дих кæныны дæр ис бæлвырд дæнцæгтæ. Хæрзæрæджы 13 æрыгон бинонтæн байуæрстой сертификаттæ сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй. Дзæуджыхъæуы зæххы хæйттæ байуарыны фадæттæ нæй, уымæ гæсгæ администраци фарста сæвæры хъæуккаг районты размæ, æмæ йæ уыцы хуызы алыг кæнынц. Нагорнаяйы уынджы цæрджытæ Æлбеджы-фыртмæ цы фарст æрбарвыстой, уый бирæты тыхсын кæны. Ныллæг хæдзæртты цур чидæр балхæдта зæхх æмæ, хæдзæрттæй сантиметр дæр нæ ахизгæйæ, сæ къулты рæбын стыр бæстыхай аразынæн ракъахта арф уæрм. Уый хæдзæртты уавæрыл фæзынд æвзæрæрдæм, æмæ цæрджытæ курынц æххуыс. Æлбегаты Барис куыд загъта, афтæмæй, цалынмæ кусы, уæдмæ æнæзакъон, техникон домæнтæ халæг арæзтæдтæн бынат нæ уыдзæн. «Куыд зонут, афтæмæй нæм фæзынд архитектурон совет. Йæ уæнгтæ сты зындгонд архитектортæ, ахуыргæнджытæ, историон бынтæ хъахъхъæнæг ведомствойы кусджытæ. Æппæт проекттæм дæр уыдон лæмбынæг кæсдзысты æмæ-иу рахæсдзысты раст уынаффæ», — загъта горæты администрацийы сæргълæууæг. Уымæй дарддæр ма фæбæрæг кодта Афицерты хæдзары уавæр дæр. Ома, фембæлд йæ хицæуттимæ, куыд базыдта, афтæмæй дзы рæхджы офисон центр аразын райдайдзысты. Фæлладуадзæн парчы, доны был, цы егъау бирæуæладзыгон хæдзар сарæзтæуыд, уымæн ис ног хицау, фæлæ йæ экономикон зындзинæдты аххосæй йæ бон ауæй кæнын нæу. Горæтмæ та уыйас æхца нæй, цæмæй йæ балхæна исты пайдайаг бæстыхай байгом кæныны тыххæй. Трамвайты депойы фарст дæр æнæдзуаппæй нæ баззад: «Æцæгдæр æй ауæй кодтой хуымæтæг фатеры аргъыл — 2 милуан æмæ 974 мин сомæй. Уымæй дарддæр ма дзы цы бæстыхæйттæ уыдис, уыдон дæр. Ныфсджынæй нæма дзурдзынæн, фæлæ ныхас кæнын йæ хицауимæ, депойæ фæхауæггаг уæм, уый æруадзæн нæй». Дарддæр ма бæстон радзырдта, лифтты хæдзарад цы ивддзинæдтæ бавзæрста, гаффутты уавæрæй йæ куыд рахуыдта æмæ дарддæр бирæуæладзыгон хæдзæртты лифттæ раивынæн цы мадзæлттæ кæндзысты, уый тыххæй. Рæхджы балхæндзысты 32 ног лифты. «Транспорты уавæр, йæ куыст адæмы тынг тыхсын кæнынц, æмæ уый æнæбындур нæу. Уыцы арвистон ныр иу ссæдз азы цæуы. Маршрутон такситæ сты 1350, сæхицæн æхца кусынц, хъалонтæ нæ фидынц, нæдæр сæм медицинон, нæдæр техникон цæстдард ис. Республикæйы Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймуразимæ ныхас кодтон, æмæ мемæ сразы. Афтæмæй æппæт уыцы техникæ суыдзæн республикæйы Транспортон комитеты бар. Мах та баххуыс кæндзыстæм маршрутон такситæн кæройнаг æрлæууæн бынæттæ бацæттæ кæнынæн, рухс сæм бауадздзыстæм, бæрæггæнæнтæ дзы скæндзыстæм», — ахæм дзуапп радта æхсæнадон транспорты куысты тыххæй Æлбеджы-фырт. Ныхас бацахста фæндæгтæм, хидтæм базилыны фарста дæр. Горæты разамындмæ ис бирæ хорз нысантæ сывæллæтты хиирхæфсæн, фæлладуадзæн егъау центр саразынимæ. Нырмæ дæр уал базылдысты зоопаркмæ, Сывæллæтты æфсæнвæндагыл фæзынд ног вагонтæ. Ног фæлладуадзæн бынат аххæсдзæн ацы кусæндæттыл дæр, фæзындзæн ма дзы бирæ алыхуызон культурон, спортивон, фæлхасадон, хиирхæфсæн объекттæ. Æдæппæт ын дихгонд æрцыд 38 гектары. Æлбеджы-фырты дзуапп дæттын бахъуыд сывæллæтты хæдзар «Ласка»-мæ маршрутон такситæ цæуыны, спортивон фæзтæ аразыны, исбонадæн инвентаризаци скæныны, Сабырдзинады проспект рацаразыны, муниципалон чиновниктæ æмæ кусджытæ телефонтæ кæй нæ исынц æмæ сæ адæмимæ дзурын кæй нæ фæнды, 18-æм микрорайоны арæзтад кæронмæ ахæццæ кæныны, ахуырадон кусæндæттæн хæринаг цæттæгæнæг комбинаты архайды, цæрæнуæттæм рады цы гражданты категоритæ лæууынц, уыдоны, азæй-азмæ гаффутты уавæры уыцы-иу куыстуæттæ кæй бахауынц æмæ ма æндæр фæрстытæн. Æнæмæнг, горæты разамонæгыл бирæ хæстæ ис æвæрд, йæ размæ бирæ вазыгджын фарстатæ лæууы, кæцыдæртыл бацархайдзысты хи хъарутæй, кæмдæр сæ бахъæудзæн республикон хицаудзинады æххуыс, кæмдæр та хъуамæ адæм равдисой сæ ахаст сæ уарзон горæтмæ, сæ цæрæнбынатмæ. Æлбеджыфырты ныхасæй ма æрхæсдзынæн æрмæстдæр иу скъуыддзаг: «Ихуард кæд æмæ кæд уыдис, фæлæ ма ныр дæр ахæм хæдзæрттæ ис, æмæ цæрджытæ сæ бацæуæнтæ нæма ныммарзтой».

БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here