Беслæны 9-æм скъолайы скодтой скъолатæ æмæ ахуырадон организациты разамонджыты уæрæхгонд æмбырд.
Ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алыбегты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй разы у разамонджыты куыстæй, ахуыры азыл цæттæйæ кæй сæмбæлдысты, уымæй. «Хъуамæ ацы ахаст бахъахъхъæнæм, ахуырады хъуыддаг куыд арæзт у, уымæ лæмбынæг цæст дарын хъæуы», – загъта регионалон ведомствæйы разамонæг.
Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй сæйрагдæр хæс у уроктæм цæст дарын, директор хъуамæ уына, ахуырад куыд æххæст кæнынц ахуыргæнджытæ, уый. «Урокы рæстæгæй куыд пайда кæны ахуыргæнæг, цас ахадгæ, цавæр зындзинæдтимæ æмбæлынц ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзауты уыдæттæ зонын хъæуы», – бафæдзæхста Алыбегты Эллæ.
Æргом аздæхтой, урокты рæстæгæй алыхуызон хъуыддæгтæн куыд нæ пайда кæной, уымæ дæр. Урок хæлд нæ цæуы конкурсты, æмбырдты, акциты, репетициты, æндæр ахæм нысантыл. Алцæмæн дæр лæвæрд уыдзæн хицæн рæстæг æмæ дзы пайда кæнын хъæуы.
Урокты æдде цы куыст цæуы, фæсурокты къордты архайды, профилон кълæсты рæзты, уæлæмхасæн ахуырады, профессионалон здæхты фарстатæ дæр лæмбынæг равзæрстой. Федералон закъонæвæрынады æмæ æххæстгæнæн фæткы домæнтæм дæр æргом аздæхтой. Кæмæ цы хæстæ хауы, уыдонмæ хъуамæ уой къæрцхъус, æмгъуыдтæ нымад цæуой, скъолаты разамонджытæ æппæт хъуыддæгтæн хъуамæ уой бæрнон.
Æмбырды кæрон разамонджытæн радттой комкоммæ хæстæ. Алыбегты Эллæ куыд загъта, афтæмæй скъола хъуамæ баззайа, хæрзхъæд зонындзинæдтæ кæм дæттынц, ахæм бынатæй. Уыцы хъуыддæгтæн комкоммæ дзуапп дæтты скъолайы разамонæг.
Ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæ














